Нарты кадджыты æнгæсдзинæдтæ «Стайы цармдарæг»-ы

 

4.Нарты Бæгъатыртæ хатынц авд æфсымæры иунæг хо Акулæмæ, цæмæй сæ искæимæ акафа, фæлæ сын не сразы. Акулæ зæгъы Батрадзæн, зæгъгæ, цалдæр азы размæ Хъæндзæргæс уæ мыггагæй ахаста Уоны, æмæ йæ кæд уацарæй ссæрибар кæнай, уæд сразы уыдзынæн. Батрадз сæххæст кодта Акулæйы фæдзæхст æмæ дзы уый смой кодта.

Поэмæйы дæр Нестан-Дареджан афтæ зæгъы Автандилæн, зæгъгæ, кæд ацæуай æмæ Тариелы ссарай, уæд разы дæн .

Дыууæ ран дæр чызджытæ сæ усгурты æрвитынц хъæбатырдзинад равдисынмæ.

5.Нарты Уырызмæг æнæнхъæлæджы амардта чысыл лæппуйы, кæцы разынд йæ фырт. Уырызмæг цæуы сæргуыбырæй, никæимæ дзуры, дзуапп никæй салам ныхасæн кæны.

Поэмæйы Нестан-Дареджан куы фесæфт, уæд ахæм уавæры уыд Тариел дæр, цыдис сæргуыбырæй, ныхас никæимæуал кодта.

6.Хызы Æлдар аскъæфта Сосланы усы æмæ йыл фидары дуæрттæ сæхгæдта. Нартæ схæцыдысты йемæ, фæлæ йын йæ фидар нæ систой, уымæн æмæ Хызы Æлдар фидар хъæхъхъæнынмæ æрхуыдта уæларвон тыхты. Сосланмæ æххуысмæ фæзынд Батрадз æмæ загъта: «Фатмæ мæ бабæдтут æмæ мæ фидармæ ауадзут».

Поэмæйы дæр Сах Каджи Нестан-Дареджаны аскъæфта æмæ йыл фидары дуæрттæ сæхгæдта. Тариелмæ æххуысмæ фæзынд Придон æмæ йын афтæ зæгъы: «Бæндæныл мæ ауадзут фидары хуылфмæ».

Дыууæ ран дæр сæрибар кæнынц уарзон сылгоймаджы, уæлахиз кæнынц тыхгæнæгыл.

7.Нарты Батрадз хъуамæ схæца уæйыгимæ, цæмæй ссæрибар кæна хуры чызг Хорческæйы. Фæлæ йæ Хорческæ нæ уадзы: «Ма рбацу, æз сæфын æмæ ма ды та цæуыл сафыс дæхи».

Поэмæйы дæр Нестан куы базыдта, Тариел æй ссæрибар кæнынмæ хъавы, уый, уæд æм барвыста: «Ма рбацу, æз сæфын æмæ фаг у, дæу мардæй куы фенон, уæд мын уымæй дывæр рыст æрхæсдзынæ».

 (Уыдзæн ма)

 

Хуыцауы æлгъыст

Хуыцау Нарты адæммæ смæсты ис æмæ сæ ралгъыста: «Уæ боны куыст иу голладжы дзагæй фылдæр ма кæнæд!»

Æмæ сыл æрцыд йе лгъыст. Цалфæнды хоры мæкъуыл ма банай кодтаиккой, уæддæр-иу сæ хор рауад æрмæстдæр иу голладжы дзаг. Нартæ хъуыдытæ кæнын райдыдтой, афтæмæй куыд цæрдзысты, ууыл. Æмæ æрхъуыды кодтой. Боны дæргъы най кодтой æрмæстдæр иу уыгæс, фæлæ-иу дзы иу голлаг хор райстой, афтæмæй сын мæкъуылæй цыдис дæс голладжы хор. Хуыцау сын сæ хинвæнд куы бамбæрста, уæд сæ ногæй ралгъыста æмæ сæ хуымтæ бон цъæх кодтой, æхсæвыгон та – кæрдинаг. Уæд Нартæ бавдæлдысты æмæ сæ хуымтæ æхсæвыгон кæрдын райдыдтой. Хуыцау та сын сæ хинвæнд куы фæхатыд, уæд ноджы тынгдæр смæсты æмæ та сæ ралгъыста, æхæвы-иу кæрдынмæ куы бавнæлдтой, уæддæр-иу сæ хуымтæ цъæх фестадысты. Нартæ та бирæ фæхъуыды кодтой æмæ æрхъуыды кодтой: сæхицæн саджил фæттæ аразын райдыдтой æмæ хуымтæм ахсæвыгон кæрдынмæ нал цыдысты, фæлæ-иу саджил фæттæй хоры æфсирты æхсын райдыдтой. Афтæмæй карстой сæ кæрдинаг хорты.

