Авд Дзуары

Кæддæр нæ рагфыдæлтæ Алантæ дæр табу кодтой Авд Дзуарæн. Авд Дзуары ирон мифологийы нысан кæнынц, куыд иу дзуар, афтæ, фæлæ сæрысуангæй «Авд дзуар»-мæ хауынц Æфсати, Донбеттыр, Реком, Фæлвæра, Уастырджи, Уацилла æмæ Тутыр. Æрмæст ацы ранымады куыдфæстагмæ фæзынд ивындзинæдтæ. Зæгъæм, Хуссар Ирыстоны Авд Дзуары ранымады Иры иумæйаг дзуæртты уæлдай æмбæлæм хицæн хъæуты æмæ мыггæгты дзуæрттыл дæр: Уацилла, Таранджелоз, Нары бардуаг, Хисты дзуар, Хъуды Майрæм, Цыргъы дзуар. Багаты хъæу Сæридтаты Авд дзуармæ хауынц: Рагъы дзуар, Сагъраты дзуар, Батлон, Хъугомы дзуар, Хуссары дзуар, Майрæмы дзуар, Тибы дзуар. Авд Дзуарæн иумæйаг, ома сæрмагонд кувæндæттæ ис Гæлиаты, Захъайы, Ерманы.

Ирон адæмы рагон уырнындзинадмæ гæсгæ Авд Дзуары цæры уæларвы, хаттæй-хатт æрхизы зæххмæ стыр базырджын маргъы хуызы. Авд Дзуарæй дæтгæ сты хорæрзад, бирæ фос, низтæй бахизын, уыдоны къухы ис адæмы фарн дæр.

Кодзырты Таймуразы зарæг

Ирон адæмон зарджытæй иууыл рагондæр чи у, уыдонмæ хауы Кодзырты Таймуразы зарæг дæр. Таймураз уыдис цуанон лæг, фæлæ иу афон ард бахордта, цуаны кæй никуыуал ацæудзæн, уый тыххæй. Уæд дын уыцы ардбахæрдæй авд азы фæстæ иу зымæгон æхсæв йæ мадмæ хуыссæнуатæй куы бадзурид:

– Дзыцца, мæ фыны мæм æрбадзырдæуыд, Хуыцау дын кад æмæ намыс дæттынмæ хъавы, зæгъгæ… Æрхы сæрмæ залмы сыфтыл æстдæсион саг хизы. Хъуамæ йæм фæцæуон æмæ мын хæринаг ацæттæ кæн.

Мад æй къуылымпы кодта, фæлæ йæм нæ байхъуыста. Йæ хъримаг йе фцæджы бафтыдта, хæссынæн рог, хæрынæн – адджын хæринæгтæ ахаста, афтæмæй араст цуаны.

Саджы куы фехста, уæд ын цæфæй Арвыкомы рдæм алыгъд. Таймураз йæ фæдыл араст. Саг доны был фæрвыты бын ахауд. Таймураз саджы аргæвста æмæ физонджытæ кæнын куыд райдыдта, афтæ йæ уæлхъус фараст мæхъæлон барæджы алæууыдысты. Таймураз сæ хынцынмæ хъавыд саджы фыды физонæгæй, фæлæ уыдон йемæ хæцынтæ систой. Таймураз дзы иуæндæс амардта, стæй йæ топп ногæй сифтыгъта æмæ дыууадæсæммæ дзуры:

– Дæ фаг тых ма мæм ис, фæлæ хъаймæты мæ быны фæсæй, ды ацы хъуыддæгтæ куынæ фæдзурай, саухъус хъулгъа, кад чи нæ зоны, уый!

… Кодзыртæ сæ лæджы агурын райдыдтой, фæлæ йын йæ мард дæр нал ссардтой. Æмæ йыл дæлимонтæ зарæг скодтой:

Нанайы хъисын цереччы згъæр басгуыхтис,

Кард дæр æй нæ кæрды, топп дæр дзы нæ хизы.

Гъей, Кодзыртæ, мæнæ Фæрвы Донгуырæны

Стыр саджил фæрв бæласы бын

Къæцæлтæ æмæ хæмпæлты бын Таймуразы мард.

Дзыцца, цин дæр ыл ма бакæн, хъыг дæр ыл ма бакæн,

Таймураз дын сæрджын саг амардта.

