Центр обязал чекистов Осетии арестовать и уничтожить

500 буржуазных националистов. Тут же из Осетии

поступило заявление: 500 для нас мало – добавьте еще 250.

                                  А.Солженицын, «Архипелаг Гулаг»

 

1937 азы тыххæй кой кæнгæйæ, махæн нæ зæрдыл æрлæууынц политикон репресситы цаутæ, кæцыйы фæстиуæгæн куынæг æрцыдысты ирон адæмы хуыздæр минæвæрттæ. Уыцы азты фактон æгъдауæй репрессигонд æрцыд национ интеллигенци, нæ адæмы аккагдæр минæвæрттæ. Уыцы зынгæ æмæ аккаг адæймæгтыл дзургæйæ, ахъуыды кæнæм Гаглойты Рутен, Дзаттиаты Александр, Санахъоты Мате, Тыбылты Алыксандр æмæ бирæ æндæртыл.

 

Иу французаг загъта: «Цæмæй Францы æнæ сæргълæуджытæй ныууадзæм, слæмæгъ æй кæнæм, уый тыххæй хъæуы 50 зынгæ архайæджы амарын æмæ уæд Франц нал уæвынад кæндзæн, куыд стыр паддзахад, афтæ». Уæдæ цахæм трагикон уавæры бахаудта Хуссар Ирыстон 1937 азы фæстæ, уый зын базонæн нæу, Хуссар Ирыстоны автономон областы интеллигентон элитæйæ репрессигонд  400 сæдæ адæймагæй фылдæр кæй æрцыдысты, уый нæ зæрдыл  æрлæууын кæнгæйæ. Уыцы факт нын куыд фæнды трагикон ма уа, уæддæр уый у махæн нæ ивгъуыд æмæ йын ферохгæнæн нæй.

2005 азы мыхуыры рацыд зынгæ ирон фыссæг Уанеты Владимиры чиныг «Люди, помните о нас», зæгъгæ. Ацы чиныг бакæсыны фæстæ дисы бахаудзæн адæймаг, ау, ахæм мæлæтдзаг цæфы фæстæ ма нацийæн йæ бон куыд ссис йæ къæхтыл слæууын. Хуссар Ирыстонæй афтæхуыйнæг адæмы знæгтæ æмæ контрреволюционертыл бакæнгæ хъуыддæгтæ æххæстæй дæр уыдысты барæй æрымысгæ. Советон Цæдисы Коммунистон партийы 20-æм съезды фæстæ репрессигонд хъуыддæгтæм ногæй куы æркастысты, уæд юристтæ æрцыдысты иу хъуыдымæ: уыдоны бынтондæр ницы уыд Советон Цæдисы ныхмæ. Ацы æнамонд адæймæгты зылынгæнæн хатдзæгтæм квалификационæй ногæй куы æркастысты, уæд иууылдæр реабилитаци æрцыдысты, стыр хъыгагæн, сæ фылдæр – сæ амæлæты фæстæ.

Кæй æрцахстæуыд, уыдоны 90 проценты уыдысты ирæттæ, иннæтæ – гуырдзиæгтæ, сомихæгтæ, дзуттæгтæ, немыцæгтæ, уырыссæгтæ, украинæгтæ. Сæ фылдæр хай каст фесты уæлдæр ахуырад, уыцы нымæцы – ирæттæ дæр. Репрессигонд адæймæгтæй иууыл æвзонгдæр, астæуккаг скъолайы ахуыргæнинаг Къусраты Милайыл цыд æрмæстдæр 18 азы, кæцыйæн стæрхон кодтой дæс азы ахæстоны фæбадыны тæрхон. Уый амард ахæстоны. Физкультурон  Дыгъуызты Никъалайыл та цыд ссæдз азы. Се ‘хсæн уыдис иу, æртæ, æхсæз, аст  азы ахæстоны фæбадыны тæрхон кæмæн рахастой, ахæмтæ дæр, фæлæ уыдон уыдысты бынтон цъус. Иннæтæн та рахастой 10, 15 азтæ. 25 азы ахæстоны фæбадыны тæрхон рахастæуыд дыккаг дунеон хæсты фæстæ. Социалон уавæрмæ гæсгæ уыдон уыдысты хуымæтæджы адæм, кусджытæ, зæхкусджытæ, сæ фылдæр хай цард хъæууон бынæтты. Уæлдæр ахуырадимæ адæймæгты ‘хсæн уыдысты дохтыртæ, ахуыргæнджытæ, инженертæ, юристтæ, агрономтæ, ветеринартæ, финансисттæ. Партион кусджытæ дзы уыд цъус. Репрессигонд адæмы ‘хсæн уыд 94 ирон мыггаджы минæвæрттæ, уыдонæй Цхуырбатæй – 14 адæймаджы, Санахъотæй – 13, Гаглойтæй – 10, Гасситæй – 8, Джиотæй – 8 æмæ афтæ дарддæр. Æрцахстой 11 сылгоймаджы дæр. Уыдонæй Баранова-Плиты Евдокия æмæ Сæлбиты Ксенияйæ дарддæр иууылдæр æрбаздæхтысты сæ хæдзæрттæм. Уæлдæр ахуырад кæмæ уыд, уыдонæн сæ фылдæр уыдысты Дзауы районæй. Беджызаты Дауытæн æрцахстой æртæ фырты – Герас, Чермен æмæ Мелитоны. Санахъоты Ектийы дыууæ фырты – Васили æмæ Георгийы. Кæй æрцахстой, уыцы адæймæгтæн сæ фылдæрæн радтой дæс азы ахæстоны фæбадыны тæрхон, фæлæ цалдæр адæймагæй дарддæр иууылдæр амардысты лагерты уазал æмæ æххормагæй. Репрессигонд адæмæй дыууæ-æртæ адæймагæй дарддæр иннæтæн Ирыстоны баззадысты сæ бинонтæ, кæцыты сæ дарджыты æрцахсыны фæстæ расырдтой сæхи сæрмагонд хæдзæрттæй уынгмæ кæнæ та мæнгагъуыстытæ æмæ ныккæндтæм, сконфискаци сын кодтой сæ исад.

