Рукъы Томайтӕ ӕмӕ Мацабел ӕлдӕрттӕ

Рукъгомы уæздан мыггагыл нымад уыдысты Томайтӕ, фæлæ уыдон нæ хъыгдардтой сæ фарсмæ цæрæг мыггæгты. Сæ уагахасты тыххæй сын аргъ кодтой уыдон дæр, агуырдтой сæ раздзогтæн, æхсæны лæгтæн. Кæцыдæр æдыхдæр мыггæгтæ-иу сыл ныффæдзæхстой сæхи, цæмæй сæ бахызтаиккой тыхгæнджытæй. Уæзданы тыххæй хъуыдис æвдисæн гæххæттытæ дæр, фæрсаг кæмтты уæздан мыггæгтæй, уыцы нымæцы уырыс, кæсæг æмæ гуырдзыйæ. Уæздан мыггагы номæн ма ахъазгæнæг уыд, Томайты мыггаг-иу хайад кæй райстой уырысы æмæ гуырдзыйы æфсады рæнхъыты, æддагон тыхгæнджытимæ хæцгæйæ. Томайтæ уæздан мыггагыл нымад уыдысты 18 æнусы фæудæй, сæ уæздандзинад æмæ паддзахӕн лæггæдты тыххæй сын лӕвӕрд ӕрцыд зæххы фадыг – Цхрадзмайы, фæстæдæр Сосмалеты. Мацабелтæ дæр уæздан мыггагыл нымад куы ‘рцыдысты, уæд Рукъгомы Томайты дæр сæ дæлбар скæнынмæ ӕрхъавыдысты. Уымæ гæсгæ, 1850-æм азты Томайты мыггаджы сæргълæудæй уыд растад Рукъгомы. Гуырдзыстон бархийæ Уæрæссейы империмæ куы бацыдис, уæдæй фæстæмæ гуырдзыйы æлдæрттæ ноджы тынгдӕр архайдтой сæрибар ирæтты сæ дæлбар бакæныныл. 1800-1850 азты иунæг ахæм аз дæр нæ уыд, цæмæй хохаг ирæттæм ма ныббырстаиккой гуырдзыйы æлдæрттæ. Уыцы нымæцы ма пайда кодтой уырысы æфсадæй дæр, зæгъгæ, ирæттæ сты уырысы паддзахады ныхмæ æмæ сæ ардыдтой. Фæлæ сæрибаруарзаг ирæттæн та сæ тох уыд, æрмæстдæр хъалон фидыныл кæй нæ разы кодтой, уый тыххæй.

 

Цы нысан кодта Дзау Гуырдзыстонӕн?..

Цалынмӕ октябры революци фӕуӕлахиз, уӕды онг Хуссар Ирыстонӕн цы статус ӕмӕ бынат уыд, уый тыххӕй зындгонд гуырдзиаг ахуыргонд-географ  Серго Робакидзе афтӕ фыста: «Кӕд Ирыстон Гуырдзыстоны хай нӕу, уӕддӕр нӕ бӕстӕмӕ афтӕ ӕввахс у ӕмӕ нын, йемӕ зонгӕ кӕй стӕм, уый дӕр тынг пайда у. Ацы бӕстӕ ис Кавказы хохрагъы астӕуккаг хайы, Хевсуретӕй  Суанеты ӕхсӕн. Ацы бӕстӕйӕн йӕ иу хай ис Кавказы хохрагъӕн йӕ цӕгат фарс, йӕ дыккаг хай та – уыцы хохрагъӕн йӕ хуссар фарсӕрдыгӕй. Уырдыгӕй фарс цы Ирыстон ис, уый хонынц Цӕгат Ирыстон, ацырдыгӕй фарс чи ис, уый та – Хуссар Ирыстон… Дзау ис Хуссар Ирыстоны». Ам цымыдисаг у иу хабар: Ирыстонӕн йӕ цӕгат хай ӕмӕ йӕ хуссар хайы тыххӕй ахӕм цыбыр афысты гуырдзиаг ахуыргонд, Дзау Хуссар Ирыстоны кӕй ис, уый цы уӕлдай банысан кодта?..

