Салайы фыстæг

Сала уыд номдзыд абырæг. Кæд ын бæлвырд-бæрæг биографион зонæнтæ  нæ баззад, уæдддæр йæ хъæбатырдзинады хабæрттæ баззадысты ирон адæмон дзыхæйдзургæ сфæлдыстады. Абоны онг уал куыд зонæм, афтæмæй йæ мыггаг уыд Гаглойтæй. Мæгуыр адæмы нæ хъыгдардта, уый нæ, фæлæ ма хæцыд сæ сæрыл дæр, хъахъхъæдта сæ фыдгæнджытæй. Гуырдзыстоны æлдæрттæ дзы æмризæджы рызтысты, йæ ном фехъусгæйæ дæр мæтмæрдтæ кодтой. Йæ марынмæ-иу кæй равыстой, уыдон-иу сæхæдæг сæ мæлæт ссардтой Салайы къухæй. Иу хатт та дзы сæ иуæн йæ сæр хъамайæ куы атæхын кодта, уæд ын йæ худы чъилы ссардта гæххæтт. Уыцы гæххæтт фыст уыд Гуры стыр хицау Ерыстауты Елызбары къухæй. Фыст дзы уыд, кæд мын Салайы сæр æрхæссай, уæд дæ мæхимæ чапарæй бауромдзынæн, ноджы ма дын ссæдз кусæг галы,  кæнæ дæс туманы урсæвзист æхцайæ дæр ратдзынæн, зæгъгæ.

Сала Ерыстауты æлдармæ ныммидæг, йæхи йын схуыдта хæххон æлдар Томайты Бибо. Фенын ын кодта йæ фыст гæххæтт æмæ йæ бафарста:

– Ацы гæххæтты цы дæс туманы кой кæныс, уыдон мын ратдзынæ, Салайы дын дæ разы удæгасæй куы æрлæууын кæнон, уæд?

– О, дæ рын бахæрон, дæуæн, куыд уæздан æлдар, афтæ ссæдз туманы дæр ратдзынæн æмæ ма дын афицеры цин дæр раттын кæндзынæн, – бацин кодта Ерыстау æлдар.

– Уæдæ хорз, – дзуры йын Сала. – Æз дæр мæсты дæн уыцы Саламæ, мæ усы мын аскъæфта æмæ мæ æнæхъæн Ирыстоны ныххудинаг кодта. Йæ фæдыл ын бафтыдтон цалдæр адæймаджы, уыдон ахæм цæхæрцæст лæппутæ сты æмæ сын нæ аирвæздзæн, фæлæ цухдзинад æййафæм хæцæнгарзæй æмæ нæм куы фæкæсис, стæй уал нын уыцы æхцатæй раздæр куы авæрис, цæмæй, Салайы  æввахсмæ чи зоны, ахæмты зæрдæ алхæнæм æмæ нæ къухы тагъддæр бафта…

Æлдар ын æхца дæр ратта, цас фæрæзта, уый бæр хæцæнгарз дæр, афтæмæй йæ рарвыста.

Сала йæм фыстæг ныффыста, зæгъгæ, мæхи зæрдæхудтæй нæ хатын, æз мæ ныхасæн хицау разындтæн, Салайы дын дæ разы удæгасæй æрлæууын кодтон, æмæ ма мæ цы дарыс, уыдон та дын хæлар уæд, хорз мæ кæй суазæг кодтай, уый тыххæй…

Æхсæвбадæн æви бадæнтæ…

Бадæнтæ нысан кæны ирон мардæгъдау, фæлæ йæ рагæй фæстæмæ бирæтæ кæнæ бынтондæр нал зонынц, кæнæ та йæ бæттын райдыдтой æхсæвбадæнимæ, ома ног марды цур бадынимæ.

Афтæмæй та бадæнтæн ницы иудзинад ис æхсæвбадæнимæ. Нысан æй кодтой Ног боны фæстæ, афæдзы дæргъы-иу чи амард, уыдоны бинонтæ-иу    æрцæттæ кодтой рухскæнинæгтæ, рахастой-иу ын йæ райстбавæрд фæлыст. Фынгыл-иу ссыгътой мыдадзын цырæгътæ, фынгæн иуæрдыгæй фарс хъуамæ бадтаиккой нæлгоймæгтæ, иннæрдыгæй фарс та – сылгоймæгтæ. Къулыл-иу æрцауыгътой, цыдæриддæр хæцæнгæрзтæ дардта, уыдон, кæнæ цавæр кусæнгæрзтæй куыста, уыдонæй дæр истытæ. Ирон дины уырнынадмæ гæсгæ, чи амæлы, уый йæ бинонтæ куыд мысынц, уый дæр сæм ахæм зæрдæ фæдары. Уыцы бон хæдзарæй хъæр-хъæлæба ма хъуамæ райхъуыса, хъаугъайæн дзы бынат ма хъуамæ уа.