 

Мастисæг зæронд лæг

 

Иу заманы кæсгон тыхгæнджытæ ныббырстой Уæладжыры коммæ. Иу хъæугæрон дондзау чындзыл амбæлдысты æмæ йæм æнæфсарм ныхасæппарæнтæ кæнын райдыдтой. Хъæуы нæлгоймæгтæ иууылдæр уыдысты хоскæрдынмæ. Хъæуы нæлгоймаджы номыл уыдис æрмæстдæр мыггаджы хистæр, зæронд лæг Мæхæмæт. Чындз æм кæд уайсадгæ кодта, уæддæр ын йæ судзгæ маст суадзын кодта йæ комы баст æмæ зæронд лæгæн радзырдта, кæсгон тыхгæнджытæ йæ куыд бафхæрдтой, уый. Зæронд лæг ын афтæ зæгъы:

– Чындз, мæ гæрзтæ ма мын радав хæдзарæй æмæ мын ды ифтындзгæ кæн, уыцы гауырты мæ бар бауадз, æз сын, лæг циу, уый фенын кæндзынæн.

Чындз зæронд лæгæн йæ гæрзтæ рахаста, æрцæттæ йын сæ кодта. Зæронд лæг ралæууыд тыхгæнджытыл. Сæ мæрдтæ хæссынæн дæр ницыуал фæрæзтой, ахæм митæ сын бакодта зæронд Мæхæмæт.

 

Рохгон ирон дзырдтæ

Баллон бирæгъ – бирæгъты балæй чи фæхицæн вæййы, ахæм бирæгъ. Уый вæййы иннæтæй тугдзыхдæр.

Баридуаг – рагон уырнынадмæ гæсгæ бæрæг исты барты хицау бардуаг.

Богамæдзог – богал, хъæбысæйхæцæг.

Бормæлгъæ – раджы адæм амондхæссæгыл кæй нымадтой, ахæм маргъ.

Борхуарали – тыллæджы бардуаг. Ирон адæм-иу фæззæджы сæ тыллæг куы бафснайдтой, уæд-иу йæ номыл хъæугуывд скодтой.

Бунгард – бындзæфхад.

Бундор – иу бынаты рагæй чи лæууы, ахæм бындурон дур, иуæй-иу фольклорон уацмысты нысан кæны зæнæг дæр, ома бындар.

Бундзарæ – рагон къахыдарæс.

 

 

Ныфс æмæ лæмæгъдзинадыл дзурæг ирон æмбисæндтæ

*Зынтæвзарæг зынтæ сæтты

*Ныфсджын æмæ хъаруджын уый у, йæхи уромын чи фæразы

*Маст бауромынæн лæг хъæуы

*Гæдзæйы мидæг зæрин бады

*Гæдзæйы мад æвæсмон у

*Фидар удæн – фидар зонд

*Фæрæт цыргъ у, фæлæ арх дæр хъæбæр у

*Æхсæнчъы хæлдæй – дурæфхæлд

*Иуæй-иу хъуымац куыдзы срæйдæн дæр нæ фæлæудзæн

*Фæлмæн хъæды калм бахордта

*Фæлмæн къæрмæг рыгмæрзæн у

*Æгæр адджын куы уай, уæд дæ алчи дæр бахæрдзæн

*Лæгæй фæлмæн нæ бæззы

*Лæмæгъ лæгæй лæппæг уæлибæх хуыздæр у

*Цæст цы нæ уына, уымæн фидар у

*Æрцæуынæй тæрсын хъæуы, куы рцæуа, уæд та – фидар лæууын

*Дæ бæхы рохтæ куы суадзай, уæд былæй хауыс

 

Хъæлдзæг хабæрттæ

ÆХСНЫРСÆГ

Райкомы хицау иу хъæуы æмбырд куыд уагъта, афтæ адæмæй чидæр æрыхснырста.

– Чи уыдис? – афарста хицау.

Адæм ныхъус сты.

– Чи уыдис? – фæмæсты хицау.

Адæм сæ улæфт баурæдтой.

– Чи уыдис, зæгъын?!! – бынтон смæсты хицау.

– Æз уыдтæн… – адæмы хсæнæй сыстад царæй зæххмæйы дæргъæн къæдзæхы хуызæн лæг.

– Цæр, – фæцарæхст хицау æмæ дарддæр кодта йе мбырд.

 

СИАХСЫ УЛÆФТ

Иу сиахс йæ каистæм уазæгуаты уыд. Фысымтæ æхсæвы сæ уазджытæн уæттæ куы бакодтой, уæд фæрсынц сиахсы дæр:

– Ды та кæм баулæфдзынæ?

Сиахс йæхи бакъултæ кодта:

– Мæнæн ницы у, мæн тыххæй ма тыхсут, æз уæртæ уæ чызджыты цур дæр схуысдзынæн…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.