Гомарты дзуары бон дæр нымад у ирон адæмы хæдзарадон-культурон гуылфæны чи равзæрд, ахæм сыгъдæг бæрæгбоныл. Нысан æй кæнынц июны мæйы. Цымыдисон у йæ номы равзæрд. Знауыры районы Цъорбисы хъæуы цæрæг Цхуырбаты Солтан куыд зæгъы, афтæмæй йæ фыдымадыл цыдис 102 азы. Уый кæсын-фыссын нæ зыдта æмæ йæ чиныджы кæсгæ никуы бакодтаид, стæй нæм Гомарты дзуары тыххæй фыст æрмæджытæ ницы æрхæццæ ис. Уый мын радзырдта ахæм легендæ, зæгъгæ, иу ахæмы адæм Хуыцауыл суæлæхох сты, нал ын куывтой, ницæмæуал æй дардтой. Æмæ сыл уæд Хуыцау дæр рахæтыд. Ахæм къæвдатæ рауагъта æмæ сыл хъаймæты бон æркодта. Зæххыл цыдæриддæр зынг уыди, уыдон иууылдæр ахуыссыдысты. Кæй зæгъын æй хъæуы æнæ зынг, æнæ артæй цæрæн нæй æмæ сæфты къахыл ныллæууыдысты. Уæд адæм бауынаффæ кодтой, цæмæй Хуыцаумæ арвитой минæвар, балæгъстæ йын кæной æмæ сын зынг радта фæстæмæ. Агуырдтой кæй арвитой минæвар æмæ сфæнд кодтой, цæмæй Хуыцауы уарзон цъиу – зæрватыккæн бабар кæной ацы хъуыддаг. Загътой йын сæ фæндиæгтæ æмæ йæ арвыстой Хуыцаумæ. Зæрватыкк Хуыцауæн радзырдта адæмы хъизæмæрттæ. Хуыцау адæммæ мæсты уыдис, фæлæ уæддæр йæ ратгæ адæм уыдысты æмæ сын фæтæригъæд кодта. Æмæ Гомарты дзуары бынаты, уыцы бæрзонд ран ссыгъдис арт. Уырдыгæй ракæсгæйæ йæ алыварс хъæутæ иууылдæр зынынц æмæ адæм уыцы арт куы ауыдтой, уæд кæрæдзимæ цингæнгæ лыгъдысты, мæнæ, зæгъгæ, «æргом арт» æмæ уæдæй фæстæмæ уыцы бынат ссис цæрджыты уарзондæр бынат, сарæзтой дзы кувæндон – Гомарты дзуар. Самадтой йын йæ къултæ æмæ йæ аив сфæлыстой. Солтан куыд зæгъы, афтæмæй  ма йæ уый дзæбæхæй æрæййæфта, уыдис дзы зæдты нывтæ, бердзенаг дамгъæтæй фыст куывтытæ. Дзуармæ бахизæны та конд уыдис Чырыстийы ныв. Æддейæ йæ рахизæны рахис фарсæрдыгæй та уыдис дзуар кæддæр  йæхæдæг куыд арæзт æрцыд, ахæм. Йæ дæргъ уыдис метры бæрц, йæ фæтæн та 60 сантиметр. Уый арæзт уыд дуртæй. Дæ бон уыд йæ ахицæн кæнын æмæ йæ стæй ногæй баиу кæнын. Дзуарæн йæ цыппар фиссыны дæр уыд дурæй конд фыркъатæ. Дзуар йæхæдæг ис фæзбынаты, фæлæ йæм уæлæмæ цæуын хъæуы тынг бирæ. Зайы дзы стыр тæгæр бæлæстæ.

Ацы бæрæгбон нысан кæнынц Знауыры районы бирæ хъæуты. Йæ сæйрагдæр кувæндæттæ та сты Цъорбис æмæ Уахтъанайы хъæуты. Гомарты дзуары бонмæ сæхи развæлгъау фæцæттæ кæнынц адæм. Бахсидынц бæгæны, сæрмагондæй рауадзынц арахъ. Хæрзæфснайд  бакæнынц сæ хæдзæрттæ. Йæ боны бирæ адæм ссæуы йæ бынмæ, скæнынц кусæрттæгтæ. Уырдæм чи нæ ссæуы, уыдон та йын фæкувынц сæхи хæдзæртты, фæфæдзæхсынц  сæ бинонты æмæ сæхи дæр. Йæ бынмæ чи ссæуы, уыдон дæр уым сæхи ныффæдзæхсынц, стæй æрцæуынц хæдзæрттæм æмæ сæ бадт адарддæр кæнынц дзуары номыл.

Бæрæгбоны, дзуары бынмæ сæхи фæдзæхсынмæ цæуынц куыд нæлгоймæгтæ, афтæ сылгоймæгтæ дæр.