Анахарсисы куырыхон ныхæстæй

 «Диссаг куыднæ у, æмбырдты фæндæттæ зондджын адæм бахæссынц, уынаффæтæ та æдылытæ рахæссынц…»

Анахарсис куы базыдта, науты фæйнæджытæ цыппар æнгуылдзы бæзнæн сты, уæд загъта: «Науты чи скъæры, уыдон ленк кæнынц мæлæтæй цыппар æннгуылдзы бæрц дарддæр».

Анахарсисы куы бафарстой, дæ хъуыдымæ гæсгæ цахæм наутæ æдасдæр сты – даргъ хæстон наутæ, æви фæтæн базарадон наутæ, уæд дзуапп радта: «Былмæ чи бахæццæ уа, ахæмтæ…».

Удæгæстæ фылдæр сты æви мæрдтæ, уымæй йæ куы бафарстой, уæд Анахарсис йæхæдæг бафарста: «Æмæ ленк чи кæны, уыдоны кæцытыл нымайут?».

 Йæхи ныхæстæм гæсгæ Анахарсисмæ эллинтæй иууыл диссагдæр цы фæкаст, уый – фæздæг хæхты ныууадзынц, сугтæ та сахармæ æрхæссынц.

Уыци-уыцитæ куыст æмæ кусæнгæрзты тыххæй

*Адæмы æфсады, йæхи  – нæ (куырой)

*Донæй фат, хъæдæй æрдын къодах ныццæвы æмæ дур ныззилы (куырой)

*Дыууæ æрра кудзы кæрæдзийыл рыг калынц (куыройы фыдтæ)

*Бирæ къæхтæ йын, афтæмæй быдырæй йæ синтыл хæцгæ æрбацæуы (похци)

*Зымæг  уæлгоммæ, сæрд – дæлгоммæ (гутон)

*Къæдз куыдз суры хъуынджын куыдзы (æхсырф æмæ кæрдинаг хуым)

*Кæрдæг йæ халæг, дур – йæ цыргъгæнæг (цæвæг)

*Даргъ лæджы иу цыбыр лæг æрфæлдæхта (фæрæт)

*Мин æфсымæрæн иу рон (куырис)

*Нæ зæронд лæг хуынчъытæ бандоныл бады (мæкъуыл)

*Æфсæн галæн – бæмбæг къæдзил (судзин)

*Дуду къуыппыл – дуду цъиу (æнгуырстуан)

*Нæ сау сæгъ хæры, фæлæ не фсæды (пирæн)

*Нанайы хъæбысы урс уæрыккау кафы (æлхуый)

Хъæлдзæг хабæрттæ

УАЗÆГÆН ЛÆГГАД

Иу æррадонмæ хъуамæ æрцыдаид уазæг. Æрраты развæлгъау бафæдзæхстой, цæмæй сæхи æгъдауджынæй равдыстаиккой. Уазæг куыддæр кæрты дуарæй бахызт, афтæ æрратæй сæ иу бандон фелвæста æмæ уазæгмæ фæлидзы.

Уазæг уый куы ауыдта, уæд цæхгæр фæзылд æмæ лидзынмæ фæцис. Æрра дæр æд бандон лидзы йæ фæстæ.

Афтæ фæлыгъдысты иу цасдæр. Уазæгæн йæ бон лидзын куы нал уыд, уæд ахъуыды кодта:

«Ныр мæхи цæуыл марын? Цæй, æрлæууон, ацы æррайы къухæй мæ чизоны исчи уæддæр байса…»

Æмæ æрлæууыд. Æрра йæм куы бахæццæ, уæд ын бандон йæ разы авæрдта:

– Сбад, нæ цытджын уазæг.

ИРВÆЗЫНГÆНÆГ

Иу ахæмы пъырыстыф йæхи цады надта. Ленк кæнын нæ зыдта æмæ дæлдон кæнын райдыдта. Уыцы рæстæджы цады цурты фæцæйцыд иу мæгуыр лæг, пъырыстыфы куы ауыдта, уæд йæхи цадмæ баппæрста æмæ пъырыстыфы раласта.

Пъырыстыф йе муд куы æрцыд, уæд фæрсы мæгуыр лæджы:

– Чи дæ, зæгъ мын æй.

– Хуымæтæджы мæгуыр лæг дæн, – дзуапп ын радта йæ ирвæзынгæнæг.

– Нæ, нæ, зæгъ мын дæ ном, æз дæ хъуамæ лæвæртты бын фæкæнон.

– Ницы мæ хъæуы, цæй лæвæрттæ мын кæныс, лæг сæфти æмæ йæ фервæзын кодтон, уый тыххæй цæй лæвар хъæуы?

– Æз чи дæн, уый, æвæццæгæн, нæ зоныс? Æз пъырыстыф дæн!

– Ссс, сабыр, дæ мæрдты хатырæй! Макæмæн æй схъæр кæн, æз дæ фервæзын кодтой, уый: адæм мæ бахæрдзысты…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.