Тибы фæдисæттæ

 

Уыцы хабар æрцыдаид 1750 азы, кæнæ чысыл раздæр.   Дыгургомы цæрæг адæм базыдтой, Хъырымы хан Долат-Джери сæм сæттынмæ кæй æрбацæуы, уый. Æмæ дыгуры хистæр Хъуыбадты Тазрет фæдисæттæ арвыста Ирыстоны алы кæмттæм. Æрбафсæрстой Хъырымы тæтæр, кæсæг дæр семæ, афтæмæй.  Æмæ дыгур æрбадтысты комы дымæджы æрбацæуæнты.

Тиб, хабар фехъусгæйæ, рабадтысты тæрхоны. Раздæр рахастой ахæм тæрхон, цæуын кæй хъæуы фæдисы. Дыккаг фарст та уыди: цалæй ацæуой æмæ чи ацæуа? Æмæ алыг кодтой: дыууæ лæджы цы хæдзары ис, уымæй – иу лæг, æртæ лæджы кæм ис, уырдыгæй дæр – иу лæг, цыппар лæгæй – æртæ, фондз æмæ фылдæр лæгтæй дæр – æртæ. Мамысоны хъæутæм дæр фæдзырдтой Тиб æмæ дзы акодтой хæдзарæн лæг фæдисы. Мамысоны хъæутæй сæрæн лæгтæ сæхи барвæндонæй цыдысты, иннæты та тыхæй акодтой.

Фæдисы адæмæн хицæуттæ уыдысты Къадзты Барæта æмæ Боциты Бæтæхъо.

Дыгургомы адæмы тæтæримæ хæцгæйæ ныййæфтой Мамысоны фæдисæттæ. Дыгурмæ ма æххуысмæ ныххæццæ сты Рацъæй дыууæ хъæуы – Хъиу æмæ Чъеура, сæ хицау Дзапарты Луарсаб. Мамысон æмæ Рацъы йедтæмæ Дыгурмæ иу адæймаг дæр нæ фæзынд фæдисы.

Мæйы бæрц фæхæцыдысты тæтæримæ, стæй фæстæмæ æрбаздæхтысты Мамысоны фæдисæттæ, иу цъæррæмыхст дæр дзы ничи фæцис, афтæмæй Хъырымы ханы фæсырдтой комы дымæгæй.

 

 

Уырыссаг инæлар æмæ ирæттæ

Уырыссаг инæлар æмæ ирæттæ

Иуахæмы Болгарийы, Шипкæйы сæрыл карз тохтæ куы цыд, уыцы рæстæг, зындгонд урс инæлар Скобелев зылд йе ‘фсадыл. Ирæтты хъæбатырдзинады тыххæй бирæ хорз ныхæстæ загьта, хорз цæстæй сæм каст, стыр аргь сын кодта. Ныр дæр сæм æхсызгонæй æрбацыд æмæ сæ сæ сæртæ сурæй дасгæ куы баййæфта, уæд сæ фæрсы:

– Что вы делаете, молодцы?

– Бреем головы!

– На сухую?

– Да. Воды нет.

– А вы не можете меня побрить?

– Извольте, садитесь.

Сурæй йæ дасынц ирæттæ…

– Вам не больно? – фæрсынц æй.

– Конечно, больно. Но раз вы терпите, то и я потерплю…

 

 

Зондамонæнтæ

*Уды хъæздыгдзинад зæххæн дæр сой дæтты.

*Царды хæстæй дæхи куы ссæрибар кæнай, уæд дын тæссаг у иунæгæй баззайынæй.

*Хур уый тыххæй не скæсы, цæмæй адæймаг зæххмæ аууон дара.

*Дæ царды фæндаг дæ кæстæртæн цымыдисаг куынæ уа, уæд ыл æнæхъуаджы фæцыдтæ.

*Цæмæй дæ сомбоныл хуыздæрæй сæмбæлай, уый тыххæй абон дæ къух цæуылдæрты хъуамæ сисай.

*Ныййарæгæн йæ хæс фидын нысан кæны, дæхицæн фидæн аразын.

*Быныл фæсмойнаг гуырд ныууадзын ныййарæгæн дыккаг мæлæт у.

 

Рагон ирон дзырдтæ

Сæрзæнт – æфсæн худ

Сесана – бæрæг чи нæу, ахæм бардуаг

Синон – нуазæн

Сисдзæф – мæсыгæй æхсæн бынат

Сиудонæ – куырæты æддаг дзыпп

Стъона – бынаты ном, уынаффæдон Дыгургомы

Суахъ – цавæрдæр маргъ ирон аргъæутты

Схъæрцæнгтæ – рæмбыныкъæдзты онг згъæр дыстæ

Сылыхъ – доннуазæн цармæй

Тангъада – диссаджы, алæмæты хабар

Тарбос – риубæттæн

Тасхæ – адæймаджы басгарын

Тогмæсор – туджы уындæй зæрдæхъæрмттæ чи кæны, ахæм адæмаг

Тонг – хъæбæр, фидар

Турæ – бирæ сой кæм уа, ахæм бас

Тыр – лæппу, фырт

 

Хъæлдзæг хабæрттæ

МЫДУÆЙГÆНÆГ

Иу лæг базары мыд уæй кодта. Иу къуыдиппытæарæзт лæг æм бацыд мыд æлхæнынмæ. Йе нгуылдз мыды нытъыссы æмæ та йæ асдæры. Афтæ иу хатт, дыккаг, æртыккаг… фæндзæм хатт…

Лæг йæхи нал баурæдта:

– Хорз лæг, кæд мыд æлхæныс, уæд балхæн, науæд мын афтæмæй мæ мыд хæрд фæуыдзынæ…

Æлхæнæг йæхи фæхъуынтъыз кодта:

– Цæй, цы йæ сдиссаг кодтай, бындзы фаджыс йедтæмæ дын исты у!..

– Æз дæр дын уый тыххæй зæгъын, мæ мард макуы фенай, æндæра стуры фаджыс куы уаид, уæд дзы дæ фæрстæ дæр атон…

 

ЦÆУ ÆМÆ ÆЙЧЫТÆ

Иу мæгуыр лæг паддзахадæн æйчытæ нал фыста æмæ йын финагенттæ æйчыты сæрмæ йæ цæу аскъæрдтой.

– Цæмæн мын скъæрут мæ цæу, гормæттæ? – лæг сæ фæстæ лидзы, мæгуыр, æмæ сæ фæрсы уынгæг хъæлæсæй.

– Цæмæн, цæ, æмæ паддзахадæн æйчытæ нæ фидыс æмæ уый тыххæй!.. –  схъæртæ йыл кодтой финагенттæ.

– Омæ, гормæттæ, карк уæддæр ахæссут, цæу цы аххосджын у, уый æйчытæ не фтауы…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.