Иу афон хорхæсджытæ фæндаджы был æрæхсæвиуат кодтой. Таймуразы кæй нал арынц, уый зыдтой. Уалынмæ хъусынц зарæг, зард-иу фæуынмæ куы хъавыди, уæд-иу загътой, ацы зарæг скодтой дæлимонтæ…

Анахарсисы куырыхон ныхæстæй

«Фынгыл фыццаг æртæ агуывзæйы сты: æхцондзинады агуывзæ, расыджы агуывзæ æмæ æгадгæнæг агуывзæ».

«Диссаг у, эллинæгтæ бадты райдианы нуазын райдайынц чысыл агуывзæтæй, дзаггуыбынтæй та – стыр кæхцытæй».

Сæн баназыны фæстæ йæ цы лæппу бафхæрдта, уымæн загъта: «Лæппу, кæд дæуæн æвзонгæй дæ бон сæн хæссын нæу, уæд дæ зæрондæй бахъæудзæн дон хæссын».

«Диссаг у, ацы эллинтæ закъæттæ уадзынц дæрзæг ахасты ныхмæ, сæ тыхæвзарджытæн та хорзæхтæ дæттынц, кæрæдзи кæй дæрæн кæнынц, уый тыххæй».

«Сой у æррайы хос, уымæн æмæ хъæбысæйхæцджытæ сæхи сойæ куы байсæрдынц, уæд сæхи кæрæдзийыл андадзынц æрратау».

Цоггаг

Уый у рагон ирон бæрæгбон, кæцы баст у нæлбындаримæ. Лæппуйыл-иу æртæ азы куы сæххæст, ома, куыддæр-иу цæуынхъом фæцис, афтæ-иу ын  Куадзæны цыппæрæмы скодтой бæрæгбон. Уыцы бæрæгбон хуыдтой Цоггаг. Сцæттæ-иу ын кодтой уæлæдарæс: хæдбынтæ, куырæт, цухъа, ирон рон, хъама, худ. Йæ номæвæрæг та-иу ын балæвар кодта фат æмæ æрдын. Фынг-иу куы сцæттæ, хъæубæстæ, хиуæттæ-иу куы скуывтой, уæд-иу лæппуйы йæ номæвæрæгимæ акодтой хæстæгдæр дзуармæ. Уым-иу ын æртæ чъири, æртæ физонæг æмæ бæгæныйы кæхцæй скуывтой. Дзуарыл-иу æй куы бафæдзæхстой, уæд-иу ын йæ фат кувæндоны къулыл бафидар кодтой.

Æмбисонды æмбисæндтæ

*Фæстаг хуымæн йæ адæг йæ цуры зайы

*Цы нымæт цæгъдай, уый хъуынджындæр кæны

*Хъуыддаг хæрæг у, лæг та – лæдзæг

*Лалымы цы ныккæнай, æрмæст дзы уый ракæлдзæн

*Сæрд халамæрзæн у, зымæг – фыййаг

*Фæззæг мæгуыры дарæг, æвзæрæн – удхæссæг

*Цуанцæуæн бон топп ничи сыгъдæг кæны

*Хорз цуанон иу æхсæвиуатæн дæр халагъуд аразы

*Хорз куырой алы хор не ссы

*Сæрд цы бакусы, уый зымæг бахæры

*Зæрондæй цы æркæрдай, уый æвзонгæй байтауын хъæуы

Хъæлдзæг хабæрттæ

ЛÆДЖЫ БЫНТÆ

Иу лæг йæ бынтæ йæ усыл ныффыста. Цасдæр рæстæджы фæстæ лæгы дон аласта. Идæдз усæн йæ сыхаг афтæ зæгъы:

– Дæ мой афтæ дардмæуынаг æмæ æрхъуыдыджын кæй уыд, уый стыр амонд у. Афтæмæй кæсын æмæ фыссын дæр нæ зыдта.

– Хуыцауæн бузныг, æмæ ленк кæнын дæр кæй нæ зыдта, – загъта идæдз ус.

ÆХСÆВЫ КЪÆРНЫХ

Иу хуыснæг æмбисæхсæв мæгуыр фæсхохаджы хæдзармæ бахъуызыд. Хæдзары хицау æй базыдта æмæ йæм дзуры:

– Уæ, куыдзы туг дыл ныууара, ам цы агурыс? Æз дзы боныгон куы ницы арын, уæд дзы ды æхсæвыгон цы ссарынмæ хъавыс?..

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.