КЪОСТАЙЫ «ÆРДЗОН ХИД» ÆМÆ ХЪÆДÆРГЪÆВÆНЫ «АУЫГЪД ДУР»

Хетæгкаты Къостайы конд ныв «Æрдзон хид» алчи дæр зоны. Фæлæ алчи нæ зоны, ацы ныв нывгæнæджы æрымысгæ кæй нæу, фæлæ æцæгæй кæй ис ахæм дур Куырттаты комы, дыууæ бæрзонд хохы ‘хсæн хæххон цæугæдоны сæрмæ. Ничи йæ зоны, кæдæй нырмæ лæууы ацы дур дыууæ хохы фахсмæ фидар быцæу лæудæй, цал æнусы цæуы йæ бынты Фыййагдон фынккалгæ, фæлæ дуры тыххæй цы легендæ баззад, уымæ гæсгæ у тынг рагон.

КЪОСТАЙЫ «ÆРДЗОН ХИД» ÆМÆ ХЪÆДÆРГЪÆВÆНЫ «АУЫГЪД ДУР»

Легендæ куыд зæгъы, афтæмæй ма кæддæр хæхтæ змæлгæ куы кодтой, уыцы рæстæджы кæрæдзимæ фæбыцæу сты æмæ сын бацайдагъ карз тох. Уыцы хæхтæй кæрæдзимæ иууыл æввахсдæр уыдысты, Фыййагдоны фæйнæ фарс цы дыууæ бæрзонд хохы ис, уыдон. Адæм фæтарстысты, дыууæ хохы кæрæдзимæ бынтон æввахс куы бацæуой æмæ абухгæ цæугæдоны фæндаг куы æрыхгæной, стæй сæ тох куы ныууадзой æмæ фæстæмæ сæ бынæттæ куы бацахсой, уæд дон уыцы иу ивылд куы ракæна æмæ сæ куы фæласа. Æмæ Хуыцауæн ныллæгъзтæ кодтой, цæмæй сæ фервæзын кæна ахæм æнамонддзинадæй. Хуыцаумæ фехъуыст сæ лæгъзтæ æмæ сын баххуыс кодта. Дыууæ хохы ‘хсæн æрæппæрста стыр дур, цæмæй хæхтæ кæрæдзимæ уымæй æввахсдæр ма бацæуой, æмæ абухгæ цæугæдоны фæндаг ма æрæхгæной.

Уыцы дуры абон дæр нымайынц табуйаг дурыл, хонынц æй Ауыгъд дур. Дызæрдыггаг нæу, Къоста йæ зындгонд куыст «Æрдзон хид» кæй скодта, ацы дурмæ гæсгæ, кæд ын уый æндæр хæххон доны сæрты ахизыны фæрæзы  нысаниуæг радта, уæддæр.

Лæджы цæрæнбон

Хуыцау цæрыны азтæ дих кæнын куы райдыдта, уæд адæймагæн стæрхон кодта æрмæстдæр дæс æмæ ссæдз азы цæрæнбон. Адæймаг бахъуыр-хъуыр кодта, ома, куыд цъус цæрæнбон мын дæттыс, зæгъгæ…

Хæрæгæн дæр стæрхон кодта дæс æмæ ссæдз азы. Хæрæг та бахъуыр-хъуыр кодта, ома, хæрæджы цардæй цæргæйæ мæ уый бæрц азтæ цæмæн бахъуы-дысты…

Адæймаг фæрæвдз æмæ хæрæгæн афтæ зæгъы: «Дæ уæлдай азтæ мæнæн радт». Хæрæг ын йæ царды бонтæй ссæдз азы радта.

Хуыцау куыдзæн та радта дæс æмæ дыууиссæдз азы цæрæнбон. Куыдз хæрæгæй ноджы тынгдæр смæсты, куыдзы цардæй цæргæйæ мæ цæмæн бахъуыд уый бæрц цæрæнбонтæ, зæгъгæ.

Уæд та адæймаг фæрæвдз æмæ куыдзæн дæр ракуырдта йæ уæлдай азтæй. Куыдз ын йæ цæрæнбонтæй радта дæс æмæ ссæдз азы.

