Ӕрыдоны доны рахис фарс Хъæдгæрон, Суадаг æмæ Пысылмонхъæуы астæу тыгъд быдыры ис рагон замантæй баззайæг къох. Зайы дзы алыгъуызон бæлӕсты мыггæгтæ. Уый хонынц Хетæджы къох. Уыцы къохы æмæ йæ аудæг Хетæджы Уастырджийы номыл фæкæнынц куывдтæ.

Уый у, ирæттæм тынг кадджын чи у, быдырбæсты уыцы рагондæр кувæндæттæй. Къох Хуыцауы комытæфдзыд кæй у, ууыл баууæндыдысты, сæ фыдæлтæ-иу уый тыххæй цы диссæгтæ дзырдтой, уымæ гæсгæ. Дзурынц, зæгъгæ-иу фыдæлты рæстæг стæм хаттæй фæстæмæ алы хсæв дæр, Хетæджы къохæй арвы хсæн слæууыди рухс цæджындз, ома, къохыл æмæ Хетæгыл аудæг Уастырджи йæхæдæг уыцы ‘хсæв къохмæ æрхызти. Уымæ гæсгæ ирæттæ афтæ фæкувынц:” Хетæджы Уастырджи, баххуыс нын кæн!”

Раджы заман ам уыди, æвæццæгæн, сæрды куыстытæй кæцыдæртимæ баст кувæндон. Уый уыди чырыстон дины размæ. Ӕндæр ацы бæрæгбон нæ хауид сæрды хурхæтæнимæ баст бæрæгбонтæм. Уастырджийы ном дæр æмæ хъæбатыр Хетæджы фервæзты таурæгъ дæр уыцы кувæндонимæ баст æрцыдысты фæстæдæр, астæуккаг æнусты. Куыд зонæм, афтæмæй йæ марынмæ агуырдтой, йе ‘фсымæрты сусæгæй чырыстон дин кæй райста, уый тыххæй. Хетæджы  тыххæй нæм фыдæлтæй цы таурæгъ баззад уый дардыл у, стæй йæ ныры дуджы ирæттæй алчи дæр фехъуыстаид æмæ йæ кой нал ракæндзыстæм.

Ирæттæ табу кæнынц къохæн, Уастырджийы сфæлдыст кæй у, уый тыххæй, бакувынц æм æмæ дзы курынц цæмæй сыл ауда, зын сахат Хетæджы фыдбылызæй куыд бахызта, афтæ уыдоны дæр хиза фыдбылызтæй.

Лæгтыдзуары кувæндонмæ Фыдыбæстæйы хæсты агъоммæ, сылгоймаг никуы цыд, нæ фæтчиагыл нымад уыд. Фæлæ хæс-ты рæстæджы Ирыстоны бирæ хæдзæрттæй нæлгоймаг рацæуæг нал баззад, иууылдæр уыдысты хæсты быдыры. Уæд ирон мад сфæнд кодта Лæгтыдзуары кувæндонмæ цæуын, йæ бæлццæттæн уым табу кæнын, хъæды бæрзондмæ ныллæгæй бакувын, йæ зонгуытыл лæу-гæйæ, цæмæй Ирыстон æнæда-рæгæй, усбындарæй ма баззайа.

Зæрæдтæ куыд дзурынц, аф-тæмæй раздæр уыцы кувæндонмæ ирон адæм дæрддзæфгомау сæ дзабыртæ раласгæйæ цыдысты бæгъæмвадæй табугæнгæ. Уый сæ дзуары фæтк уыд нæ фыдæлтæн.  Ӕнæуаг ныхас, æнæуаг ми никуы уыд ацы уаз ран, æрмæстдæр – кувгæ, заргæ, хъæлдзæгдзинад.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.