Азанет-æхсин æмæ Мамысоны «æлдар»

Иу заманы Дыгур Мамысонмæ ныббырстой. Мамысоны адæм сæттын нæ бакуымдтой, сæхицæй иу дæр нæ амард, афтæмæй дыгурæй бирæ ныццагътой. Хетæгкатæ се хсæн бацыдысты, æмæ сæ нал бауагътой дарддæр туг ныккалын. Дыгурæй чи фæмард, уыдоны мæдтæ æрбацыдысты Мамысонмæ сæ мæрдты бæрæггæнæг. Мæрдты уæлхъус лæууыди Будатæй Дæхци, уындæй дæр, кондæй дæр уый хуызæн рæсугъд лæг зæхх нæ федта, фæлæ хъаруйæ дæр æмæ лæджыхъæдæй дæр уымæй ницæйагдæр Мамысоны комы нæ уыд.  Мамысон бавдæлдысты æмæ ноджы хуыздæр арæзт скодтой Дæхцийы. Хуыздæр дарæстæ йыл скодтой, хуыздæр хæцæнгæрзтæ йыл æрбастой. Афтæмæй мæрдты уæлхъус схъæлæй рацу-бацу кæны Дæхци.

Азанет-æхсин æмæ Дыгуры устытæ кæугæ фæцæуынц мæрдтæм; Азанет-æхсин байдыдта хъарæг кæнын, – дыууæ фырты йын фæмард хæсты:

– Ме стыр тых, ме стыр ныфс туаллаг нæмыгæй иу бон æрбайсæфти. Уæй-йа, мæ бон, уæу, мæ мæгуыр бон! Мæ бон æмæ бирæ мæ хуызæтты бон!   Кæд уæ ахæм лæг амардта, йе ’хсæвхуыссæн йæ бондарæс кæмæн у! Кæд уæ ахæм лæг амардта, йæ ус æнæхсадæй кæрдзын кæмæн кæны.  Кæд уæ ахæм лæг амардта, йæ ус йæ гуыдын йæ агъды фарсыл кæмæн мæрзы…

Æрынцад йæ кæуынæй Азанет-æхсин æмæ дзуры Мамысоны адæммæ:

– Ме ’дзард лæппуты марджытæй мын иу равдисут.

– Цæмæн дæ хъæуы! Куы йæ фенай, уæд дæ зæрдæ фæрисдзæн. Иу лæджы къухæй бацыдысты мæрдты бæстæм.

– Курын уæ, æмæ мын æй равдисут, – уæлдай мын нал у, цы фæдæн, уый фæдæн.

Уæд ын Будайты Дæхцимæ бацамыдтой:

– Уæртæ уый у дæ фыртты марæг.

– Мæ зæрдæ иучысыл æрынцад, – загъта Азанет-æхсин, – иугæр сæ адзал искæй къухæй æрцыд, уæддæр сæ æгайтма лæджы хуызæн лæг амардта; уый æлдар куы у æлдар…

 

Æхсыры фидыд

Ирон адæммæ рагæй фæстæмæ баззад авдæны фидыд. Нырма-иу авдæны чи хуыссыдис, ахæм æнахъом лæппу æмæ чызджы фидæны æмкъайады тыххæй-иу бадзырдтой сæ ныййарджытæ.

Уыцы æгъдауы нысан уыдис, æнгом æмæ хæларæй чи цард, ахæм дыууæ хæдзары ахастдзинæдтæ хæстæгдзинадмæ раивын. Сывæллæтты ныййарджытæ-иу баныхас кодтой сæхæдæг æнæ æвдисæнтæ æмæ æхсæны лæгтæй. Кæрæдзийæн-иу дзырд радтой, сæ бадзырд та-иу бафидар кодтой авдæнты сæрхъæдтæ кардæй ныуугард кæнгæйæ. Авдæнмæ бафидауджытæй-иу исчи уыцы фидыд куы фехæлдта, уæд-иу уый расайдта стыр тугкалдмæ, бирæ хатт-иу ахæм тугкалды фæстиуæгæн æнæхъæн мыггаг дæр аскъуыдысты.

Ис ма ахæм ныхас дæр «Æхсыры фидыд». Бирæтæм афтæ кæсы, цыма уый æндæр цыдæр æгъдау уыдис нæ фыдæлтæм. Фæлæ сæ ницы хъауджы уыдис, Ирыстоны йæ хицæн кæмтты афтæ кæй хуыдтой, уымæй уæлдай.

 

Армыдзыд

Ныры дуджы ирон адæмæй ацы дзырд хъусгæ дæр ничиуал фæкæндзæн, уымæн æмæ раджы ферох. Цы нысан кодта армыдзыд? Афтæ хуыдтой, тыхст рæстæджы-иу йæхи стырдæр, тыхджындæр мыггаджы дæлбазыр чи бакодта, ахæм æдых, цыбырнымæц мыггаджы, ома, кæйдæр армыдзаг. Сæхи-иу цы  мыггаджы бар бакодтой, уыцы мыггаг сын армдарыны сæрмæ  кæнын кодтой бегарайы куыстытæ. Фыстой сын хъалон дæр, уый та хуыдтой «къусхъалон», уымæн æмæ сын хъалон фидыны бар лæвæрдтой алцæмæй дæр, суанг бæгæныйы къусы онг.

