Æвзæндаджы кувæндон

Хъæриуы хохы рæбын ис диссаджы дзуар – Æвзæндаджы кувæндон. Уый у æнахуыр стыр къæдзæхдур, иу дуар æмæ иу рудзынгимæ хæдзары хуызæн.

Рагон таурæгъмæ гæсгæ ацы къæдзæхдуры бынаты æцæгæйдæр уыд хæдзар, цы ран алыхатт дæр фæндаггон баййæфтаид бæгæны, æртæ кæрдзыны æмæ фыдызгъæл, цæмæй скуывтаид Æвзæндагмæ æмæ йын йæхи бафæдзæхстаид.

Фæлæ иу рæстæджы ацы уаз бынатмæ схауд цавæрдæр æнæхсæст лæг. Кувæндонмæ бахызт, йæхи бафæдзæхста, бæгæны банызта, æртæ кæрдзын æмæ фыдызгъæлæй саходыдта, стæй кувæндоны цур цъæх нæууыл йæхи æруагъта йæ фæллад суадзыны тыххæй. Алфæмблай уыдис диссаджы фенддаг, иу уынæр, иу сыбыртт никуыцæй хъуысти. Фæндаггон иудзæвгар  фæхуыссыд цъæх нæууыл, стæй ногæй сæххормаг æмæ фæстæмæ бахызт кувæндонмæ, фæлæ ныр йæхи бафæдзæхсынмæ нал, фæлæ – хæрынмæ. Фæлæ… Куыддæр æнæскувгæйæ нозт æмæ хæринæгтæм бавнæлдта, афтæ Æвзæндаг смæсты, йæ хæдзары дуар æмæ рудзынг æрбахгæдта æмæ йæ дур фестын кодта.

Ирæтты уæлæдарæс æмæ хæстон фæлыст «…Æрæджы сын цы фæтæг амард, уый  зындгонд уыдис, йæ адæмæй сæ куывдтытæ æмæ æгъдæуттæ æххæст кæнын карзæй кæй домдта, уымæй; йæ бартæй пайда кæнгæйæ йæ дæлбартæй æрмæст се гъдæуттæ æххæст кæнын нæ домдта, фæлæ сæ фыдæлтæ иунæг Хуыцаумæ кæм куывтой, уыцы зæронд кувæндæттæ хъахъхъæнын дæр. Æз бацыдтæн сæ куырдадзмæ. Куырд йæхæдæг уыд гуымир, йæ цæгом тарвæлыст, сау-сауид миламæзт… Йæ цæрæнуат уыд зæххыл æвæрд, дурæй амад бындурыл; уыд ныллæг, тъæпæн агъуыстимæ. Куырдадзы агъуысты алы къуымы дæр ауыгъд уыд бæхы сæргæхц…

Фæндагыл цæугæйæ мах амбæлдыстæм, хъæуы цæрджыты æндæр къордыл, кæцытæ сæйраг фæндагмæ ахизыны охыл лæгæрстой цæугæдоны. Сæ дарæсы конд уыд рагон хæстон фæлысты хуызæн. Топпыты уæлдай ма сæм уыди, сæ фындзтæ гæзæмæ хæрдмæ къæдз кæмæн уыдысты, ахæм  æхсаргæрдтæ дæр. Алы æхсаргарды фистонмæ дæр фидаргонд уыдис цармæй фæлыст, зæгæлтæй æнгомхуыд тымбыл уарт, уыцы уарттæ чысыл каннæгдæртæ уыдысты Елизаветæйы рæстæджы уарттæй, растæндæр Георг V рæстæджы англисаг фатæхсджытæ кæй дардтой, уыдоны хуызæн. Ацы хæххонтæ, куыд мын загътой, афтæмæй уарттæй тынг арæхстджынæй пайда кæнынц хъаматæй   хæцгæйæ дæр.

Генрих Клапрот, немыцаг ахуыргонд, 1807 аз

 

Тарст æлдар

Къуыдаргомы æлдар цы у, уый зонгæ дæр нæ кодтой. Уый тыххæй бирæ æмбисæндтæ баззад.

Иу заманы гуырдзиаг æлдар Къуыдаргоммæ цыдæр хъуыддаджы тыххæй ссыди. Хъугомы куы æрбацæйцыд, уæд фембæлд Гæджиты Гарсойыл. Гарсо уазæгуарзаг лæг уыди, гуырдзиагау нæ зыдта, фæлæ йын иронау афтæ:

– Мæ хæдзар мын куынæ фенай, уæд мæ къубал алыг кæндзынæн.

Йæ ныхас ын раст нæ ратæлмац кодтой, æмæ æлдар скатай: «Мæ къубал мын лыг кæны?» Æлдар фæтарст æмæ йæм цыдæриддæр уыдис – æхцайæ, дзаумайæ, хæцæнгарзæй, уыдон иууылдæр Гарсойæн радта.

 

Артъен-уæйыг

Иу тыхджын лæджы кой рагæй цæуы Хуссар Ирыстоны, Джоджорайы комы. Артъен æй хуыдтой. Иутæ дзырдтой: «Згъæлд нартхоры голлаг ахаста æфцæгыл». Иннæтæ: «Голлаг ссад æххормаг аз Стырмæсыгæй Буронмæ æрхаста, æфцæгыл æрхизгæйæ. Уырдыгæй йæ Ногирмæ та уæрдоны нылласта. Хос кæрдгæйæ йыл æртиссæдзаздзыдæй дæр æрыгæттæй ничи тых кодта». Æндæртæ: «Артъен æмæ Григол Гуырдзымæ æрхуы æгтæ давынмæ ацыдысты. Рахастой фæйнæ аджы. Артъен – стыр аг, Григол – чысыл аг. Фæдисæттæ сæ расырдтой. Талынджы сæ зæрдаивæй æхстой. Григолы тых асаст. Нал цæуы. Артъен æй æд аг йæхи аджы нывæрдта, афтæмæй йæ æрбахаста – нæ йæ раййæфтой фæдисæттæ».