Кæсыс чиныджы репрессигонд адæймæгты нывтæм, æмæ зæрдæйы тæгтæ скъуыдтæ кæнынц сæ тæригъæдæй. Амæй-ай разагътадæр æмæ диссагдæр адæймæгтæ. Цымæ уыйæппæт курдиатджын адæймæгтæн сæ хъысмæт трагикон куынæ рауадаид, уæд цымæ Ирыстонæн йæ хъысмæт абон куыд уаид, дыккаг геноцид ын сарæзтаид фашистон Гуырдзыстон æви нæ?

Репрессигонд стыр ирон лæг, курдиатджын инженер Гаглойты Рутены кой кæнгæйæ, мах уайтагъддæр ахъуыды кæнæм ТрансКамы автомобилон фæндаджы тыххæй, кæцыйы фæрцы Хуссар Ирыстонæн бастдзинад ис куыд Цæгат Ирыстонимæ, афтæ Уæрæсеимæ дæр. Ацы стыр адæймагæн фæндаджы арæзтад уыд йæ иууыл стырдæр бæллиц. Хъыгагæн, йæ удæгасæй ирон адæмæн ацы ахсджиаг фæндаг арæзт не ‘рцыд æмæ мæрдтæм дæр ацы фæндаджы  тыххæй бацыд зæрдæдзургæйæ.

Гаглойты Рутены мад  Моргойы хъæуккаг Джиотæй уыд. Рутен кæд æппынæдзух дæр куысты лæуд уыд, сæрибар рæстæг ын бынтондæр нæ уыд, уæддæр йæ мады æфсымæртæм цæуын тынг уарзта æмæ-иу куыдфæндыйæ дæр рæстæг ссардта сæ бабæрæг кæныны тыххæй. Гаглойты Рутен  ацы уацы авторы фыд  Джиоты Александрæн йæ хæрз фыды хойы лæппу кæй уыд, уымæй тынг сæрыстыр уыд. Уый, зæгъ, улæфын дæр нæ фæрæзта Ручъы фæндаджы мæтæй, æппынæдзух, дам, йæ ныхасы сæр уыд уый тыххæй. Цæуылфæнды, дам-иу ма ныхас кодтаиккам, уæддæр та дам-иу æнæмæнгæй ныхас хъуамæ аздæхтаид фæндаджы темæмæ. Йæ радтæг ирон адæмæн, дам ын бæргæ бантыстаид бирæ хорздзинæдтæ саразын, фæлæ… 1937 азы, дам ын йæ цæстытæ абастой, Тбилисмæ, дам, æй амидæг кодтой æмæ дæ балгъитæг дæр афтæ фæуæд, – зæрдæрыстæй-иу мын дзырдта уый.

