ЛЕХУРАГОМЫ ФÆДИСÆТТÆ

Хуыбиаты Уасо æмæ Хацырты Олгъа. Æмкъæйттæ, хъæбатыртæ, адæмы сæрыл тохгæнджытæ, 1905-1907 азты революцион змæлды активон хайадисджытæ.

Ацы дыууæ легендарон адæймаджы цард æмæ тохы хабæртты тыххæй Иры дзыллæ бæстондæр базыдта зынгæ ирон фыссæг Хацырты Сергейы хъуыстгонд роман «Хæхты «Фæдисон»-ы фæрцы. Фæлæ уацмыс рухсмæ куы фæзынд, уæдæй абоны онг дæр бирæтæ нымайынц, зæгъгæ Хуыбиаты Уасо æмæ Хацырты Олгъа сты фыссæджы æрымысгæ аивадон фæлгæнцтæ. Афтæмæй та фыссæг йæ уацмысы хъайтарты иууылдæр сфæлдыста реалон цауты, историон хабæртты бындурыл. Уасо æмæ Олгъа дæр сты реалон адæймæгтæ. Уарзон-дзинад сæ баиу кодта хæстон дуджы, фæлæ кæрæдзийыл æнувыд уы-дысты цыфæнды уæззау фыдæвзарæнты дæр. Тох кодтой мæгуыр, зæхкусæг адæмы сæрибардзинады сæрыл Гуырдзиаг æлдæрттæ æмæ тыхгæнæг хъазахъаг æфсады ныхмæ. Уасо карз тохы рæстæджы фæмард, фæлæ уыцы уæззау рыст йæ хотыхтæ не рывæрын кодта йе нафоны идæдз Олгъайæн, уый нæ, фæлæ йæ мойы бæсты дæр йæхи æппæрста хæсты цæхæрмæ, адæмы сæрвæлтау æнæ-мсæр тохмæ. Ацы дыууæ хъæбатыр адæймаджы тыххæй цы мысинæгтæ æмæ историон факттæ баззад, уыдонмæ гæсгæ Олгъа æрмæст æх-сарджын  сылгоймаг нæ уыд, фæлæ йæм уыд диссаджы хæстон раздзо-джы миниуджытæ, йе мхæстонтæ йæ нымадтой куырыхон хæстон разамонæг æмæ стратегыл.

Ныхасы фарн æмæ ныхасы тых

Æвæццæгæн, ныхасæй тыхджындæр нæдæр хæцæнгарз у, нæдæр удгойма-джы хъару. Нæ фыдæлтæ-иу уымæн загътой: «Ныхас адæймаджы мæрдтæм дæр æрвиты, мæрдтæй дæр æй здахы», кæнæ: «Рæстдзæвин ныхас уæлахиз хæссы!»

Ныхас фидар хæцæнгарз у, æмæ кæддæриддæр тæрсын хъæуы йæ дзæгъæл гæрахæй. Цалынмæ ныхас зæгъай, уæдмæ йын йæ фæстиуæг дæ цæстытыл ауайын кæн.

Ныхасгæнгæйæ хиуылхæцын уæздандзинад бæрæггæнæн у.

Ныхас лæджы кадджын дæр кæны æмæ æгад дæр.

Ныхасгæнæгæн цæмæй йæ ныхасы уæз уа – нысаныл æмбæла, уый тыххæй лæг хъуамæ раздæр ахъуыды кæна мæнæ ацы фондз уагæвæрдыл:

а) зæгъын æй хъæуы æви нæ?

æ) цы хуызы йæ загъдæуа (сабырæй, хъæрæй, мæстыйæ, хъæлдзæгæй, æргомæй, дæлгоммæ, хъазгæмхасæн)?

б) кæд æмæ йæ кæцы ран загъдæуа?

в) кæмæн æй хъæуы зæгъын?

г) цы дзы æмбулыс ды æмæ цы рамбулдзæн дæ ныхасæмбал?

