Даредзанты Росаппы æртæ фырты

Гуырдзы сæхи кæй бакодтой, уыцы æнæмæлгæ уацмыс «Стайыцармдарæг»-ы сæрæй кæронмæ Нарты кадджыты сюжеттæ æмæ хъайтартыл кæй æмбæлæм, уымæй уæлдай ма ноджы иу цæвиттон, поэмæйы автор ирон лæг кæй у, уый бæлвырд кæнынæн: Даредзанты таурæгъты ис,  хъæбатыр, тыхгæнæг чи у, ахæм хъайтар – Расапп. Тых хаста æрмæст æддагон адæмтæм нæ, фæлæ йæхи адæм, йæхи мыггагмæ дæр. Даредзантæ дзы куы сфæлмæцыдысты, уæд загътой, махæн аимæ цæргæйæ нал у, зæгъгæ, æмæ йæ амардтой æууæнкæй. Уыцы Росаппæн баззад æртæ фырты дзидзидай сывæллæтæй. Сæ нæмттæ хуындысты Автандил, Талиар æмæ Придон. Талиары дæр ма Тариелмæ куы раивæм, уæд рауайдзысты «Стайыцармдарæг»-ы сæйраг хъайтартæ – Тариел Автанди æмæ Придон…

 

Раст тæрхон

Иу хатт дын æлдар æмæ мæгуыр лæг балцы араст сты. Фæндагыл мæгуыр лæгæн йæ бæх ныззади. Æлдар ын афтæ зæгъы:

– Ацы байраг мæн у, мæ бæх æй ныззади.

– Хуыцауæй дæр нæ тæрсыс, – дзуры йын мæгуыр лæг. – Кæд ма федтай æмæ нæл бæх байраг ныззайа!

– Байраг у мæн, æмæ фæцис, – загъта æлдар.

Уæд сæ хъаст тæрхонгæнæгмæ бахастой. Тæрхоны лæг хæдзары нæ разынд, фæлæ йæ чызг рацыд сæ размæ. Мæгуыр лæг чызгæн йæ хъасты хабар ракодта, æмæ афтæ зæгъы:

– Уæдæ кæдæм ацыдаид дæ фыд, уæд та уый куы зонин, абон ма фæзындзæн æви – нал…

– Мæ фыд ацыд уæлхох быдырмæ. Нæ мæнæуты хуымтæм нын денджызæй кæфтæ фæцахуыр сты æмæ сæ сафынц.

Уæд Æлдар дзуры тæрхоны лæджы чызгмæ:

-Дæ уынды фæхъау фæуай, ацы чызг, кæд ма федтай æмæ кæфтæ мæнæу хордтой…

– Æлдар цæра, кæд нæл бæхтæ байрæгтæ зайын райдыдтой, уæд цас диссаг у æмæ кæфтæ мæнæну хæрын райдауой?..

Æлдар фефсæрмы æмæ мæгуыр лæгæн йæ байраг радта.

 

Рохгонд ирон дзырдтæ

Ламаздыхъхъ – пысылмон адæм ламаз кæуыл фæкæнынц, ахæм гауыз кæнæ царм.

Лæскъæф – рог уаргъ.

Лекъ – афтæ хуыдтой дагъыстайнæгты Кавказы цæрæг æндæр адæмтæ.

Лыггæнд – æлыгæй конд, арæзт дзаума.

Маргас – сабæттаг, зиандынтæн æххуыс.

Матара – стыр цармæй хуыд голлаг.

Мæрдуадз – мæрддзыгой бацæуæг адæмы æгъдау.

Мегъæстыг – мигъ, æврагъ.

Медмос – чындзæхсæв кафт зарæгимæ иумæ.

Мыдамæст – мыдимæ змæст хыссæйæ конд кувинæгтæ, чъиритæ.

Мысыр – Египеты рагон ном ирон адæммæ.

Муртгун кæрдæг – сойджын кæрдæг.

 

Хæйрæджыты хæйттæ

Бытъæ уыдис хъæдгæс. Иу изæрыгон йæ хъæд хъахъхъæнынмæ куы араст, уæд ын æгæр баталынг. Кæсы æмæ иу ран хъæды астæуæй арт цæуы.