 

ХОХЫ ДЗУАР

Фыдæй-фыртмæ ирон адæм хæхбæстимæ баст сты, уырдыгæй рацыдысты быдыры хъæутæм, уым сты сæ уидæгтæ, уырдыгæй рахастой сæ фарн, сæ удысконд. Абон дæр ирон адæймагæн хæхбæстæ сты йæ царды иу хай, æнæ хæхтæ ирон адæймаг ирон адæймаг нæу. Раздæр тæ… Адæймагæн æхсæвæй-бонæй, сæрдæй-зымӕгӕй йæ цард кæм цыд, уадз бæрзонд айнæг къæдзæхтæ дæр фæуæнт, уыдон ын зынаргъ куыд нæ уыдысты! Æмæ ирон адæмы фыдæлтæ куывтой хæхбæстæм, хохы дзуæрттыл фæдзæхстой сæхи.

Ирыстоны кæмтты бирæ ис Хохы дзуары кувæндæттæ. Дзуары бæрæгбон фылдæр хатт æрцæуы сусæны мæйы æртыккаг хуыцаубонмæ. Кувæндонмæ ахӕссынц æртæ чъирийы, арахъ, бæгæны, кусæрттаджы рахис фарсы æртæ фæрскæй физонæг. Кувинæгтæ дзуары лæгмæ радтынц, æмæ сæ уый скувы, цæмæй бинонты, адæмы Хохы дзуары хорзæх уа, нæ фыдæлтæй нæм цы фарн, цы хорз æгъдæуттæ баззад, уыдон ма фесæфой, хæхтæ æнусты дæргъы куыд фидар лæууынц, афтæ фидар лæууой адæм, цыфæнды зындзинæдты дæр макæд фæцудой, хор æмæ фосæфсæст уой.

Раджы дæр Хохы дзуары бæрæгбон хъæлдзæг уыд. Адæм зарыдысты, кафыдысты, лæппу-фæсивæд бæхтыл сæ арæхстдзинад æвдыстой. Бæрæгбон-иу ахаста цалдæр боны.

Хохы дзуары бæрæгбон ныр дæр ирон адæмæй рох нæу, нысан ӕй кӕнынц бирӕ хӕххон бынӕтты.

 

Зондамонӕнтӕ ирон ӕмбисӕндты

*Уӕлоз бадын дӕ куы фӕнда, уӕд ӕппӕты дӕлейӕ сбад ӕмӕ дӕ ӕппӕты сӕрӕй сбадын кӕндзысты.

*Адæмы ӕхсӕн хъуамӕ ахӕм бынат равзарай, «дæлдӕр абад» дын куыд ничи зæгъа.

*Цӕмӕй дӕ кад æмæ лæджыхъæд бӕрзонд сисой, уый тыххӕй сӕм хъуамӕ ӕргуыбыр кӕнай зӕххмӕ ӕмӕ сӕ сисай.

*Цалынмӕ барӕг сгуы райса, уӕдмӕ йын йӕ бӕхы хорз дугъон бӕх ничи схондзӕн.

*Кӕд дӕ фӕнды, адӕм дӕ хох схоной, уӕд дӕхицӕй ныллӕгдӕры мӕсыг схон.

*Цӕмӕй дын адӕм лӕггад кӕной, уый тыххӕй уал де знагӕн дӕр хъуамӕ балӕггад кӕнай.

 

