Хурты хур – Бурдухан

Алайнаг паддзахы чызг Бурдуханæн рагон гуырдзиаг историктæ лæвæрдтой диссаджы характеристикæтæ.  Зæгъæм «Паддзæхты стауæг æмæ азфысты» автор фыста: «Паддзах куы уыд, уæд фыд (Деметре) йæ фыртæн, фидæны паддзах Гергийæн усæн æрхаста паддзах Худданы хурæнгæс чызг Бурдуханы. Йæхæдæг йæ рæсугъдзинадæй уыд хурты хур. Уый… зæгъгæ йын мой нæ уыд, уæд йæ хæрзæгъдау, куырыхондзинад, æмæ рæдаузæрдæйы тыххæй зæрдыл лæууын кодтаид арв æмæ зæххы бардуаг Марияйы». Гуырдзыстоны успаддзах Тамарыл аргъуаны сыгъдæг бынаты паддзахы худ æркæныны тыххæй историк фыста: «Хуыцауы фæндæй паддзахы кæлæтджыныл æрбадт Тамар… паддзах Деметрейы фырт паддзах Гергийы чызг, Георгийы ус Бурдуханæй – алайнаг паддзахы чызгæй чи райгуырд, алы ахасты дæр, уæлдайдæр Тамары мад кæй уыд, уымæй, æппæт сылгоймæгты сæрты дæр чи акаст; æндæр ахæм чындз уыцы заманты нæ федта гуырдзиæгты бæстæ, уый аккаг у, цæмæй йæ фæстагæттæ сæ зæрдыл дарой фæлтæрæй фæлтæрмæ». Астæуккагæнусон азфысджытæ ма ахæм бæрзонд бынаты æвæрдтой æрмæстдæр Бурдуханæн йæ чызджы – успаддзах Тамары, Дауыт Сосланы усы.

(Къамы;«Бурдухан» – ХЪОТАЙТЫ Григолы конд ныв)

Ирон адæмы тыххæй загътой:

  «Ирæттæ сты уыцы уæрæх къордты знæмты фæстаг æрхъис, кæцыты антикон автортæ хуыдтой скифтæ, сæрмæттæ æмæ алантæ»

Жорж Дюмезил

«Кавказы, цы ран æмткæй сисгæйæ æлдариуæг кæны Кавказæй Азийы онг рассæ, ныхмæвæрд сты европæйаг æмæ азиаг къордтæ. Уæздан адæм ирæттæ, аланты фæдонтæ, иннæтæй хицæн кæнынц, бæрзонд кæй сты, уымæй, сæ 30% сты бурхил æрвгъуыз цæстытимæ»

Ганс Фридрих Карл Гюнтер

«Мах Дюмезилимæ уыдыстæм иу хъуыдыйыл хæст европæйаг зонадæн скифты фæстаг фæдонтæ – ирон адæмы ахсджиагдзинад нымайгæйæ.

Эмиль Бенвенист

“Бузныг зæгъын Хуыцауæн, ирæттимæ мæ кæй схæлар кодта æмæ мын туркаг нæмгуыты бын сæ хъæбатырдзинад æмæ рæдау зæрдæтæн аргъ кæныны фадат кæй радта»

Инæлар Тутолмин

Æхсин суæвыны аккаг чызг

Иу æрыгон паддзах сфæнд кодта ус ракурын.  Йæ паддзахады цыдæриддæр куринаг чызджытæ уыд, уыдонмæ фæсидт æмæ дзы  алкæмæ дæр радта рæсугъд дидинæджы тауинаг. Загъта сын, цæмæй сæ алчи дæр æрдæг азы фæстæ уыцы бынатмæ æрбацæуа, кæй æрзайын кæна, уыцы дидинæгимæ, æмæ кæй дидинæг рæсугъддæр разына, уый равзардзæн усагæн.