Хуымæтæджы нæ фæзæгъынц: «Дæ ныхас уал баууил, стæй йæ зæгъ». Науæд: «Дзырд топпы фатæй уæлдай нæу, æхст куы ‘рцæуа, уæд æй фæстæмæ нал раздахдзынæ».

Зон, ирон адæмæн æнæуынон чи уыди æмæ у, уыцы ныхасы хуызтæ:

— æнæпайдайæ бирæ дзураг (дзæнгæдацæгъдæг);

— æнхъæлæй кæнæ искæй дзыхæй дзурæг, искæуыл цъыфкалæг;

— цæстмæхъус æмæ мæнгард ныхасгæнæг;

— æппæлой – йæхицæй кæнæ хионæй æппæлын;

— схъæл ныхасгæнæг, ныхасæй тæрсынгæнæг æмæ дæлдзиныггæнæг;

— æнæфсарм – чъизи ныхасгæнæг;

— рæстдзинады охыл зæгъын кæм хъæуы, уым ницы зæгъæг;

— нымудзæг æмæ дзырдхæссæг.

З А Л К А Л М

Иу бæсты Залкалм æрбадт æмæ адæмыл йæ дзыхæй цырен арт калдта. Йæ судзгæ цыренæй зынг фестад уæлдæф, æмæ адæм мардысты æнудæй. Асаст адæмæн сæ уæнджы тых, алы рæтты хаудысты мæрдтæй, удæгæстæ нал фæрæзтой фезмæлын.

Уæд Залкалм рауагъта йæ хилæгтæ, æмæ ныццавтой адæмыл сæхи; байдыдтой цъирын адæмы хъарм туг. Алы хилæг дæр бон дыууæ æнгуырстуаны цъырдта, уыдонæй иу нуæзта йæхæдæг, иннæ уагъта бæлæгъы; сæдæ ахæм бæлæгъæй уади туг уæрæхдæр бæлæгъмæ, уымæй та ноджы уæрæхдæрмæ.

Залкалмы дуармæ лæууыди уыцы иууыл уæрæхдæр бæлæгъ: версты бæрц уыдаид йæ дæргъ, сæдæ сардзины – йæ уæрх. Уымæ сæдæ бæстæйæ сæдæ бæлæгъы арæзт уыдис æмæ-иу йæ уæлбылтæм байдзаг алы бон дæр. Сихорыл-иу Залкалм бæлæгъы йæ бырынкъ фæцавта æмæ-иу байдыдта нуазын сырх туг – ницуал-иу аззади бæлæгъы. Залкалм-иу ныддымст æмæ-иу ноджы  зæрдæхъæлдзæгдæрæй калдта адæмыл тыхджындæр цырен.

Афтæмæй цыдысты бонтæ, ивгъуыдтой афонтæ. Чи зоны, цас туг банызта Залкалм. Фæлæ иу бон скодта тыхджын дымгæ хурныгуылæнæй. Фæзынди мигътæ, ныннæрыд арв. Залкалм фæтарст. Райдыдта тыхджын уарын. Залкалмы цырен арт ахуыссыд, æмæ ныууазал уæлдæф.

Адæм сулæфыдысты, ногæй та сæ бацыди тых æмæ байдыдтой змæлын.

Уарынæй хилæгтæ нал уæндыдысты æддæмæ ракæсын. Залкалм дæр йæ галуаны бадтис æнцад, фæсасти уымæлæй йæ тых. Дзырдта ма йæхинымæр: «Ма мæ сæргæвдой!.. Æгас ма куы баззаин, уæд сисин мæ абоны маст».

Фыртæсæй Залкалм куы рызтис æмæ ма зæрдæтæ куы вæрдта йæхицæн, уæд адæм та дыууæ дихы фесты. Иутæ загътой: «Цом æмæ амарæм нæ тугцъиры, кæннод нæ стæй дæр нæ уадздзæн æнцой». Уæд загътой иннæтæ: «Ма тæрсут! Залкалм тæссаг нал у. Йемæ та ма цы хæцæм, барæй загъдмæ нæхи цы тæрæм? Ныр дæр æнцон хæцæн нæ уыдзæн йемæ, æмæ нæхицæй дæр фæхъæудзæни бирæ. Фæлтау æй ныууадзæм йæхи бар, æмæ нæ ныууадздзæн уый дæр. Ныр базыдта йæ бон æмæ ма махмæ кæм уæнды!»

