Арагуийы цæугæдонæй – «Джедо»-мæ

Ирыстонмæ экспедицион балцы æппæты фыццаг цы фæсарæйнæгтæ æрцыд, уыдонæй иу уыд зындгонд ахуыргонд Иоганн Гюльденштедт. Уый Кавказы фæцис фондз азы (1769-1774).  Йæ уыцы балцы рæстæджы цалдæр хатты бабæрæг кодта Ирыстон æмæ Гуырдзыстоны хицæн районты. Гуырдзыстоны уæвгæйæ фембæлд Картлийы паддзах Иракли æмæ Имереты паддзах Соломонимæ. Цымыдисон у, зындгонд бæлццон Ирыстоны географион равæрд куыд ранывæста, уый:

«Бæстæ кæнæ провинци Ирыстон Теркæй Лескенмæ ахсы Кавказы бæрзонд хæхты иу хай, æмæ йæ хуссарварсы рдыгæй та  цæугæдæттæ Арагуи, Чысан, Чысыл Леуахи, Стыр Леуахи æмæ Джедойы (Æвæццæгæн Джоджора) фæйнæфæрсты». Æмæ дарддæр фыссы: «Ирыстон æрмæст Теркæй Лескены хсæн Сæйраг хохрагъы æнæхъæн цæгат хай нæ ахсы, фæлæ ма хайгай йæ хуссайраг фарс дæр Куары донмæ иугæнæг цæугæдæттæ Арагуи, Чысан, Стыр Леуахи æмæ Чысыл Леуахийы фæрсты æмæ Рионы донмæ иугæнæг Джедойы цæугæдоны фæйнæфарс». Æмæ куыд зæгъы, афтæмæй «Ирыстон йæ хуссар хайы рдыгæй æмарæн кæны Мидæггаг Гуырдзыстонимæ».

Уый дæр дзурæг у ууыл, Ирыстоны хуссар хай Гуырдзыстоны сконды кæй никуы уыд, кæй кодтой æрмæстдæр сыхагиуæг…

 

Дзуары хуым

Раджы заманы ирон адæм сæ иумæйаг бæрæгбонтæ æрмæст къусбары иумæйаг хойрагæй нæ арæзтой, фæлæ ма бирæ мыггæгтæн æмæ хицæн хъæутæн уыдис Дзуары хуымтæ дæр. Дзуары хуым нысан кодта, мыггаг кæнæ хъæубæстæ сæрмагондæй цы зæды хаймæ куывтой, уыцы зæды номыл рахицæнгонд зæххы хай. Уыцы зæххы хай куыстой иумæ мыггаджы, хъæубæсты нæлгоймæгтæ, сылгоймæгтæн нæ уыд дзуары хуымы кусыны бар.

Цы тыллæг-иу дзы æркодтой, уыцы тыллæг нымад цыдис æнæфæтджиагыл. Хардз æй кодтой æрмæстдæр мыггаджы, хъæубæсты зæды номыл иумæйаг куывды. Уыцы хуымы æрзайгæ хойрагæй гæнæн уыдис æрмæстдæр дзуары, зæды номыл чъиритæ скæнын, бæгæны дзы бахсидын, арахъ дзы рауадзын. Ахæм хуымтæ цы хъæутæн уыд, уыдон иннæ хъæуты æмæ комбæсты адæмы хсæн уыдысты уæлдай кадджындæр, дзырдтой-иу, искæйтау сæ къусбар рацу-бацу кæнын нæ хъæуы, зæгъгæ.

 

ЦÆЛЛАГТЫ МÆСЫГ

ЦÆЛЛАГТЫ МÆСЫГ

Ирыстоны цы рагон мæсгуытæ уыд, уыдонæн сæ фылдæрæй дуры цæндты йедтæмæ ницыуал ис. Ногæй сæ самайыныл, сæ кæддæры фидыц сын раздахыныл та хъуыды дæр ничиуал кæны. Æрмæстдæр Цæллагты мыггаг самадтой ногæй сæ фыдæлты мæсыг. Ацы мæсыг ис Уыналы хъæуы кæрон, Ирыстоны дыууæ хайы хсæн сæйраг фæндагмæ зыны армы тъæпæныл æвæрдау. Цæллагты мæсыг ногæй самайынæн ис стыр историон нысаниуæг. Ацы хъæуы бындурæвæрæг уыдис нымад хæдзарвæндагæй, фæлæ йæ бинонтæ хауæггаг фесты тæтæр-монголты ныббырсты рæстæджы. Бинонты хистæр фæмард хæсты, йæ бинонты та йын хъуамæ ныууагътаиккой æххормагæй, сæ царды фæрæзтæ сын байгæйæ. Æфсымæрты хистæр, йæ ном – Цæллаг, йæхи нал баурæдта æмæ тох самадта тыххæйисджыты ныхмæ. Уый фæстиуæгæн æфсымæрты бахъуыд хæхтæм фæлидзыны сæр, фæхицæнтæ сты кæрæдзйæ, æрбынат кодтой хицæн æмæ хицæн кæмтты.

