2008 азы фæстæ нæ республикæмæ сабырад куы æрцыд, уæд демаркаци æмæ делимитацийы фæдыл къамис кусын райдыдта ирон-гуырдзиаг арæнтæ æрбæстон кæныныл. Уый ирон адæмæн æрхаста æдасдзинады гаранти, фæлæ, хъыгагæн, стæм хъæуты ирон цæрджытæн та, кæцытæ арæн кодтой Гуырдзыстоны хъæутимæ, æрхаста зындзинæдтæ, æдзухон проблемæтæ.  Равзарыны бар сын уыд, фæлæ… дæ хæдзар, дæ фæллой ныууадзын æнцон нæу. Де ‘ввахс адæм арæнæн иу фарс куы уой, дæхæдæг  – иннæ, дæ зæнæджы, дæ хо æмæ æфсымæры уыныны фадат дын куынæ уа, уæд цард зындон у. Ахæм уавæры сты Ле-нингоры æмæ Цхинвалы районы хъæутæй цалдæры цæрджытæ.

Арæнты æрæвæрд æвзæрæрдæм бандæвта Зардиаты хъæуы цæрджытыл. Хъæу хæрзхæстæг у Хелцуайы хъæумæ, фæлæ се ‘хсæн арæн ис, кæрæдзимæ цæуыны бар сын нæй. Зардиаты хъæу раздæр дæр Гуры районмæ хауд. Гуырдзиаг хъæу Меретмæ хæстæг дзы цы гуырдзиæгтæ цард, уыдон раздæр дæр нæ хæццæ кодтой ирæттимæ. Хелцуамæ æввахс ирæттæ та ацы хъæуы цæрджытимæ сæхи иу хъæуыл нымадтой, сæ цин, сæ хъыг иу уыд. Ныр ацы хъæу æртæ хайыл дих у – хъæуы сæрмæ чи цард, уыдон Хелцуайы хъæумæ баиу сты, иннæтæ – Мереты хъæумæ, æртыккæгтæ дыууæ арæны ‘хсæн зонæйы баззадысты. Абон уын мах радзурдзыстæм, дыууæ арæны ‘хсæн чи цæры, уыцы бинонтæй иуы царды уавæры тыххæй. Бестауты Жори æмæ йе ‘мкъай Дыгъуызты Людмилæ рагæй цæрынц ацы хъæуы. Кæй зæгъын æй хъæуы, абоны уавæрты сæ зæнæг семæ нæ цæрынц. Ирыстоны зæхмæ æрбахизыны фадат сын уыд режиммæ гæсгæ. Пандеми куы райдыдта, уæд Жори ацыд Цæгат Ирыстонмæ йæ фыртмæ. «Коронавирусы низ куы райдыдта, уæд арæны сæрты цъиу атæхын дæр нал бауагътой. Мæныл æмæ мæ цардæмбалыл дæр цæгаттаг климат æвзæрæрдæм æндавы. Ам уæддæр фылдæр уарзын. Мæ цæхæрадоны иу зылд цы ракæнын, уый ад мын ницы кæны. Æз цæрæнбонты зæхкусæг лæг уыдтæн æмæ ныр дæр æгуыстæй мæ бон нæу. Раздæр-иу нæ арæнты сæрты къуыри æртæ хатты уагътой, цы тыллæг-иу æркодтам, уый уæй кодтам Цхинвалы базары. Кæд горæты дыргъы килограмм сæдæ соммæ хызт, уæддæр-иу сæ мах та 50 соммæ   лæвæрдтам. Зæгъæм, боны мидæг сæрибарæй тыдтон 25 ведрæ мæнæргъы. Арæнхъахъхъæнджытæ мын бар нæ лæвæрдтой уыдон арæныл ласынмæ, гуырдзиаг цæрджытæй, дам, сæ æлхæныс, фæлæ нын нæ дыргъдæттæ æмæ быдыр сæхи цæстæй куы фениккой, уæд ахæм ныхæстæ нал кæниккой.

Ахæм уавæры ма хъæуы ис ноджыдæр фондз хæдзары. Афтæ фæзæгъынц, зæгъгæ, махæн адрес нæй, буферон зонæйы бадæм, нæ цæхæрадæттæн се ‘рдæг ис Гуырдзыстоны, иннæ ‘рдæг та – Ирыстоны. Нæ зæнæг нæм нæ цæуынц, иуæрдыгæй сæ Гуырдзыстоны арæнхъахъхъæнджытæ нæ уадзынц, аннæрдыгæй Уæрæсейы æфсæдтæ. уазæг ныр дæс азы нæ хæдзары никуы уыд æмæ нæ хæдзæртты дæр фарн кæцæй хъуамæ уа.