Артъен – уæйыг лæг, фæлæ æгъдауыл хæст кæй уыди, уый дæр адæмæй нæ ферох. Афтæ дзырдтой: «Артъен бадты бады – æгъдау дзы уыди. Артъен уынджы акаст – æгъдау дзы уыди».

 

Æууæнкджын хæстонтæ

Иу заманы ирæттæ иу къордæй Шамилмæ бацыдысты æмæ йæм бахатыдысты, цæмæй сæ йе фсадмæ айса. Шамил сразы, айста сæ йе фсадмæ, фæлæ сфæнд кодта сæ бафæлварын, цас æууæнкджын сты, уый базонын.

Хицæн хатæнмæ сæ барвыста, æнæхъæн бон сын хæрд æмæ нозт нæ радта, стæй сæм æхсæвы йе ууæнчы лæджы барвыста, сæхи куыд дарынц, зæгъгæ, уый базонынмæ. Æууæнчы лæг сæ бафарста:

– Истæуыл тыхсут, мыййаг?

Бынтондæр ницæуыл тыхсæм, – дзуапп ын радтой ирæттæ.

Дыккаг бон дæр сын хæрд, нозт нæ радтой. Æууæнчы лæг та сæм бацыд æмæ сæ фæрсы:

– Кæд мыййаг ницæуыл тыхсу?

– Ницæуыл тыхсæм, – уыд та ирæтты дзуапп.

Æртыккаг бон дæр нæ фесты хор-доны хъæстæ. Изæры та сæм бацыд æууæнчы лæг æмæ та сæ фæрсы:

– Истæуыл тыхсут, мыййаг?

– Куыднæ тыхсæм, куыднæ, – дзурынц æм ирæттæ. – Уæ Шамилы ма афтæ бафæрс, бадгæ, дам, нæхи хæдзæртты нæ кодтаиккам, хæцынмæ нæ цæмæннæ рвиты?..

Æмæ Шамил бамбæрста, ирæттæ æууæнкджын, лæгдзинадæй æххæст хæстонтæ кæй сты, уый.

 

Хуыцауимæ баст æмбисæндтæ-дзырдбастытæ

*Хуыцауы хай дæ куынæ сафа, уæд дын сæфæн нæй

*Хуыцауæн йæ хорзæй куыд бузныг стæм, йæ фыдæй дæр афтæ хъуамæ уæм

*Хуыцауы раконд Хуыцауы сой у

*Хуыцау нæ удæгасæй ма амарæд!

*Хуыцау, цæрдудæй мæ сæрæргæвстæй ма фæцæрын кæн!

*Хуыцау дын æй царды хос фæкæнæд!

*Хуыцаумæ згæ ницæуыл хæцы

*Хуыцау алцы дæр тæрæзтæй бары

*Хуыцауы хуыздæр истæмæн куы хъæуай, уæд дæ фендзæн

*Хуыцау уынæг, зæхх – æвдисæн

Хъæлдзæг хабæрттæ

ТАГЪДГÆНÆГ БÆЛЦЦОН

Иу лæг фæсхохмæ йæ хæстæджытæм уазæгуаты ацыд. Фысымтæ йыл узæлынц, цинтæ йыл кæнынц, фæлæ хæдзары хицау никуыцæй зыны.

– Алцы дæр хорз, фæлæ уæ хæдзары хицау, æвæццæгæн, искуы бæлцуаты ис. Æви йын ме рбацыд хъыг уыд… – дзуры уазæг.

– Ау, æмæ ницы фехъуыстай – нал ис, нал, нæ хæдзары хицау, – скуыдта фысымты у.

– Уæууа, æмæ йæм цы рауад, мæгуырсар? – бахъынцъым кодта уазæг.

– Цы,  куы зæгъай, уæд ивылд цæугæдоны фаллаг фарсмæ фæцæйхызт æмæ йæ дон аласта…

– Æллæх, æллæх, æмæ хидыл бахызтаид, хидыл, йæ бинонты цæмæн сæфта…

– Хид æм æгæр дард уыд, уый та тагъд кодта, мæгуыр…

– Кæд æрцыд уыцы æнамонды хабар? – афарста та уазæг.

– Иу афæдз рацыд.

Уазæг та ногæй ныдис кодта:

– Омæ йæ хæдзар фехæлæд, йæ хæдзар – ау, афонмæ дæр нæ бахæццæ уыдаид хидмæ, йæхи цæуыл сæфта?..

 

ИСКÆЙ УСТЫТÆ

Иу лæгæн йæ цардæмбал амард. Лæг йæ уæлхъус бады æмæ хъæрæй кæуы, марой кæны.

– Уæ, дæ хæдзар фехæла, – уайдзæф ын кæнынц сыхы лæгтæ. – Цæуыл дæхи хæрыс, уый йедтæмæ ус нал ис?..

– Хуыцау уыл аудæд, мæ хуртæ, – йæ кæуынæй фæлæууыд лæг. – Уæдæ сымахæн ис устытæ, æмæ мыл иугæр тыхсут, уæд-иу мæм сæ куыднæ авæрдзыстут…

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.