Кæддæр нæ рагфыдæлтæм уыдис ахæм æнахуыр тыхджын энерги æмæ сæ куывдæй къæвда æруарын кодтаиккой кæнæ асæст бон хур ракæсын кодтаиккой. Сæ бон уыд æмæ адæй-маджы къах кæдæм не ‘фтыд, ахæм бæрзæндыл стыр дуртæй амад гæнах фестын кодтаиккой. Арæх фидæрттæ æмæ мæсгуытæ амадтой ахæм æнахуыр стыр дуртæй, кæцытæн сæ кой дæр нæ уыд уыцы бæстыл. Уæдæ сæ куыд æмæ цæмæй амадтой? Ирон адæмон дзыхæйдзургæ сфæлдыстады, адæм ма зæдты æмсæр куы уыдысты, уыцы заманæй баззад ахæм таурæгъ, адæм-иу кæй æрæмбырд сты бæлвырд бынатмæ, куыд-иу скуывтой æмæ-иу развæлгъау снысангонд бæрзæндыл гæнах амайын куыд райдыдтой. Цы дуртæй сæ амадтой, уыдоны хуыдтой «хонгæ дуртæ», бынæттон кæй нæ уыдысты, уымæ гæсгæ. Чизоны хъуыдыйы тых æмæ хъаруйы фæрцы æфтыд сæ къухы ахæм архитектурон арæзтадтæ аразын, кæцытæй бирæтæн абон сæ кой дæр нал ис. Ирыстоны зæххыл ма цы рагон дурæй арæзтæдтæ ис, уыдонæн сæ арæзтады сусæгдзинæдтæ хæстæг лæууынц Мысыры бæстæйы пирамидæты арæзтадмæ.

Авд Дзуары   

Сæ рæстæджы алантæ – Иры рагфыдæлтæ дæр кæмæ табу кодтой, ирон мифологийы уыцы æппæты рагондæр дзуæрттæ æмæ дауджытæм хауы, иу дзуары ном чи хæссы, фæлæ нымæц «авд» кæм хъуысы, ахæм дзуар – Авд Дзуары. Авд Дзуармæ хауынц, ирон адæм фылдæр кæмæ куывтой, уыцы авд дзуар æмæ дуагы: Æфсати, Донбеттыр, Реком, Фæлвæра, Уастырджи, Уацилла, Тутыр.

Авд дзуары ранымады сæмбæлæн ис æндæр нæмттыл дæр. Хуссар Ирыстоны Авд Дзуармæ ахастой, куыд Иры иумиаг дзуæртты, афтæ бынæттон, ома, хъæубæсты дзуæртты дæр: Аларды, Уацилла, Таранджелоз, Нары бардуаг, Хисты дзуар, Хъуды Майрæм, Цыргъы дзуар.

Ирон адæмы рагон уырнынадмæ гæсгæ Авд Дзуары цæры уæларвы, хаттæй-хатт æрхизы зæхмæ дæр, æрмæст уæларвон цæрæджы хуызы нæ, фæлæ стыр базыртæ кæмæн ис, æмæ тынг чи рухс кæны, ахæм маргъы хуызы.

Авд Дзуарæй аразгæ сты хорæрзад, бирæ фос, низтæй хызт уæвын, уыдоны къухы ис адæмы фарн дæр. Авд Дзуары номыл ис, куыд хъæубæстæн иумæйаг, афтæ хицæн мыггæгты кувæндæттæ дæр: Гæлиаты авд дзуары, Цуриаты авд дзуары, Ерманы авд дзуары…

