Дауыт-Сосланы равзæрд

Рагон таурæгъгæнджыты ныхæстæй Дауыт-Сосланы тыххæй цы хабæрттæ баззадис, уыдонæй иу у ахæм:

Дауыт-Сослан дæр уыдис Цæразонты мыггагæй. Иры раздæры паддзæхты нывтæ конд уыдысты Нузалы аргъуаны къултыл. Фæлæ Алæджыхъоты Бечмырзæ куыд зæгъы, афтæмæй сæ сауджын Росеб фехалын кодта. Цæвиттон уыцы Росеб Мзокты Габе æмæ Алæджыхъоты Дрисæн бафыста сыгъзæрин æхца æмæ уыдон фехæлдтой паддзæхты нывтæ. Уыцы хабарæй рацыди дыууæ æнусы бæрц. Росеб Нузалы аргъуанæй цы байрагдзармыл фыстытæ ахаста, уыцы фыстыты амынд уыдысты Цæразонты хæзнатæ. Хæзнатæ уыдысты Нузалы хъæуы донæн йæ иннæ фарс кæдзæхы фарсыл цы фидæрттæ ис, уым.

Иры паддзах Худаны чызг Бурдухан уыд Гуырдзыйы паддзах Георги III бинойнаг. Бурдуханы чызг паддзах Тамар та – Дауыт-Сосланы бинойнаг.

Бурдзæбæхы кæлмæрзæн

Бурдзæбæх уыд Нарты Уырызмæг æмæ Сатанайы чындз. Уырызмæг йæ хо Сатанайæ ус кæй скодта, уыцы хъуыддаг сын Хуыцау нæ ныббарста æмæ сын сæ зæнæгæн бирæ цæрæнбон нæ лæвæрдта. Бурдзæбæх уыд Уырызмæг æмæ Сатанайы авд фыртæй сæ иу Айсанайы цардæмбал. Бурдзæбæх кæм бадт, уыцы мæсыг афтæ бæрзонд уыд æмæ йæ сæр адæммæ нæ зынди. Бурдзæбæх чындзы фæцæуыныл разы уыд æрмæстдæр ахæммæ, йæ хъæр мæсыгы бынæй йæ сæрмæ кæмæн фехъуыстаид. Цы бирæ усгуртæ йæм цыд, уыдонæй-иу æм никæй хъæр фехъуыст æмæ-иу цавддуртæ фестадысты. Айсанайы хъæр дæр æм куы нæ фехъуыст, уæд йæ бæх афтæ тынг ныууасыд æмæ мæсыгæн йæ тигъ æркалдис. Уæд Бурдзæбæх Айсанамæ æрхызт мæсыгы сæрæй. Уый рагацау зыдта, йæ мойаг Айсана кæй у.

Бурдзæбæхмæ уыд диссаджы кæлмæрзæн. Галиуы рдæм æй куы разилы, уæд адæм цавддуртæ фестынц, рахисы рдæм æй куы азилы, уæд та фæстæмæ райгас вæййынц.

Чысыл барæг

Иу хæххон хъæуæй абырджытæ адавтой чысыл лæппуйы æмæ йæ ауæй кодтой æндæркоймаг хъæздыг æлдарæн. Æлдар лæппуйæ йæхицæн фыййау скодта, хызта йын йæ фысты дзугтæ. Иу бон куы уыд, уæд æххуырст æлдары фосы фæстæ цæугæйæ бамбæлд бæхы сæры кæхцыл. Иу дзæвгар æм фæракæс-бакæс кодта, стæй йæ цуры æрбадт æмæ кæуын райдыдта. Ахæм уавæры йæ баййæфта иу æнæзонгæ лæг æмæ йæ фæрсы, цæмæн кæуы, уымæй. Лæппу йын загъта, уый кæй уыд алыппаг бæхы мыггаг æмæ йæ кæй хъуыди кадимæ баныгæнын. Æнæзонгæ лæг тынг фæдис кодта лæппуйы ныхæстыл æмæ æлдарæн радзырдта хабар. Æлдар лыстæггай æрфарста лæппуйы, кæд алыппаг бæхы мыггаг мардæй базыдта, уæд æй удæгасæй нæ базондзæн?.. Лæппу йын загъта, кæй зæгъын æй хъæуы, базондзынæн, зæгъгæ. Уыцы бонæй фæстæмæ æлдар лæппуйы ссæрибар кодта æххуырсты куыстæй æмæ йæ хъомыл кæнын райдыдта йæхи сывæллæттимæ иумæ.

Иу бон куы уыд, уæд æлдар æмæ лæппу араст сты алыппаг бæхы мыггаг агурæг. Бирæ фæагуырдтой, фæлæ сæ къухы ницы æфтыд. Æппынфæстаг бафтыдысты иу бæхрæгъаумæ. Рæгъауы хсæн хызт, сæнтсау, иунæг урс хъуын дæр кæуыл нæ уыд, ахæм бæх. Лæппу æлдарæн загъта, уый кæй у алыппаг мыггаг бæх æмæ йæ цыфæнды аргъæй дæр балхæнын кæй хъæуы. Æлдар бакаст лæппуйы коммæ æмæ балхæдта бæхы. Цæуынц дарддæр. Бафтыдысты та иу рæгъаумæ. Уым та рæгъауы æхсæн хызт сæнтсау, фæлæ йæ фæстаг къæхтыл урс стъæлфытæ кæмæн уыд, ахæм байраг. Лæппу æлдарæн загъта, уый дæр алыппаг мыггаг бæх кæй у æмæ йæ балхæнын кæй хъæуы. Æлдар та балхæдта уыцы байрагы дæр.

