Мыхуыры рацыд æмæ йæ кæсджытæм фæхæццæ сабиты уарзон журнал «Ногдзау»-ыы ацы азы æртыккаг номыр. Сæххæст 65 азы ахуыргонд, журналист, литературон критик, публицист, Уæрæсейы Федерацийы культурæйы сгуыхт кусæг Хозиты Барисы райгуырдыл. Журналы мыхуыр æрцыд йæ цардафыст цыбыртæй, ис дзы йæ къам дæр.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты тыххæй скъоладзаутæ редакцимæ цы фыстæджытæ æрбарвыстой, уыдон мыхуыр сты рубрикæ «Бæрæгбæттæ» – йы. Змейкæйы 2-æм скъолайы ахуырдзау Кæркуысты Аланæйы уац хуыйны «Мæ фыды фыд», æмæ Æрыдоны 1-æм скъолайы 7-æм къласы ахуырдзау Дзарасаты хæрæфырт Хестанты Кристинæйы уац «Æрвадæлты фембæлд Прагæйы».

Рубрикæ «Журналы уазæг» -ы  «Ногдзау»-ы уазæг у конкурс «Бузныг, дохтыр» – ы уæлахиздзау, Дзæуджыхъæуы 61-æм рæвдауæндоны хъомылгæнинаг Сæлбиты Элинæ. Рубрикæ «Æмдзæвгæтæ»-йы сæ фыццаг фæлварæнтæ «Мустыздæх» æмæ «Мæ Ир» ныммыхуыр кодтой Дзæуджыхъæуы 33-æм скъолайы 5-æм къласы ахуырдзау Гатиты Дамир æмæ Беслæны 7-æм скъолайы 6-æм къласы ахуырдзау Бигъанаты Риммæ. «Аргъау» рубрикæйы бын та йæ уац «Хæлардзинад»-имæ кæсджыты зонгæ кæны Дзæуджыхъæуы 5-æм гимназы 2-æм къласы ахуырдзау Дзæрæхохты Мария. «Аивад» рубрикæйы та кæсджытæ базонгæ уыдзысты «Ног чындзы кафт»-имæ. Нæ адæммæ бирæ хорз æгъдæуттæ ис æмæ уыдонæй сæ иу мыхуыр æрцыд ахæм сæримæ «Кæрдзынгæнджытæ».

«Хистæрты сфæлдыстад сабитæн» – ахæм рубрикæйы бын сабитæ бакæсдзысты Бæдтиаты Фатимæйы æмдзæвгæ «Уæлахизы бон» æмæ зынгхуыст поэт, Стыр Фыдыбæстæйон хæсты хайадисæг Кочысаты Мухарбеджы æмдзæвгæ «Фыдыбæстæ». Куыд раздæр номырты, афтæ та ацы номыры дæр журнал  рубрикæ «Зарæг»-ы йæ кæсджытæн лæвар кæны « Дзуры  та къамимæ мад». Ныхæстæ сты Хуырымты Аллæйы, музыкæ та йын ныффыста Гæздæнты Булат. «Æфсымæрон адæмты сфæлдыстад» рубрикæйы бын  се мдзæвгæтæ мыхуыр сты Хъалмыхъты Республикæйы Стыр Царыны поселочы астæуккаг скъолайæ Байр Чикаев æмæ ацы республикæйы Городовиковскы горæты №1 астæуккаг скъолайы ахуырдзау Каринæ Улюмжаевайæн.

«Ирон хъæутæ», зæгъгæ, ахæм рубрикæйы бын журналкæсджытæ базонгæ уыдзысты Хуссар Ирыстоны раздæры номдзыд хъæутæй сæ иу – Сыбайы историимæ цыбыртæй. Йæ фыдæлты хъæуы тыххæй фыссы Цхинвалы 1-æм астæуккаг скъолайы 5-æм къласы ахуырдзау Дзаттиаты Майрæм. Рубрикæ «Иры намыс» -ы дзырдæуы Стыр Фыдыбæстæйон хæсты активон хайадисæг, Советон Цæдисы Хъайтар Къесаты Къолайы фырт Астаны тохы фæндæгты тыххæй, ис дзы йæ къам дæр. Æхтæнæгаты мыггаджы тыххæй фыссы Дзæуджыхъæуы 50-æм скъолайы ахуырдзау Æхтæнæгаты Камилæ йæ ахуыргæнæг Хадаты Фузæйы разамындæй æмæ «Таурæгъ» рубрикæйы бын та йæ уацмыс «Зæрдæ» ныммыхуыр кодта Елхоты 2-æм скъолайы 8-æм къласы ахуырдзау Челæхсаты Даниелæ, йæ ахуыргæнæг у Дзарасаты Беллæ. Рубрикæ «Радзырд» – ы та йæ уацмыс «Дыууæ мбалы иумæйаг бæллиц» кæсджыты размæ рахаста Дзæуджыхъæуы 13-æм скъолайы 8-æм къласы ахуырдзау Гаглойты Снежанæ. Ацы номыры ма æнæмæнгхъæуæг æрмæджытæ мыхуыр æрцыдысты ахæм рубрикæты бын, куыд «Æмбисæндтæ», «Ахуыр кæнæм ирон æвзаг», «Ирыстоны зайæгойтæ æмæ цæрæгойтæ», «Ногдзау»- архивæй», «Базон-базонтæ», сканворд, дзырдбыд æмæ æндæртæ.

«Ногдзау» аивадон æгъдауæй сфæлгонц кæныныл хорз бакуыстой нывгæнджытæ Айларты Владимир, Мамсыраты Хасан æмæ Абайты Аркади.

                                                       ХУЫБИАТЫ Никъала

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.