Æвгъæды дзыккутæ

Сывæллоны-иу æвгъæды фæстæ цалынмæ йæ хæдзармæ не ‘рбахастой, уæдмæ йын йæ сæрыхъуынтæ не ‘лвыдтой. Бинонтæ-иу архайдтой, цæмæй сæ сывæллонæн йæ дзыккутæ тагъддæр æрцæуой æлвыд: афтæ нымадтой, цыма дзыккутæм æвзæр цæст æмхиц у æмæ сæ цас – раздæр фервæзой, уыййас – хуыздæр…. Æвгъæды дзыккутæ æппарын нæ фæтччыд. Адæммæ афтæ каст, цыма фыдзæрдæ адæймаджы къухмæ куы бахауой, уæд сыл бæрæг магион архайды фæрцы скæнæн уыдзæн хинтæ æмæ афтæмæй сывæллоныл дæр æмæ бинонтыл дæр бафтаудзысты фыднизтæ. Уымæ гæсгæ сывæллоны фыццаг æлвыд сæрыхъуынты æфснайдæй дардтой авдæны. Кæд-иу сывæллон чызг уыд, уæд-иу ын йæ фыццаг æлвыд дзыкъутæ баппæрстой цæугæдоны, цæмæй йæ дзыккутæ даргъдæр æмæ рæсугъддæр уой. Доны баппарыны размæ-иу сын хъуамæ баарфæтæ кæнын кодтаиккой, хъæубæсты зæрдæхæлардæрыл нымад чи уыдаид, ахæм сылгоймагæн.

Алæмæты гарз

Раджы заманты кæддæр Зруггомы Поты хъæуы Козаты бинонтæн уыдис алæмæты къæбиц, хуыдтой йæ «Пойы къæбиц». Уым æртæ дуарæхгæдæй æфснайд уыд уæлейæ исгæ бынæй ахадгæ бæгæныйæ йедзаг гарз. Уыдис ын йæхи сæрмагонд æвгæнæн. Къæбицы дæгъæлтæ уыдысты хæдзары æфсинмæ, уый йедтæмæ бар никæмæн уыд къæбицы къæсæрæй мидæмæ бахизынæн. Цасфæнды-иу ма сæвгæдтаид бæгæныйæ æфсин, уæддæр та-иу ногæй байдзаг.

Иу хосгæрдæны, хæдзары нæлгоймæгтæ æфцæгыл хос кæрдынмæ куы уыдысты, ахæм рæстæджы сæм се сиахс уазæгуаты æрцыд Нары хъæуæй йæ хæларимæ. Æфсин сын сæ разы фынг авæрдта æмæ йæхæдæг куыроймæ ацыд. Уазæджы зæрдæмæ тынг фæцыд бæгæны æмæ дзы æркуырдта ноджы. Сиахс хорз зыдта, къæбицы къæсæрæй æфсины йедтæмæ бахизыны бар кæй никæмæн ис, фæлæ йæ сæрмæ не схаста уый йæ нозтджын æмбалæн зæгъын. Райста дæгъæлтæ æмæ райдыдта кæнын къæбицы дуæрттæ. Куыддæр бæгæныйы гарзæн йæ сæр байгом кодта æмæ дзы æвгæнæнæй сисынвæнд скодта, афтæ бæгæны æрбайсыст. Къæбиц саудалынг ныццис.Сиахс ма бæргæ архайдта фæстæмæ рахизыныл, фæлæ уый йæ къухы нал æфтыд. Уыцы рæстæджы фæзынд æфсин. Куы базыдта, се сиахс тобæгонд къæбицы къæсæрæй бахызт, уæд йæхи баппæрста бæгæныйы гарзмæ. Афтидæй йæ куы федта, уæд ныдзынæзта. Сиахс фæтарст æмæ лыгъд радта сæхимæ. Фæлæ йыл фæндагыл амбæлдысты Козаты хосдзæуттæ æмæ йæ фырнадæй амардтой.

Ирон æмбисæндтæ куысты тыххæй

*Куыст æмармæй фидауы

*Куыст мард у, лæг – æгас

*Дзæгъæл бадтæй дзæгъæл куыст хуыздæр у

*Къух – æвналынæн, сæр – æмбарынæн

*Кæд дзул хæрын уарзыс, уæд гутоныл хæцын дæр уарз

*Куыстæн йæ сæр – сындз, йæ бын – сой

*Дæ фындзы хъæлæй дæ хид куынæ æртæдза, уæд адджынæн æхсæвæр никуы бахæрдзынæ

*Æхст æмæ нæмыгыл чи ауæрды, ахæм цуанон саг никуы амардзæн

*Уæззау хъуыддаг рæуæг дзырдтæй нæ рæзы

*Иу гæппæй асины сæрмæ ничи хауы

*Фæззæг зæрдæуынгæгæй бакус æмæ уалдзæг дæ зæрдæ рухс уа.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.