Афтæмæй адæймаг адæймаджы цардæй цæры дæс æмæ ссæдз азы, уыцы карæй фæстæмæ дæс азы дæргъы цæры хæрæджы цардæй, хæрæгау, уæззау куыст кæнгæйæ, стæй йæ бон куы нал вæййы, куы æрхауы, уæд та фæцæры æнæбон куыдзы цардæй…

Цы ‘мбæлы æмæ цы не ‘мбæлы ирон фынгыл:

* Фынджы уæлхъус тамако ма сдым, æгæр хъæрæй ма дзур, хъæлæсыдзаг ма худ;

* фынгæй гæдытæн, куыйтæн æмæ æндæр фосæн мацы дæтт;

* карды фындз æмæ къухы саггомæй хойрагмæ ма ‘внал, нæ фæтчы;

* дæ ныхасæн бæрц æмæ уаг зон, цыбыр ныхас кæн, æнæфсарм дзыхы уагæй ма дзур;

*  фынджы фарнæй æмæ кувæндонæй, хатыр нæ ракургæйæ, калм, куыдз, хуы, хæйрæг æмæ хæрæджы кой ма скæн;

* нозт тыххъард макæмæн кæн, уый æнæгъдаудзинад у;

* бадты хистæр дæм куы дзура, уæд дæ хæрын фæуадз, слæуу æмæ йæм лæмбынæг байхъус, цы зæгъы, уый æнæ уæлдай ныхасæй бакæн;

* бадты хистæр дын уайдзæф куы бакæна, уæд  цыфæнды карз куы уа, уæддæр хистæрмæ фæстæмæ ма сдзур;

* бадты хистæр дæ фынгæй тæргæ куы кæна, уæддæр сыст æмæ ацу, раст у, нæу, уый адæм равзардзысты, ды дæхи ма раст кæн;

* исчи дын фынгмæ хай куы бахæсса, уæд ын лæугæйæ арфæ ракæн: «Хуыцауы хорздзинæдтæй хайджын у! Адджын цард фæкæн! Буц мæ кæныс æмæ дæ мæ бæсты Хуыцау бабуц кæнæд!». Стæй дæ хай рахис къухæй райс æмæ дзы фыццаг дæ фарсмæ бадджытæн фæхай кæн, стæй дзы дæхæдæг дæр скомдзаг кæн;

* бадты искæй кардæй куы архайай, уæд ын æй фæстæмæ æд «карды хай» (хойраг кæнæ фыдызгъæлы карст) радт.

Адæм хæхтæй дæлвæзтæм куыд æрлыгъдысты

Адæм кæддæр цардысты хæхты сæрыл, иннæ дуне иууылдæр уыдис денджыз. Æрджынарæг (ком Ирыстоны) куы атыдта, уæд дон гыццылгай цæуын райдыдта. Уæлладжыры комы (Алагиры) иу зæронд лæг царди йæ фырты фыртимæ. Иу бон æм лæппу бацыд æмæ йын афтæ зæгъы:

– Дада, абон фос куы хызтон, уæд нæ нæл сæгъæн йæ боцъо цыдæр змæлын кодта, цымæ уый цавæр диссаг уыдаид?

Зæронд лæг ын дзуапп радта:

– Уый дымгæ у, кæцы ныры онг ам никуы уыди. Æвæццæгæн, ам цæрынæн нал бæззы…

Æмæ адæм хæхтæй дæлæмæ, дæлвæзтæм æрцыдысты цæрынмæ.

Хъæлдзæг хабæрттæ

ÆХХОРМАГ УАЗÆГ

Дзимыры иу хæдзармæ бафтыд дард фæсхохаг лæг æххормаг æмæ фæлладæй. Хæдзары æфсин ыл баузæлыд, æрбадын æй кодта, фæлæ уазæджы размæ ницы хæссы. Æрæджиау дзуры йæ фæллад уазæгæн:

– Æз ссинаг арæвдз кæнон, куыроймæ йæ ныддавон, æрыссон æй æмæ кæрдзынтæ скæнон, кæннод нæм кæрдзынконд нæй.

Æххормаг уазæг бады æмæ хъуыдытæ кæны, йæхимидæг цыдæртæ нымайы… Æрæджиау йæ сæрыл схæцыд æмæ æфсинæн афтæ зæгъы:

– Нæ, мæ къона, ды цалынмæ ссинаг арæвдз кæнай, цалынмæ йæ куыроймæ хæссай, цалынмæ йæ æрыссай, цалынмæ йæ æрбахæссай, цалынмæ дзы хыссæ скæнай, цалынмæ дзы кæрдзынтæ сфыцай, уæдмæ уал æз нæхимæ ныууайон æмæ исты ацаходон, науæд ме знаджы уд æххормагæй схаудзæн.

Уыйадыл уазæг сыстад æмæ йæ фæндаг бацагуырдта.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.