Ацы аз 1-æм майы 90 азы сæххæст зынгæ ирон фыссæг Козаты Исидоры райгуырдыл. Æмæ куыд æрвылхатт, афтæ та ныр дæр нæ горæты Æвзæнгты республикон библиотекæйы кусджытæ нæ ахызтысты ацы нысаниуæгджын цауы иувæрсты æмæ сæ директор Тъотъоты Ленæйы сæргълæудæй курдиатджын поэты номыл бацæттæ кодтой сæрмагонд къуым.

Сæрдыгон улæфтытæ кæй сты, уымæ гæсгæ библиотекæйы æвзонг чиныгкæсджыты нымæц бæрæг фæфылдæр. Иннæ ахæм сæрдыгон улæфтыты рæстæджы Цхинвалмæ æрцæуынц æндæр горæтты чи цæры кæнæ ахуыр кæны, ахæмтæ дæр. Ацы бонты Æвзæнгты библиотекæмæ бахизгæйæ Козаты Исидоры цытæн цы къуым арæзт æрцыд, уый раз баййæфтон æвзонг чиныгкæсджыты иу къорды. Уыдонæн библиотекæйы кусджытæ лæмбынæг радзырдтой курдиатджын фыссæджы цардвæндаг æмæ сфæлдыстады тыххæй.

Сæрмагонд къуымы къулыл конд æрцыдысты поэты нывтæ, цитатæтæ йе ‘мдзæвгæтæ æмæ уацмыстæй,  йæ номыл йе ‘мсисонты фыст уацмыстæй  скъуыддзæгтæ, сæ бынмæ стъолыл та æвæрд æрцыдысты фыссæджы чингуытæ.

Козаты Исидор райгуырд 1929 азы 1-æм майы Знауыры районы Хъорнисы хъæуы. 1947 азы каст фæцис Хъорнисы астæуккаг скъола, стæй та Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институт.

Козаты Исидор куыста бирæ бæрнон бынæтты. Уыд Хуссар Ирыстоны Облæххæсткомы телеуынынад æмæ радиоалæвæрдтыты комитеты сæйраг редактор. Дыууæ хатты æвзæрст æрцыд Советон Гуырдзыстоны Фысджыты цæдисы Хуссар Ирыстоны хайады бæрнон нымæрдарæй. 1975 азы нысан æрцыд газет «Советон Ирыстон»-ы редакцийы культурæйы хайады сæргълæууæгæй. Козаты Исидор сфæлдыстадон фæсивæдæн уыд куырыхон зондамонæг, хистæртæн  æрдхорд æмбал. Ацы рæнхъыты автормæ дæр æрхауд Исидоры хуызæн уæздан æмæ хæларзæрдæ адæймæгтимæ бакусыны амонд. Цæрæнбонтæм æй нæ зæрдыл бадардтам, куыд иттæг хорз адæймаг, афтæ. Йе ‘мкусджытæй никуы никæйы хъыджы бацыд, æгæрыс-тæмæй дзыхы ныхасæй дæр. Редакцийы коллективæй алкæмæн дæр  уыд æввахс адæймаг.  1986 азы Майрæмыкуадзæны мæйы 15-æм бон нæм Мæскуыйæ йæ мæлæты хабар куы æрыхъуыст, уæд иууылдæр зæрдæдзæфтæ фестæм. Цас ын бантыстаид сфæлдисын, куы ма ацардаид, уæд.

Исидоры дзыхæй гуымир ныхас никуы ничи фехъуыста, никуы дæр искæйы фæсфæдæй бафхæрдта.

Поэт йæхи фæндонмæ гæсгæ ныгæд æрцыд йæ райгуырæн хъæу Хъорнисы. Йæ амæлæты размæ Мæскуыйы рынчындоны хуысгæйæ фыста: «Цæссыгимæ цæуын. Æз цардмæ дæр цæссыгтимæ фæзындтæн… Фæлæ нæ кæнын ницæуыл фæсмон, Хъæрзынтæ æмæ хъаст кæнын нæ уарзын. Фæстæмæ та нæ Ирыстон – хæстхъом, – Фыдыуæзæг æгуыдзæгæй нæ уадзын…»

Козаты Исидор ирон поэзимæ фыццаг зынгæ къахдзæф сарæзта йæ поэтикон æмбырдгонд «Арвæрттывд»-æй (1960 азы), уый фæстæ та  кадджыты чиныг «Хæхты фæдисон» (1963 азы), «Цин æмæ сагъæстæ»-йæ (1966 аз). Козаты Исидоры сфæлдыстад тынг хъæздыг у. Уый иу æмдзæвгæйæ иннæмæ хызт, куыд Ирыстоны иу бæрзæндæй иннæмæ, афтæ. Йе ‘мдзæвæгты æвдыст цæуы йæ радтæг Ирыстоны  æнæкæрон уарзтæй кæй уарзта, равдыста сæ, æцæг цард æрмæстдæр Райгуырæн уæзæгыл кæй ис, уый.

«Исидор у ахæм! Уый цард уыны æмæ æвдисы йæхирдыгонау, ис ын йæхи «Æз», æмæ йæ уадзы джипы. Раппæлинаг у, Исидорæн йæ хъайтартæ æрвылахтт дæр кæй вæй-йынц цардбæллон, ныфсхаст, хъаруджын», – фыссы Исидоры æввахсдæр хæлæрттæй сæ иу, зынгæ ирон фыссæг Хъазиты Мелитон.

Исидоры хуызæттæ никуы амæлынц, ахæмтæ цæргæйæ баззайынц адæмы зæрдæты  сæ диссаджы удысконд æмæ диссаджы сфæлдисгæ уацмыстæм гæсгæ… Ууыл дзурæг у, æвзæнгты библиотекæйы йын сæрмагонд къуым кæй байгом, уый дæр.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.