Ис адæмы ‘хсæн ахæм хъуыды, зæгъгæ, адæймаг а-зæххыл амондджынæй фæцард, уый хуыздæр бамбардзынæ, базондзынæ йæ амæлæты фæстæ. Æмæ кæд ацы ныхæстæ раст сты, уæд Сагкаты Кузьма амондджын адæймаг уыди. Уымæн æмæ йæ чи зыдта, кæимæ цард æмæ куыста, уыдоны зæрдæты ахæм фæд ныууагъта, æмæ йын йæ рухс ном кæддæриддæр сæ зæрдыл дардзысты.

Хорз адæймаджы кой дардмæ хъуысы. Йæ кад, йæ намыс та кæстæр фæлтæртæн цæвиттойнаг свæййы. Сагкаты Кузьмайы тыххæй дзурын иуæй æхцон у зæрдæйæн, иннæмæй та – зын. Æхцон уымæн у, æмæ уый уыд хæрзæвзонгæй фæстæмæ йæ цард, йæ хорз хъуыддæгтæй хъæубæсты фарн æмæ кад бæрзонд чи систа, сæ колхозы рæзтæн æппæт мадзæлттæ чи ардта, йæ бакаст æмæ кондæй дæр адæймаджы цæстæнгас йæхимæ чи здæхта, тæхудиаджы сыхаг, æмгар, уарзон ныййарæг æмæ цардæмбал чи уыд, йæ царды нысан бæркадджын фæллой скæнын кæмæн уыд, фæзминаг лæгæй чи баззад йæ хъæубæсты ‘хсæн, ахæм адæймаг. Зын та уымæн у, æмæ абон Кузьмайы тыххæй ивгъуыды дзурын тынг зын у, уымæн æмæ йæ хъæубæстæ хуыдтой сæ ныфс, фæлæ йæ, стыр хъыгагæн, мæлæт атыдта се ‘хсæнæй æмæ банцад йæ кусынæй йæ райгуырæн хъæубæстæм уарзондзинадæй йемыдзаг чи уыд, уыцы зæрдæ. Кæй зæгъын æй хъæуы, бирæ хорз хъуыддæгтæ саразын ма йын бантыстаид, фæлæ цы сарæзта, уыдон дæр фаг сты, цæмæй йын йæ рухс ном хорзæн мысой. Æмæ æндæрхуызон уæвæн нæ уыд Кузьмайæн, уымæн æмæ уый уыд, йæ рæстæджы, уæды областы цæр-джыты ‘хсæн йæ ном сæууон стъалыйау кæмæн сæрттывта, Социалистон куысты Хъайтар чи ссис, уыцы Сагкаты Григолы кæстæр æфсымæр. Уыдонæн та сæ мады æхсыримæ сæ туджы ахъардта куыстмæ уарзондзинад, сæ хъæубæстæн лæггад кæнын. Уымæн æмæ сæ сæ ныййарджытæ сахуыр кодтой ирон хæдзары æгъдæуттыл, фæллойуарзаг æмæ адæммæ уарзондзинадыл. Хъæубæсты ‘хсæн нымад цыдысты уæздан æмæ хæрзæгъдау бинонтыл.

Сагкаты Кузьма гуыргæ æмæ хъомыл дæр кодта Дменисы хъæуы. Скъолайы  ма куы ахуыр кодта, уæд бамбæрста фæллой – царды фæрæз кæй у, уый. Уымæн æмæ скъолайы сæрдыгон улæфтбонтæ æмæ фæззæджы фæллой æфснайыны рæстæг, скъоладзауты бригады уæнг уæвгæйæ, Кузьма кæддæриддæр уыд раззагдæрты рæнхъыты. Астæуккаг скъолайы фæстæ 1957 азæй 1985 азмæ куыста колхозы шофырæй. Стæй 1980 азæй 1992 азмæ – инженер-механикæй. 1993 азæй суанг 1997 азмæ та бакуыста колхозы сæрдарæй.

Йæ хъæубæсты стыр æууæнк æмæ бæрндзинад йæ алы уæнгæй дæр æнкъардта Кузьма, æмæ йæ бон куыд уыд, афтæ лæггад кодта колхозы рæзтæн фылдæр хорздзинæдтæ саразыныл. Дменисæгтæ дысвæлдæхтæй архайдтой сæ хæдзарады рæзтыл, амондджын цард дарддæр аразыныл.

Бонæй-бонмæ хæдзарады уавæр хуыздæрæй-хуыздæр цыд, фæллойадон дисциплинæ фидар кодта æмæ иумæйагæй куысты цæлхдуртæ иуварс кодтой. Кузьмайы фæрцы колхоз йæхиуыл ногæй фæхæцыд æмæ та хæдзарад æнтыстджынæй æрлæууыд районы колхозты раз-загдæрты æмрæнхъ.

