ФУТБОЛ

Бетсити-Уæрæсейы Кубокы къордон этапы Дзæуджыхъæуы футболон командæ «Алани» 2:0 хыгъдæй фæуæлахиз æмæ рахызт турниры финалы 1/8 хаймæ. Алайнæгтæ ныхмæлæууæг командæйы кулдуары раз сывзæрын кодтой бирæ тæссаг уавæртæ. Фæлæ-иу сæ не спайда кодтой. Æрмæстдæр 55-æм минутыл бантыст Ирыстоны сæйраг командæйæн хыгъд байгом кæнын. Дзæуджыхъæуккæгты радон атакæйы рæстæджы пурти сæмбæлд «Уфа»-йы хъахъхъæнæджы къухыл æмæ тæрхонгæнæг снысан кодта пенальти. 11-метрон цæф хорз сæххæст кодта Кобесты Давид. 70-æм минутыл та «Алани»-йы дыккаг пурти бакъуырдта Хæдæрцаты Батраз.

Хъазты фæстæ пресс-конференцийы йæ хъуыдытæ загъта «Алани»-йы сæйраг тренер Гогниты Спартак.

«Командæ акодта ирд хъазт æмæ рамбылдта. Ивгъуыд аз премьер-къордмæ ахизыны тыххæй мах хъуамæ ахъазыдаиккам «Уфа»-имæ, фæлæ нæ ахъазыдыстæм. Абон мах нæ хъуыддаг сæххæст кодтам æмæ рамбылдтам нæ ныхмæ-лæууæджы. Нæ дызæрдыг кодтон, нæ футболисттæн стыр потенциал кæй ис.  Ныр дарддæр цæуæм», – банысан кодта Гогниты Спартак.

***

Футболæй Уæрæсейы æмбырдгонд командæйы тренерон штаб фехъусын кодта, командæйы рауæрæхгонд номхыгъдмæ, кæцы футболистты фæхуыдтой, уыдоны нæмттæ. Бæстæйы æмбырдгонды сконды ноябры хъæзтытæм йæхи цæттæ кæндзæн Ирыстоны футболон скъолайы хъомылгæнинаг, клуб «Сочи»-йы кулдуаргæс Дзанайты Сослан.

11-æм ноябры Уæрæсе хъаздзæн Кипримæ, 14 ноябры та – Хорватиимæ.

 

***

Грецийы уагъд æрцыд ветеранты ‘хсæн дунейы чемпионат уæгъдибар хъæбысхæстæй. 41-15-аздзыд спортсменты къорды архайдтой Ирыстоны хъæбысхæсты дыууæ минæвары.

Æвзист майдан рамбылдта Хъайттаты Аслан. Уый архайдта 70 кг уæзы категорийы. Плиты Геннади та бронзæйон призер ссис 78 кг уæзы категорийы.

***

Ирон богал Сидахъты Зауырбег Токиойы Олимпиаг хъæзтыты рамбулыны фæстæ фыццаг хатт гауызмæ рахиздзæн 2022 азы Ярыгинаг турниры.

«Фæнд кæнын Ярыгинаг турниры хайад райсын. Æппæт тыхтæй дæр æрæвнæлдтон тренировкæтæм. Фæлæ нырма тренертимæ нæ ныхас кодтам нæ дарддæр плæнтты тыххæй, Парижы Олимпиаг хъæзтытæй дарддæр», – банысан кодта Сидахъты Зауырбег.

 

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.