Бестауты Мзиайæн йæ цæгат Хелцуайы хъæуы ис, фæлæ йæм дзы чи хъуамæ бацæуа, арæнхъахъхъæнджытæм цы номхыгъд ис, уым фыст не ‘рцыдысты йæ рæстæджы. Ацы фондз бинонтæм сæ хиуæттæй исчи куы æрбацæуы, уæд фембæлынц арæныл, сындзджын телы бын цы хуынкъ ис, уый хонынц «рудзынг Ирыстонмæ». Æрбацæуæгмæ сæ къух уырдыгæй æрбадаргæйæ райсынц, уым фæныхæстæ кæнынц зæрдæбынæй æмæ та фæстæмæ сæ хæдзæрттæм афæндараст вæййынц æнкъардæй. Пандемийы рæстæджы сын бынтондæр фадат нæй æддæмæ ахизынæн. Кæд раздæр райсом 8-10 сахатмæ æмæ сихорыл та 2-5 сахатмæ лæвæрдтой бар ахизынæн, уæддæр ныр уыцы бартæ нал ис.

«Фæззæджы тыллæгæй æнæфтиаг фæдæн фарон. Мæ цæхæрадон гуырдзиæгты посты дæллагфарс ис æмæ мæ ацы коронавирусы тыххæй нал бауагътой мæ тыллæг æфснайынмæ. Дардыл фæндаг ма йæм ис, фæлæ ууылты та кæд дæ къухы исты рахæссай, æндæр дын уæрдоныл ницы бантысдзæн раласын. Раздæр гуырдзиаг пост Мереты хъæ-уы райдианы уыд, ныр æй суанг нæ дзыхмæ схастой. Ацы аз таугæ ницы бакодтам, фæлæ дыргътæ хорз æрзадысты æмæ сæ дзæгъæл куыд ныууадзæм», – дзырдта Бестауты Жори.

Ам, дыууæ арæны астæу, цы цæрджытæ баззад, уыдонæй сæ иу та ахæм цау радзырдта: «Ивгъуыд аз нæм иу ацæргæ нæлгоймæг амард, уый йæ удæгасæй йæ цотæн бафæдзæхста, цæмæй йæ йе ‘мкъайы фарсмæ бавæрой, ирон уæлмæрды. Зардиаты хъæуы уæлмæрдæн дæр йæ иу хай Ирыстоны баззад, иннæ та – Гуырдзыстоны. Зæнæг сæ фыды фæстаг фæндон æххæст кæнгæйæ, райсом 10 сахатыл рахастой зиан хæдзарæй арæны сæрты, цæмæй ма бафæстиат кæной, йæ чырын ын буферон зонæйы æрæвæрдтой æмæ уым æнхъæлмæ кастысты, цалынмæ йæ хæссын афон æрцæуа, уый фæстæ дыууæ фынг æрæвæрдтой, иу – Ирыстоны, иннæ – Гуырдзыстоны.

Мæ фарстæн, ома, 90-æм азты цæмæннæ фæлыгъдыстут ацы æнæхайыр бынатæй, Жори ахæм дзуапп радта. «1990-92 азты хæсты рæстæджы ацы хъæуы быдыртæ гуырдзиаг æнæформалтæй байдзаг сты, адæмæн сæ муртæ фæхастой. Мах дæр нæ хæдзæрттæ ныууагътам, фæлыгъдыстæм, авд азы дæргъы фæ-цардыстæм Цхинвалы, стæй мæ уырдыгæй дæр рар-выстой – кæй хæдзары цардтæн, уый кæддæр уыд гуырдзиаджы хæдзар æмæ мын æй фæстæмæ тæрхондон уымæн радта, хисæрмагонд исад, дам у. 2012 азы арæнтæ куы æвæрдтой, уæд хъæуы цæрджытæ ныццыдыстæм Хи-цауадмæ. Уæды Хицауад ныфс æвæрдта, ирон арæнмæ хæстæг нын хæдзæрттæ кæй сараздзысты, науæд та, дам, уын мæскуыйаг микрорайоны ратдзыстæм цæрæнуæттæ. Фæлæ уавæр абоны онг дæр нæ фæивта».

Ацы хъæуы цæрджыты уавæр кæд зын у, уæддæр мæм хъайтартæ кæсынц. Цалдæр хатт сæ бахъуыд алидзын, ныу-уадзын сæ хæдзæрттæ, фæлæ та, зындзинæдтæй нæ тæрсгæйæ, æрбаздæхынц фæстæмæ. «Мæн фæнды, цæмæй уа сабырад! Мæ бар уа, кæдæм мæ фæнды, уырдæм ацæуынæн. Кусгæ та кæндзынæн фæстаг сулæфты онг», – зæгъы Жори.

Уазæгты Марфа

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.