Ирон мифологийы ӕвӕрӕнтӕй

ÆВГЪÆДЫ ДЗЫККУТÆ

Ирон бинонтӕ-иу архайдтой, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты фыццаг рацӕугӕ дзыккутӕ тагъддӕр ӕлвыд ӕрцыдаиккой, уымӕн ӕмӕ сӕм афтӕ каст, цыма сывӕллоны сӕры хилмӕ ӕвзӕр цӕст ӕмхиц у, ӕмӕ афтӕмӕй фыдзӕрдӕ адӕмӕн сӕ бон бауыдзӕн куыд сывӕллоныл, афтӕ ӕнӕхъӕн бинонтыл дӕр фыднизтӕ бафтауын. Уымӕ гӕсгӕ сывӕллонӕн йе лвыд дзыккутӕ дардтой йӕ авдӕны. Стӕй-иу сӕ баппӕрстой доны, цӕмӕй йын, дон куыд тагъд цӕуы, афтӕ тагъд разадаиккой. Фӕлӕ-иу сыл, доны сӕ баппарыны размӕ кӕлӕнгӕнджытӕн кӕлӕнтӕ скӕнын кодтой, цӕмӕй сӕ бар, сӕ хъомыс хӕдзары бинонтӕй макӕмӕуал дардтаиккой.

 

ÆРГОМÆГГАГ ХУЫН

Уый нысан кодта усджын лӕгты бӕрӕгбон. Арӕзтой йӕ, ус иу азы размӕ  чи ӕрхаста, уыцы ӕрыгон лӕгтӕ. Фынг-иу ӕрӕвӕрдтой ныхасы астӕу. Йӕ нысан уыдис, цӕмӕй ус ӕрхӕссӕг ӕрыгон нӕлгоймӕгтӕ хъӕубӕсты лӕгтӕй хатыр ракурой, уӕды онг сӕ устыты ӕмбӕхстӕй кӕй дардтой, адӕмы ӕхсӕнмӕ сӕ кӕй нӕ уагътой, уый тыххӕй. Уыцы ӕгъдау амыдта, бинонтӕ скӕнӕг нӕлгоймагӕн бар кӕй ис ӕхсӕнады уӕнг уӕвынӕн, кӕй йыл ӕвӕры, хицӕн хӕдзармӕ цы ӕмбӕлы, ахӕм хӕстӕ.

 

Хъæлдзæг хабæрттæ

ДÆНДАГИСÆГГАГ

Иу лӕгӕн йӕ дӕндаг срыст ӕмӕ дӕндӕгты дохтырмӕ бацыд. Дохтыр ын йӕ дӕндаг куы систа, уӕд ын загъта, цас ын хъуамӕ бафида, уый. Лӕг дохтырмӕ нынныхмӕ:

– Уый та куыд? Æрдӕбон дӕм куы рбацыдтӕн, уӕд дӕ бафарстон, дӕндаг сисӕггаг цас у, уымӕй, ныр мӕ, цас мын загътай, уымӕй ӕртӕ хатты фылдӕр исыс…

– Раст зӕгъыс, фӕлӕ дын дӕ дӕндаг куы истон, уӕд дӕ фӕстӕ рады цы ӕртӕ лӕджы лӕууыд, уыдон де рдиагмӕ лидзӕг фесты ӕмӕ уыдонӕй цы хъуамӕ райстаин, уый дӕр дӕуӕй исын, – загъта йын дохтыр.

 

ӔНÆБАРЫ ХУЫГÆС

Иу зивӕггӕнаг лӕг хъӕубӕстӕн хуыгӕс ныллӕуыд. Хуыты-иу сӕхи бар ауагъта, йӕхӕдӕг-иу аууоны уӕлгоммӕ схуссыд ӕмӕ йӕхицӕн зарджытӕ кодта. Иу афон бирӕгъ хуытӕм фӕмидӕг ӕмӕ дзы иу хъыбыл ахаста. Хуыгӕс изӕры хуыты хъӕумӕ куы ӕрыскъӕрдта, уӕд ӕм хъыбылы хицау хыл кӕны, бирӕгъыл хъӕр уӕддӕр скодтаис, хъӕр, зӕгъгӕ.

– Цы ма йыл хъӕр кодтаин, хъыбыл ын йӕ хъусы куы хъӕр кодта ӕмӕ уый куы ницӕмӕ ӕрдардта, уӕд ма мӕ хъӕрӕй цы уӕлдай фӕчъил уыдаид? – сбустӕ йыл кодта хуыгӕс.

 

Рагон къамтæ дзурынц:

Таурӕгъгӕнӕг Газиты Инарыхъо. Джимара.

Къам ист ӕрцыд 1928 азы, уӕд Инарыхъойыл цыди 152 азы.

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.