Номхуындæй, Гаглойты Рутен сарæзта фæндаджы проектты цыппар версийы, Ручъы тъунелы динамитæй фыццаг срæмыгъд дæр уый сарæзта (ныртæккæ кæм ис, уым нæ, фæлæ Ручъы хъæумæ æввахсдæр, цыран нæ уыдаид зæйтæ æрцæуыны тасдзинад). Фæндаджы арæзтады куыстытæ цыдысты æнтыстджынæй, фæлæ урæд æрцыдысты, кæй йæ æрцахстой, уый аххосæй. 1937 азы  Л.Берияйы бацамындмæ гæсгæ Гаглойты Рутены фехстой Тбилисы, куыд «адæмы знаг», афтæ. Рутенæн бирæ фæндæгтæ саразын бантыстаид ноджыдæр, фæлæ…

«Ирон зарæг»

Мæнæ цы дзырдта репрессигонд Дзаттиаты Павел зынгæ ахуыргонд æмæ æхсæнадон архайæг, литературон-аивадон журнал «Фидиуæг»-ы бындурæвæрджытæй иу Тыбылты Алыксандры тыххæй. «Æз æмæ Тыбылты Алыксандры 37-æм азы иу бон æрцахстой. Сталины уынджы, ныртæккæ Цхинвалы райæххæстком кæм ис, уыцы хæдзары бадтыстæм. Бынæй – ныккæнд, нæ дарæн бынат, уæлейæ, дыккаг уæладзыджы – нæ фарстагæнæн бынат. Иу хатт Алыксандрмæ уырдæм фæдзырдтой. Æвæццæгæн дзы дыууæ-æртæ сахатæй къаддæр нæ фæцадаид. Нæ сын саст æмæ йæ фыднад фæкодтой. Æгъатыр фыднад. Фæстæмæ йæ ныккæндмæ дыууæ лæгмары йæ къæхтæй нылластой. Иудзæвгар æдзæмæй фæци, стæй æрæджийау йæ цæсты-тæй скаст æмæ уынгæг, лæмæгъ хъæлæсæй сдзырдта: – Æз мæлын, лæппутæ, фæлæ мын ирон зарæг акæнут, Хазбийы зарæг. Мах ын азарыдыстæм…

Тыбылты Алыксандр дæргъвæтин рæстæджы уыд газет «Хурзæрин»-ы активон æмкусæг. Уыд Хуссар Ирыстоны зонад-иртасæн институты саразыны инициатор, цыран куыста йе ‘рцахсыны бонмæ дæр. Уыд ирон литературæйы пропагандист, æмбырд кодта дзыхæйдзургæ адæмон сфæл-дыстад. Уыд Хуссар Ирыстоны паддзахадон педагогон институты бындурæвæрæг æмæ ректор. ХИПИ, кæцы рацарæзт æрцыд ХИПУ-мæ, хæссы йæ ном. Цымæ йын цас бантыстаид ноджы балæггад кæнын йæ радтæг адæмæн, репрессигонд куынæ æрцыдаид, уæд.

Мæнæ цы фыста Беджызаты Герас йæ бинонтæм: «Тынг ныррæсыдтæн, цæмæн, уый нæ хатын, тынг мæм фæкæсут, уæ хъус фæдарут хæринагæй, ам стæм хатт раттынц бæхы фыд, уый дæр маамæлайы комдзаг, тынг бæгънæг дæн. Пъа кæнын бинонтæн. Уæ хъус тынг фæдарут мæ хъастмæ. Герас. 18.3.1940 аз. Арæх пасилкæ, кæннод бирæ нæ ахæсдзæн». Амард лагеры.

Чиныджы автор Уанеты Владимир йæхæдæг дæр бирæ тæрæнты баййæфта. Чи ма дзы раирвæзт сæрæгасæй, уыдон дæр сæ цæрæнбонтæ æнæады тынд бакодтой, ныннизджын сты, афтæмæй. Репрессигонд, нæ коллегæ Габуты Хазби дæр ахæстонæй раирвæзт низджынæй. Æгæрыстæмæй, йæхицæн цардæмбал дæр нал æркодта. Куыд зонæм, афтæмæй уый уыд алывæрсыг курдиаты хицау, фæлæ йæ ирон æвзаджы тыххæй репрессигонд æрцыд æмæ тынг бирæ хъизæмæрттæ бавзæрста.

Уыцы трагикон рæстæджытæй кæд 84 азы рацыд, уæддæр Хуссар Ирыстоны цæрджытæ уыцы сау бонты цауты тыххæй никуы ферох кæндзысты. Уанеты Владимир дæр йæ чиныг «Люди, помните о нас» уымæн афтæ схуыдта, цæмæй  макуы ферох репрессигонд адæймæгты тыххæй.

Абон мах скодтам цалдæр адæймаджы кой, фæлæ уæлдæр куыд банысан кодтам, афтæмæй сæ нымæц у 400 адæймагæй фылдæр.

ДЖИОТЫ Екатеринæ

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.