Гомарты дзуар æххуысгæнæг кæй у, уымæн ирд цæвиттон у, Солтан кæй радзырдта, уыцы хабар дæр.

«Мæ фыд мыды чыргъæдтæ бирæ дардта. Иу ахæмы нæм Гомарты бæрæгбоны размæ уазæгуаты æрбацыд мæ фыдыхойы лæг Дудайты Дауит. Бихъайраг лæг уыд, уæздан, хиуылхæцгæ нæлгоймаг. Райсомæй мæ фыд мыды чыргъæдтимæ архайдта цæмæй мыд сиса æмæ дзы куывды семæ дзуары бынмæ ахастаиккой. Дауыт дæр йæ цурмæ бацыд. Бындзытæ йыл сæхи ныццавтой æмæ лæджы сæр фæнадтой. Дауитæн йæ сæр афтæ ныррæссыд æмæ цæстæй нал каст. Раст зæгъгæйæ, бинонтæ старстысты æвзæр истæмæ йын куы асайа, уымæй. Уæдмæ нæ хъæуккаг лæг æд уæрдон æрбалæууыд нæ кæрты æмæ йыл цы хъуыд, дзуармæ аласын, уыдон сæвæрдтой. Бинонтæй чи цыдис, иууылдæр нæхи арæвдз кодтам. Дауит цæстæй нæ каст, фæлæ уæддæр йæхи рарæвдз кодта немæ. Мæ фыдыхо йæ кæм уагъта, зæгъгæ, кæдæм цæуыс, искуыцæй фæтулдзынæ. Фæлæ Дауит не ‘рлæууыд, рацыд немæ, кæд ын Гомарты дзуар баххуыс кæнид, уый ныфсæй. Нæ кусарт ацæттæ кодтам, нæ физонæг дæр сцæттæ ис æмæ скуывтой. Сахаты бæрц рацыд æмæ Дауитæн йæ сæры рæсыд æрбадт. Сæ кой дæр нал уыд, бындзы цæфтæн. Иууылдæр ыл тынг фæцин кодтам, йæ раздæры хуыз кæй райста, уый тыххæй. Дзуар ын кæй баххуыс кодта, уый махæй алкæйдæр бауырныдта.

Адæм тынг тырныдтой йæ боны йæ бынмæ ссæуынмæ. Бирæтæ йæм цыдысты бон раздæр, цæмæй дзы æхсæв сбон кæной. Йæ бынмæ та цыдысты бæгъæмвадæй, дзабыртимæ бацæуын нæ фæтчыдис.

Йæ быны хистæр кары адæм архайдтой уæзбынæй. Кувгæ кувын дæр дзырдтой хиуылхæц-гæ хъæлæсы уагæй. Уæлдай хъæлæба, æнæхъола ныхас зæгъын гæнæн нæ уыд.

Гомарты дзуары бон раздæр адæм бирæ цымыдисондæрæй нысан кодтой. Нысан æй кодта алчи йæхи хæдзары, фæлæ арæзтой иумæйаг куывд дæр йæ быны. Фæсивæд-иу сарæзтой хъазт – уыдон фынгыл нæ бадтысты. Алы хъæуæн дæр уыди йæхи фæндырдзæгъдæг æмæ-иу фæхицæнтæ сты. Афтæмæй-иу 5-6 ранæй хъуыстис цины хъæлæба. Æнæхъæн бон иу ерыс кодтой кæрæдзиимæ зарын, кафынæй. Нозтджын адæймагæн дзы фенæн нæ уыд. Худинаджы гакк æвæрд ыл æрцыдаид.

Бехъмары хъæуы цæрæг Шауердаты Виктор куыд зæгъы, афтæмæй ацы бонмæ сæхи развæлгъау цæттæ кодтой æвзонг фæсивæд. Сæ хъæуæй иу – Шауердаты Андруш, гуымсæгыл цæгъдынмæ йын æмбал нæ уыдис. Æмæ-иу мæй раздæр райдыдта йæхи цæттæ кæнын.

– Иу ахæмы дзуары бын чи зайы, уыцы тæрсы лыггагæй уый сарæзта ног гуымсæг. Фæлæ йæ иу тъæпп дæр не ‘ркодта, цалынмæ йæ дзуары бынмæ не схаста æмæ дзы хъазты нæ ацагъта, уæдмæ. Ныры фæсивæд дзуæртты бынмæ куыд цæуынц, хæрд, нозтыл куыд æрбадынц, уæд афтæ нæ уыд. Хистæртæ иу фынгыл сæхи дзуарæн куы фæдзæхстой, уæд-иу фæсивæд та сарæзтой хъазт æмæ диссаг уыд уыдонмæ бакæсын, – зæгъы Виктор.

Гомарты дзуар тынг зындгонд кæй у, уымæ гæсгæ йæ бынмæ лæгъстæмæ, сæхи фæдзæхсынмæ цыдысты Сачхерет  æмæ Гуырдзыстоны æндæр æмæ æндæр рæттæй дæр.

