ТЕННИС

Уæрæсейаг теннисисттæ Елена Веснина æмæ Хъæрæцаты Аслан рахызтысты Токиойы Олимпаг хъæзтыты æмхæццæ къæйтты ‘хсæн ерысты æрдæгфиналмæ. Финалы 1/4  хайы уыдон фæуæлахиз сты Польшæйы минæвæрттæ Игу Свентек æмæ Лукаш Куботайыл. Фембæлд фæцис 6:4, 6:4. Ныр æрдæгфиналы сæ ныхмæлæууæджытæ уыдзысты Сербийы минæвæрттæ Новак Джокович æмæ Нина Стоянович.

Хъæрæцаты Аслан у фыццаг ирон теннисист, кæцы хайад райста Олимпаг хъæзтыты. Аслан пофессионалон теннисистты ассоциацийы рейтингы ахсы 24-æм бынат. Йæ иууыл хъуыздæр бæрæггæнæн у Австралийы гом чемпионаты æрдæгфиналмæ кæй ахызт, уый.

 

***

Ирыстоны спортуарзджытæ æнæрхъæцæй æнхъæлмæ кæсынц Токиойы Олимпиадæйы уæгъдибар хъæбысхæстæй ерыстæм. 5-æм августы гауызмæ рахиздзæн 86 кг уæзы категорийы архайæг Найфонты Артур. 6-æм августы та майдантыл тох кæнын райдайдзысты Сидахъты Зауырбег (74 кг) æмæ Козырты Сергей (125 кг).

ХУРИТЫ Батрадз

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.