О, райгонд уыдысты уæд сæ цардæй Дменисы хъæуы цæрджытæ æмæ фидарæй æууæндыдысты, сæ фидæн ноджы рæсугъддæр, бæллиццагдæр, кæй уыдзæн, ууыл. Фæлæ не стыр Цæдисы адæмтау уыдон дæр цæмæй зыдтой, нæ хъомысджын Райгуырæн бæстæ кæй ныппырх уыдзæн, адæмтæ кæрæдзимæ топпы кæсæнæй кæй акæсдзысты. Æмæ, цæмæй зыдтой дменисæгтæ, сæ зæхмæ, сæ хъæумæ дæр хæст кæй æр-цæудзæнис. Фæлæ æрбалæууыд уыцы рæстæг дæр. Цард сæзмæст, схæццæ æмæ сæргой фесты. Хæсты пиллон скалд Ирыстоны зæххыл. Гуырдзыстоны националистон хотыхджын  баиугæндтæ комкоммæ æхстой Цхинвал, пырх кодтой, сыгътой ирон хъæуты. Дменисы алыварс ирон хъæутæ лидзинаг фесты, сæ хъæуты сын басыгътой. Бирæ цæрджытæ мард фесты сæ къухтæй. Дменисы хъæу фæлæууыд сæ ныхмæ, мидæмæ сæ не ‘рбауагътой, фæлæ сыл уæддæр æрцыд бирæ зиæнттæ. Раст ахæм рæстæджы куыста Кузьма сæрдарæй, фæлæ колхозы æнтыстытыл дзурæн дæр нал уыд. Адæм зæрдæдзурæнты фесты æмæ кæй æндæвтой быдыры куыстытæ. 1997 азæй 2002 азмæ Кузьмайы ракодтой Цхинвалы районы «Агросервис»-ы директорæй. Рæстуд, æнæзæрдæхудт куыст кæнын ын лæвæрдтой ныфс, рæсугъд фидæнмæ тырнындзинад. Бонæй бонмæ йæ фæлтæрддзинад æмæ зонындзинæдтæ уæрæхдæр кодтой. Сагкайы фырт зыдта адæмимæ дзурын, æмбæрста алкæмæн дæр йæ рис, йæ сагъæс. Хайджын уыдис ирон лæджы миниуджытæй. Æвæццæгæн ын уый Хуыцауæй лæвæрд уыдис. Хъæубæстæ йын хистæрæй кæстæрмæ кодтой стыр аргъ, æууæндыдысты йыл æмæ йæ ногæй 2003 азы равзæрстой сæрдарæй. Бакуыста ма дзы дыууæ азы, фæлæ царды фæивдимæ фæивта дменисæгты цард дæр æмæ нал сæндидзыдта сæ иумæйаг хæдзарады куыст дæр. Æмæ 2005 азæй суанг йæ амæлæты бонмæ фæкуыста электрохызæджы. Уыцы стыр хъæуы та алы бон дæр кæйдæр рухс хъуамæ фехæлдаид, фæлæ Кузьма никуы базивæг кодта. Йæ сæрæн иу куы нæ уыд, уæддæр-иу уайтагъд уым балæууыд афтæ дзургæ: æнæ рухсæй зын у, цас хъуамæ бафæразой, тæригъæд сты. Гъе, ахæм уыд Кузьма.

Диссаджы адæймаг уыд Сагкайы фырт, уый зул дзыхæй никæмæ сдзырдтаид, никæмæ бахæлæг кодтаид, уый нæ, фæлæ алкæй хорздзинадыл дæр цин кодта, сæ хъыгыл та – хъыг. Адæмæн хорз ракæнынæй иста æхцондзинад. Хъуыстгонд уыд йæ рæдаудзинадæй. Йæ хъæубæстæ йын стыр аргъ кæй кодтой, уымæн ирд æвдисæн у, йæ амæлæты фæстæ йæ хорзæн кæй мысынц, чи йæ зыдта, уыдон иууылдæр. Мæлгæ та акодта дыууиссæдз боны размæ.

Амондджын адæймаг уыд Сагкаты Кузьма. Амондджын уыд йæ удæгасæй, амондджын у йæ мæлæты фæстæ дæр, уымæн æмæ дменисæгты царды цы фæд ныууагъта, уый йын йæ ном рох кæнын никуы бауадздзæн, йæ хъæубæсты зæрдæты цæр-гæйæ баззайдзæн.

 

БЕСТАУТЫ Валя

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.