«Æз æй куынæ бабæрæг кæнон, цæй арт у, уæд цæй лæг дæн»,-ахъуыды кодта Бытъæ æмæ араст, арт кæцæй калд, уырдæм.

Æрцыди уырдæм æд гæрзтæ – ирон топп, ирон дамбаца, хъама йæ фарсыл, афтæмæй. Арты алыварс чи бадт, уыдон ын загътой:

– Дæ гæрзтæ аппар, кæннод дын нæ цурмæ цæуæн нæй.

Бытъæ аппæрста йæ гæрзтæ, стæй бацыд сæ астæумæ æмæ се хсæн æрбадти. Уыдон уыдысты хæйрæджытæ. Сæ разы алы хæрд æмæ нозт. Хатынц Бытъæмæ, фæлæ сыл уый не ууæнды, сæ къухæй ницы исы. Фæрсы сæ:

– Айбæрц хæрд нозт уæм кæцæй цæуы, куынæ кусгæ кæнут, куынæ –  æндæр?

Сæ хистæр ын афтæ зæгъы:

– Ныртæккæ дын æй фенын кæндзынæн.

Уыцы рæстæджы дыууæ хæйрæджы æрбацыдысты. Сæ иуæн йе уæхскыл  йедзаг голлаг, иннæйы дæларм – афтид голлаг.

– Адон цы сты? – бафарста Бытъæ.

Уæд ын хæйрæджыты хистæр афтæ зæгъы:

– Мæнæ йедзаг голладжы сты, хæдзарон æфсинтæй иудадзыг «нæй-нæй» чи кæны, уыдоны хæдзæртты бæркад. Афтид голлаг кæмæ ис, уый та бамбæлд рæнтон, кæрдзындæдтаг æфсинтыл æмæ йæ къухы ницы бафтыд…

 

 

Ирон æмбисæндтæ зæнæджы тыххæй

 

*Сывæллон хæдзары æлдар у

*Мады зæрдæ сабийæн – хур, фыды зæрдæ – мæй

*Мады зæрдæ – риссаг, фыды зæрдæ – мæтгæнаг

*Зæнæг мадмæ хæстæгдæр ысты

* «Дæ фæхъхъау фæуон» – сабийæн гуыл у

*Хурхъæзæй рæвдздæр, фурдæй – домбайдæр

*Хæфсæй рæуæгдæр – цырд лæппу

*Бæдул дæр ма карк кæны

*Хæдзары гыццыл стыр куы нал кæна, уæд уый йе сæфты нысан у

*Сывæллоны хъæргæнæг, дам, дуарæй аздæхт

*Сывæллон дзаумайæ рæзы

*Рæзæны сæрты нæ хызтæуы

*Рæзæн хæраг у

*Лæппуйæн йе ’фцæггот дæр хæргæ кæны

*Чызгджын нæ дары, лæппуджын нæ хæры

*Чызг нæмыг æмæ ’рдæгæй цæры, лæппу – кæрдзын æмæ ’рдæгæй

*Мады къухæйдзаг лæг адджынæн хæры

 

 

Хъæлдзæг хабæрттæ

 

ДЫУУÆЙÆ ИУ

Иу лæгæн дыууæ хъуджы уыдис. Иу изæр хъуццытæй иу сæрвæтæй не рцыд. Лæг угæрдæны хос карста æмæ йæм йæ фырт дзуры:

– Нæ хъуццытæй иу сæрвæтæй не рцыд æмæ ма уым дæ цæст фæйнæрдæм ахæсс.

– Кæцы хъуг? – хъæр æм кæны фыд.

– Чи рцыд, уыцы хъуг нæ, фæлæ – иннæ…

 

ÆНÆХЪЫГДАРГÆ СЫХÆГТÆ

Иу лæг цард хъæуы тæккæ кæрон, уæлмæрдмæ хæстæг. Иу хатт æй йе мхъæуккæгтæ, уæлмæрдмæ къухæй амонгæйæ, афарстой, куыд сты дæ сыхæгтæ, зæгъгæ.

– Сымах дæр мын уыдонау æнæхъыгдаргæ куы уаиккат, дзуапп сын радта лæг.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.