Цæллаг æрбынат кодта бæрзонд хохы фахсыл рагон лæгæты, йæ алыварс ын самадта фидар гæнах. Цалдæр азы фæстæ, маст æм чи хаста, уыдонæй куы айрох, уæд сфæнд кодта цæрынмæ ныллæгдæр бынатмæ æрцæуын, хъæуы йæхицæн ссардта бинойнаг дæр. Сывæллæттæ сын куы фæзынд, уæд та сфæнд кодта ноджы бындæр, Æрыдоны цæугæдонмæ æввахс Уыналы хъæуы æрцæрын. Уыцы заманы ауылты цыдысты æрмæст сæудæджергæнджытæ нæ, фæлæ тыхгæнджытæ дæр, уымæ гæсгæ дзы зæхх уыд аслам, æмæ Цæллаг Цъамады хъæуккаг æлдарæй зæхх балхæдта бынтон асламæй, ахæм дзырдæй, мæсыг дзы кæй самайдзæн, æмæ, зæгъгæ, ахæм исты, уæд фыццаг цæф æруаддзæн йæхиуыл, цæмæй æлдар æвыдæй аирвæза…

 

Цы нæ фæтчы

*Дзуары бынæй, кувæн бынатæй, цыфæнды диныл хæст адæмы ма уа, уæддæр дзы исты радавын, дзаума, мысайнаг, зайæгой, мæр, дур кæнæ æндæр исты рахæссын кувæггаг æмæ фæдзæхсæнæй дарддæр. Дзуары бын цы кувæнгæрзтæ, дзаумæттæ æмæ æндæр исты уаздзинæдтæ ис, уыдон асæттын, басудзын, ныппырх кæнын.

*Хуыснæггаг, рынчын, хæдмæл, хуыснæггаг холлагæй хаст кæнæ хуыснæггаг æхцайæ æлхæд æмæ гæртамæй райст фосы фыд æмæ æндæр ахæм æнаккаг хæринæгтæй Хуыцау, зæдтæ æмæ дауджытæм кувын кæнæ мардæн хæлар кæнын, куырддым æмæ æнæсы фосæй нывонд кæнын кæнæ дзы куывды кусарт акæнын.

*Бæрæгбон æмæ бæрæгæхсæв, хуыцаубон æмæ хуыцауæхсæв (хурныгуылдæй-хурныгуылдмæ), кæд удхосæн нæ хъæуы, уæд, Хуыцауæй хатыр ракургæйæ дæр хæцæнгарзæй архайын, искæй маст бауадзын, æвзидын æм, къух æм сисын, æнæфсарм æмæ чъизи митæ кæнын, давын, сайын, мæнг ард бахæрын.

 

 

Ирон æмбисæндтæ-уайдзæфтæ

*Захъайы Зохъойау хæрнæг скодтай, Зæрæмæджы Зохъойау та дæ сины сæртыл ныххæцыдтæ.

*Куыдз хохмæ куыд кæса, уый каст цы кæныс?

*Хор-хор бæхау дæ сæрæй ма хъаз.

*Гуры фидар басæттæджы каст цы кæныс?

* Дæ фыр магусайæ уыры хордоны къуымы куы бада, уый бадт кæныс.

*Æнæбыд куыфы хъæлдым мыстæй уæлдай нæ дæ.

*Зазхæссæны бандонæй уæлдай нæ дæ, афтæмæй дæхицæй ныббуц дæ.

*Дæ фыр къуыдиппæй схъæлтæ-гуыбыртæ кæныс.

*Схъæл хæдзæй фидауы æрмæстдæр, лæгæй нæ фидауы.

*Хъал лæджы цыд цасфæнды кæн, уæддæр дыл дæ фадбарц комдзог рацæудзæн.

*Хохаг быдыры чъыллипп кæны, цалынмæ йæ фæстæмæ хохмæ цæуыны сæр бахъæуы, уæдмæ.

*Хуыцауы дæ фæстаг къахæй ма цæв, раззаг дæр дын асæтдзæн.

 

Хъæлдзæг хабæрттæ

ЧЪЫНДЫ ФЫСЫМЫ УАЗÆГ

Иу чъынды фысыммæ уазæг уыди. Æфсæрмæй йын фынг бæргæ æрæвæрдта, фæлæ уазæг хæрын куы райдайы, уæд та йæ фысым истæмæй афæрсы, цæмæй уазæг дзурынæн бахъæуа, æмæ фынгæй бирæ ма фæкайа. Уазæг дзургæ-дзурын ферхæцы, мæгуыр, йæ комдзаг йæ хъуыры фæцæйбады.

– Уæдæ ма ныр цал æфсымæры стут, зæгъыс? – афарста та йæ фысым.

Уазæг та дзургæ-дзурын ферхæцыд æмæ ма, йæ комдзаг тыхныхъуырд кæнгæйæ,  тыхамæлттæй сфæрæзта:

– Кæд ма ацы хатт фервæзон, уæд ма æртæ бæргæ стæм…

 

ХЪÆУЫХИЦАУ

Иу хъæуыхицау æрвылхуыцаубон адæмы æмбырд кодта сходмæ. Адæм дзы сфæлмæцыдысты æмæ йæ коммæ нал кастысты. Иу бон та кæсы æмæ адæмæн сæ фылдæр хай не рымбырд сты. Хъæуыхицау тынг смæсты æмæ æрдхъирæн кæны:

– Иннæ хуыцаубоны чи не рцæуа, уыдоны иууылдæр фæивар кæндзынæн!

Уæд иу лæг адæмы хсæнæй размæ ракъахдзæф кодта æмæ йæ лæдзæгыл æрынцой кæнгæйæ хъæуыхицауæн афтæ зæгъы:

– Туг ныл куыд ныууарыд, æмæ ма ардыгæй иннæ хуыцаубонмæ дæр хъæуыхицау ды уыдзынæ:?..

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.