Дзуар афтæ карз уыдис æмæ йын йæ бынæй къæцæл сисын дæр ничи уæндыдис. Виктор куыд зæгъы, афтæмæй дзуары алыварс ныгæд уыдис чысыл  быркуытæ. Уый та уымæн æмæ иу адæм фæззыгон, сæ æркæн-гæ фæллæйттæ  куы бафснайдтой, сæ сæнæфсир-иу куы ныддыгътой, уæд-иу ын йæ дыгъдæй дзуары бынмæ схастой, уым иу дзы быркуыйы ныккодтой æмæ-иу дыккаг аз, йæ бонмæ сцæттæ. Уыдон ма иу ахастой сæ кувинæгтæ.

Гомарты Дзуар карз кæй уы-дис, уымæн ма æвдисæн уыд ахæм цау дæр, – зæгъы Солтан.

«Дзуары бынмæ æввахс цар-дысты Пикъатæ сæ хуыдтой, Къацтæй уыдысты. Дзырддзæу-гæ адæм уыдысты. Куыд фыл-дæр кодтой, афтæ сын зæхх нал фаг кодта æмæ хъæд цæгъдын райдыдтой. Дзуары бæлæсты ‘рдæм куыд баввахс сты, афтæ дам, къæй ратылдис дзуарæй æмæ кæм æрлæууыдис, уым ис, ныртæккæ йæ иууыл стырдæр кувæндон. Уæд адæм бамбæрс-той, уырдыгæй уæлæмæ хъæд-мæ æвналæн кæй нал ис, уый. Уымæй чысыл дæлдæр та фе-гом ис къæдзæх æмæ дзы суа-дон цæуын райдыдта.

Адæм дзуармæ цыдысты табугæнгæ. Зылдысты йæ алыварс. Абон ацы æгъдау хæлд цæуы. Дзуарæн йæ быны нæ-дæр нозтхæссæн гæрзтæн, нæ-дæр кæрдзыны муртæн аппарын нæ фæтччыдис.

Дзуар уæлдай хъæлæба нæ уарзта. Солтан ма куыд радзырдта, афтæмæй йæ фыдымад æрымысыд ахæм цау дæр. Зæгъгæ, куывдон адæмæй кæй-дæр сывæллон хъазыд кусарты тъæнгтæй. Макæн афтæ, дзырдтой йæм фæрсырдыгæй куывдонтæ, фæлæ уый нæ саст. Изæры ‘рдæм арв æрбасасæста. Уыцы чысыл лæппу дыууæ лæппуйы цонгыл æрхæцыд, афтæмæй рацæуынц худгæйæ. Уæдмæ арв ныннæрыд æмæ кæд уый сæ астæу уыд, уæддæр æй арв æрцавта æмæ фæмард. Адæм, кæй зæгъын æй хъæуы фæмаст кодтой, фæлæ йæ аххоссаг цы уыд, уый бамбæрстой.

Солтан куыд зæгъы, афтæмæй-иу сæ йæ фыдымад дзуарæй рацæугæйæ карзæй фæдзæхста, зæгъгæ, уæ дзыппытæ дæр басгарут, сыфтæр дæр дзы ма бахауæт. Йæ быны æнæуаг ныхас ма кæнут, хъæрæй ма дзурут. Иу ахæм хабар та мæхиуыл æрцыдис. 6-æм къласы куы ахуыр кодтон, уæд нæ дзуармæ акодтой экскурсийы, цæмæй нын йæ сырæзты историйы тыххæй радзырдтаиккой. Мах нæ къласаг лæппуимæ, сусæгæй, мысайнæгтæй систам.

Хæдзармæ куы æрбацыдтæн, уæд мæ хæлаф фæивтон æмæ æхцатæ уырдыгæй ракалдысты. Мæ фыды мад сæ куы ауыдта, уæд мæ баййардта кæм дын уыдысты, зæгъгæ. Æз мæ фыдракæндыл басастæн. Уæд уый айтæ-уйтæ нал фæкодта, фæлæ уайтагъд донæй луаситæ ракодта, арахъы дурын райста æмæ ацыдыстæм. Дзуары алыварс мæ бæгъæмвадæй æрзилын кодта, йæ цыппар фиссынæн ын апъатæ кодтон, мæ фыды мад дзы хатыртæ фæкуырдта æмæ стæй рацыдыстæм. Фæндагыл мæ фыды мад афтæ зæгъы, уыцы лæппуйы дæр скæнын хъуыдис, нæ йын рауайдзæн хорз, зæгъгæ.

Æмæ, æцæгæйдæр, лæппу фæмард трагиконæй.

Гъе, ахæм карз дзуар у Гомарты дзуар.

БЕСТАУТЫ Валя

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.