 Æлдарæн лæппу хионы ад скодта æмæ тæрсын райдыдта, куы йын алидза, уымæй. Уæд бавдæлд æмæ йын ард бахæрын кодта, кæй йæ нæ ныуаддзæн, уый тыххæй. Лæппу йын расомы кодта, цалынмæ мын дæхæдæг «ацу, ныууадз мæ» зæгъай, уæдмæ дæ нæ ацæудзынæн, зæгъгæ. Æлдар æрсабыр. Иу бон куы уыд, уæд лæппу сау бæхыл бадтис, æлдар та урс стъæлфытæ кæуыл уыд, уыцы байрагыл. Лæппу-иу бæхы йæ фæстаг къæхтыл слæуын кодта, афтæмæй-иу æй скафын кодта æлдары раз. Æлдар дзы фæлмæцын райдыдта æмæ йыл иу афон ныхъæр кодта: «Ацу, ныууадз мæ!».

Уæд лæппу бæхы æрцæфтæ кодта æмæ йæ фæцагайдта сæхи комбæсты  рдæм. Æлдар бамбæрста йæ рæдыд æмæ  лæппуйы сурын байдыдта фæстейæ. Дыууæ бæхы дæр лыгъдысты æмхуызон, се хсæн цы дæрддзæг уыд, уый куынæ къаддæр кодта, уæд лæппу старст æмæ йæ бæх фæзылдта дурджын фæндагыл. Дурджын фæндагыл дæр йæ бæх йæ цыд нæ фæсындæгдæр кодта, фæлæ æлдар цы бæхыл бадт, уымæн йæ фæстаг къæхтæ урс стъæлфытæй дæлæмæ лæмæгъ кæнын райдыдтой æмæ йæ бон дарддæр лидзын нал бацис.

Лæппу æрцагуырдта сæ хъæу, сæ хæдзары дуармæ æрхызт бæхæй æмæ йæ бæхбæттæныл куыд баста, афтæ бæх ныххуыррытт кодта. Йæ фыд бæхы хуыррытт куы фехъуыста, уæд бамбæрста, уый алыппаг бæхы мыггаг кæй у. Уый та нысан кодта, йæ фырт æгас хæдзар кæй ссардта, уымæн æмæ алыппаг бæхы мыггаг æндæртæй уыдон бинонты йедтæмæ ничи хицæн кодта. Æмæ йæ цин тыхæй уромгæйæ рахызт йæ фырты размæ.

Ирон æмбисæндтæ мæгуырдзинад æмæ хъæздыгдзинады тыххæй

*Нæй æмæ нæй – дурæй хъæбæрдæр

*Мæгуыры бызгъуыртæй бирæгъ кæсы

*Мæгуыры тæнтæй рухс уасы

*Мæгуырæн йæ кæрц – уæрагмæ

*Мæгуыры мард дыууæ марды у

*Цыбыр хъуымац мæгуыры кæрцы карст фæкæнынц

*Мæгуыр марды æмбæрзæн сыджыт у

*Мæгуыр лæджы дур хæрдмæ суры

*Мæгуырыл фæнычы фарсмæ дæр зæй цæуы

*Мæгуыры гуыбын – цæндыл хост

*Мæгуыры хæдзар – фæндырарм

*Мæгуырæн цъæл дæр дзыкка у

*Мæгуырæн йæ фынæй – карчы цъынды йас

*Фыййауæн цы ис, уый – йæ хызыны

Хъæлдзæг хабæрттæ

ÆРТÆ КЪÆРНЫХЫ

Æртæ къæрныхæн сæ давæггæгтыл хыл бацайдагъ æмæ дзы иуæн карды рæхуыстæй йæ тъæнгтæ æддæмæ ракалдысты.

Иннæ дыууæмæ æрæджиау фæсмон æрцыди æмæ йæм кæцæйдæр хосгæнæг æрбакодтой. Хосгæнæг æнцад-æнцойæ лæджы хъæдгоммæ фæракæс-бакæс кодта, стæй æрæджиау афтæ зæгъы:

– Дон мын схъарм кæнут.

– Фæтагъддæр ма кæн, дон дæ цæмæн бахъуыд, нæ уыныс лæгæн йæ тъæнгтæ зæххыл сты? – фæхъыр ыл кодтой иннæ дыууæ къæрныхы.

Хосгæнæг уæззаугай скаст къæрныхтæм æмæ сын афтæ зæгъы:

– Омæ мæныл цы бустæ кæнут, кæд ын йæ тъæнгтыл афтæ тыхсут, уæд ын сæ сæ бынаты æруагътаиккат…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.