 

Куырды хай

Ирон адæммæ рагзамантæй абоны онг дæр æрхæццæ хæйттæ æрвитыны æгъдау. Цыфæнды фынгæгъдауы дæр вæййы алыгъуызон хæйттæ. Хæйттæ фервитынц дардæй æрцæуæг уазджытæн, æгæрстæмæй кусарт чи акæны, кæнæ фынгыл кувæг чи вæййы, уыдонæн дæр. Фæлæ ацы æгъдау ирон адæммæ  сæрысуангæй фæзынд, куыд куырды хай, афтæ. Хъæугуывдтæй, кæнæ хицæн бинонты цины фынгтæй, хисты æмæ æндæр зианы кæндтæй хъæуы куырдæн уыдис сæрмагонд хай – кусарты дзидзайæ стыр къуылдых, кусарты царм (кæд гал кæнæ хъуг уыдаид, уæд), бæгæны æмæ арахъхъ. Уый дзурæг уыдис ууыл, уæды заманы ирон адæмы царды иууыл ахсджиагдæр бынат кæй уыдис куырдæн, уымæн æмæ йæ сæр алкæй дæр бахъуыдаид.

 

Æлвæст хъуыдытæ, цитатæтæ

 

Цыдæриддæр цæрæгудтæ ис, уыдонæн се ппæты зондджындæр адæймаг у, фæлæ рæдигæ дæр се ппæтæй арæхдæр адæймаг кæны.

***

Иуæй-иутæн ныххатыр кæнын дæр фаг тæрхон у, кæмæндæрты та карз тæрхон дæр æгъгъæд нæу.

***

Цалынмæ тыхджын дæ, уæдмæ тых макæмæ хæсс, цалынмæ хъæздыг дæ, уæдмæ мæгуыры ма фхæр. Гæнæн ис æмæ дын, æнæаххосæй кæй æфхæрыс, уый дæ тыхмæ тых ссара, дæ ных дын батона æмæ дæ исбон, дæ хъæздыгдзинад дзæгъæл баззайа.

***

Ныхасы уæз уæд, уыйедтæмæ йæ æмбарæг уыдзæн.

***

Цалынмæ кад æгадæй иртасынхъом дæ, уæдмæ хъахъхъæн дæ кад, дæ сæр сæрмæ хæсс.

***

Цард æмæ амонд бæрзонд æмæ ныллæг не взарынц, адæймаг йæхæдæг у йæ бæрзæнд аразаг дæр æмæ бæрзæндæй ныллæгмæ кæнæг дæр.

***

Цы дæ хонынц, уымæн бынтондæр ницы нысануæг ис, сæйраг у, цы дæ уый.

 

Рагон къамтæ дзурынц

Ацы къам ист æрцыд 1897 азы, Парижы. Астæуæй ирон дарæсы лæууы Тыбылты Газым.

 

Хъæлдзæг хабæрттæ

ÆМБÆЛЦЦÆТТÆ

Ирон, уырыссаг æмæ дзуттаг иумæ таксыл фæцæйцыдысты. Машинæ былæй атахт æмæ коммæ фæтулы. Уырыссаг йæ арахъы авгмæ фæлæбурдта:

-Уый ма уæддæр аназон!

Дзуттаг таксы хицаумæ бауырдыг:

– Кæд хаугæ кæнæм, уæд ма де хцанымайæн цæмæн кусы?

Ирон ныззарыд:

– Ой, уæрæйдæ, сиуæрæйдæ,

Фервæзтæн мæ цардæй уæдæ!..

 

ЛÆГ ÆМÆ УСЫ УЛÆФТ

Иу лæг дард бæлцы цæугæйæ иу идæдз усмæ æрфысым кодта. Æхсæвæры фæстæ фæллад лæджы йæ уæнгтæ хуыссæнмæ ивазын райдыдтой.

– Цæй, баулæфæм, – загъта фысымæн.

Сылгоймаг ын бауат кодта. Лæг куы схуыссыд, уæд сылгоймаг сынтæджы тигъыл æрбадт æмæ уазæгмæ дзуры:

– Ныр цы бакæнæм, ацы иу сынтæг йедтæмæ мæм нæй æмæ… Цæй, лæг æмæ усы улæфт бакæнæм…

– Хуыцау дæ саразæд! – загъта йын фæллад бæлццон æмæ йæ чъылдым сылгоймагмæ фездæхта.

Рагон къамтæ дзурынц

Рагон къамтæ дзурынц

Ацы къам ист æрцыд 1897 азы, Парижы.

Астæуæй ирон дарæсы лæууы Тыбылты Газым

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.