Æрдæг азы фæстæ чызджытæй алчи дæр æрбацыд рæсугъд дидинæгимæ, æрмæст дзы сæ иумæ нæ уыд дидинæг æмæ иннæты æхсæн лæууыд ныхкъуырд æмæ мæгуыргъуызæй. Паддзахы фырт æй куы бафарста, ды æнæ дидинæгæй цæмæн æрбацыдтæ, зæгъгæ, уæд чызг саст хъæлæсæй афтæ зæгъы:

– Алцы дæр арæзтон, куыд æмбæлы, афтæ, цæмæй мæм кæй радтай, уыцы  тауинаг схæцыдаид, фæлæ уæддæр мæ къухы нæ бафтыд йе рзайын кæнын.

Уæд паддзахы фырт йæ мидбылты бахудт æмæ загъта:

– Нæ, хорз чызг, æрмæстдæр ды рзайын кодтай æхсинæн равзарыны аккаг дидинæг – намыс æмæ хæрзæгъдауы дидинæг… Æз уыл цы тауинæгтæ байуæрстон, уыдон иууылдæр æнæуд уыдысты, иу дæр дзы не схæцыдаид…

Рагон ирон дзырдтæ

Æвддаджы сæр – æвдæмы сæрмæ, æвдæмæй уæлæмæ.

Æгонд – æнæарæзт, æнæкондæй баззайæг ми, исты хъуыддаг.

Æдахст – куыстуарзаг адæймаг.

Æмыджыр – иу лæджы дыууæ усæй сæ иу.

Æнхæлцæ – зулдзых уæвын, фыдæхзæрдæ дарын.

Æргъай – цæугæдоны кæсаг.

Æртæфтуд – хатыр кæнæн кæмæн нæй, ахæм адæймаг.

Æстарын – бамбæрзын, сагъуындын.

Æхсæлæгин – ногуард, æрæджы чи рхæцыд, ахæм мит.

ХЪÆЛДЗÆГ ХАБÆРТТÆ

Æгæр раджы

Дыууæ къæрныхы фæцæуынц горæты уынгты. Кæсынц æмæ иу хæдзары дыккаг уæладзыджы балкъоныл диссаджы рæсугъд гауыз. Сæ зæрдæ йæм куыднæ бахъазыдаид. Куыддæр æм сбырыдысты, цæмæй йæ æрисой, афтæ милиционер сæ уæлхъус алæууыд æмæ сæм бынæй уæлæмæ хъæр кæны:

– Цы ми кæнут уым, цы аразут?

Къæрныхтæй йæм сæ иу бынмæ æрдзырдта:

– Ам не мбал цæры. Хуыцаубоны ус кæны æмæ йын ацы гауыз лæварæн æрбахастам. Хæдзары сæ ничи ис æмæ уал æй балкъоны æрывæрæм.

– Æмæ абон нырма æртыццæг куы у, æгæр раджы йæ не рбахастат? –  афарста сæ милиционер.

Къæрныхтæ кæрæдзимæ бакастыты:

– Раст нын зæгъы, раст, æгæр раджы йæ æрбахастам, – загътой æмæ гауыз балкъонæй æристой.

Чъынды фысымы зæрдæ

Иу чъынды лæг мыд кæрдзынимæ хордта. Уыцы рæстæджы йæм чидæр уазæгуаты бацыд. Фысымæн кæрдзын амбæхсын бантыст, фæлæ мыд амбæхсын йæ къухы нал бафтыд. «Цæй, ницы кæны, – ныфсытæ æвæры йæхицæн. – Уæддæр дзы æнæ кæрдзынæй нæ бахæрдзæн».

 Æмæ мыд къус уазæджы раз авæрдта:

– Мыд дæ нæ хъæуы?

– Бузныг, куыднæ мæ хъæуы.

Уазæг уыцы зæрдиагæй куы бавнæлдта мыд хæрынмæ, уæд фысым стыхст æмæ йын афтæ зæгъы:

– Æгæр бирæ дзы куынæ хæрис, мыд зæрдæ риссын кæны…

– Дæ зæрдæ кæй риссы, уый æз дæр хатын, – хинæйдзаг худт бакодта уазæг æмæ та хæрынмæ бавнæлдта…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.