Афтæ кæрæдзимæ фæбыцæу сты адæм. Залкалм та йæхинымæр худгæ кодта: «Фæлæуут, мæ хуртæ, æз та уын базонын кæндзынæн».

Уалынмæ мигъты ахаста дымгæ, къæвда банцад, æмæ та Залкалм фыццагæй фыддæр уадзын райдыдта йæ цырен арт. Ногæй та бæстæ фестади зынг…

Хъæлдзæг хабæрттæ

Мæрдтæм хуын

Иу зымæгон бон кæйдæр хъæуы уынгты фæцæйцыдис, уазалы чи баргъæвст, ахæм тæнæгконд мæгуыр лæг. Иу сæрхъæндзæф сылгоймаг йæ разы балæууыд æмæ йæ фæрсы:

– Кæдæм цæуыс, мæгуыр лæг?

Мæгуыр лæгæн хъыг уыдис сылгоймаджы сонт фарст æмæ йын дзуапп радта:

– Мæрдтæм.

– Æмæ уæд цæугæ та кæцæй кæныс?

– Мæрдтæй.

– Уæдæ уым мах лæгыл никуы амбæлдаис? Уый дæр мæрдты ис.

– Куыднæ йыл амбæлдтæн? Дзæнæты иумæ цардыстæм.

– О, мæ бон, æмæ дзы уæдæ цы хабæрттæ ис?

– Тынг уазал рæстæг дзы скодта æмæ уазалы тыхсæм.

– Дæ хорзæхæй, нæ лæгæн ам хорз кæрц баззад æмæ ма йын æй ахæсс, ма фæзивæг кæн.

– Цæуылнæ йæ ахæсдзынæн? Марадз рахæсс æй.

Мæгуыр лæг кæрц райста æмæ афардæг. Уалынмæ сылгоймагæн йæ фырт балцæй æрцыдис æмæ йын мад аппæлыд, йæ фыдæн ын мæрдтæм кæрц кæй арвыста, уыцы хабар.

– Æнхъæлдæн æмæ дæ чидæр фæсайдта, – загъта лæппу. Йæ бæхыл абадт æмæ мæгуыр лæджы фæстейæ асырдта. Мæгуыр лæг бæхы къæхты хъæр куы фехъуыста, уæд ма йын цы базонын хъуыд, фæстейæ йæ кæй расурынц, уый.  Кæрц фæсфæндаг æрæвæрдта, йæхæдæг фæндаджы былыл æрбадт.

Лæппу йæ фæрсы:

– Хорз лæг, ам кæрц чи хаста, ахæм лæджы нæ федтай?

– Нæ федтон, дæ рын бахæрон, уæртæ ма бæласыл схиз æмæ уырдыгæй акæс, чизоны йæ суынай.

– Уæд мын, дæ хорзæхæй, мæ бæхыл фæхæц, – загъта лæппу æмæ идон мæгуыр лæджы къухы фæсагъта. Лæппу бæласмæ куы схызт, уæд мæгуыр лæг кæрц фелвæста, бæхыл абадт æмæ сæхимæ афардæг. Лæппу хæдзармæ æнкъардæй куы бацыд, уæд æй йæ мад фæрсы:

– Цæмæн æнкъард дæ, мæ лæппу, дæ бæх та цы фæцис?

– Уыцы лæг афтæ, кæрц, дам, мын дардмæ хæссинаг у дзæнæты æмæ йын дæ мойæн йæ бæхы дæр арвыстон. Æнкъард та уый тыххæй дæн æмæ ма йын, чи зоны, исты арвитын хъуыд æмæ йын нæ арвыстам…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.