Куырттатаг академи

Ирон адæм сæ  хъæбатырдзинад, лæгдзинад æмæ уæздандзинадæй кæддæриддæр æмæ кæмфæндыдæр хицæн кодтой æндæр нацитæй. Уæлдай цæстæвæрæн фесты уырыссаг-туркаг хæсты. Уырыссаг æфсадыл командæгæнæг тæккæ хæсты райдайæнæй æрдардта йæ хъус ирон полчы хæстонты хъæбатырдзинадмæ, фæлæ йæ куыдфæстагмæ дисы æппæрстой сæ уæздан ахаст, цыфæнды тæссаг уа-вæрты дæр се мдзу чи кодта, уыцы лæгдзинад æмæ адæймагдзинадæй.

Иу рæстæджы командæгæнæг штабмæ фæсидт цалдæр ирон хæстонмæ, сæ радон сгуыхтдзинады тыххæй сын бузныг зæгъыны охыл. Куы сын раарфæ кодта, уый фæстæ сæ хъавгæ бафарста:

– Сымахæн, ирæттæ, хæстон арæхстдзинад æмæ хъæбатырдзинад уæ туджы фыдæлтæй фæстæмæ кæй ис, уый алчи дæр зоны, фæлæ цавæр академи фестут, кæцæй уæм ис уый бæрц хæстон уæздандзинад æмæ культурæ?

Ирæттæ кæрæдзимæ бакастысты, ома, цы хуызæн фарст нæм дæтты, нæ ирон æгъдау æмæ уæздандзинадыл хъомыл стæм, æндæр цæй академи, академи цы у, уымæн зонгæ дæр куы ницы кæнæм… Æрæджиау дзы иу йæхи фæуæндондæр кодта æмæ афтæ зæгъы:

– Я закончил Куртатинскую академию…

Уырыссаг командæгæнæг хъуыдыты ацыд. Йæ сæрмæ уæлдай хатт бафæрсын нал бахаста, фæлæ, йемæ чи службæ кодта, уыдоны мысинæгтæм гæсгæ сусæг-æргомæй агуырдта, Куырттатаг академи кæм, кæцы паддзахады ис, уый…

Къуыдары зæронд лæджы зарæг

Зæронд лæг сфæнд кодта быдырмæ йæ сабитæн хор ласынмæ.

Скатай мæгуыр зæронд лæг: «Рæгътыл фæцæуин æмæ даргъ фæндаг у,

Кæмттыл фæцæуин æмæ мын мæ къоборты исдзысты гауыртæ».

Уалынмæ куы араст вæййы хæхтыл.

Уалынмæ комыдымæгмæ куы ныхæццæ ис, уæд ыл гауыртæ сæмбæлдысты:

– Дæ фæндаг раст у, зæронд лæг, дæ къобортæ ма рауæгъд кæн.

– Хуыцау уын ма уа, гауыртæ. Мæ сабитæ сæфдзысты,

Чызджыты йедтæмæ мын ницы ис.

Гауыртæ йын дзуапп куы радтой:

– Ды дæ чызджытæй ирæд райсдзынæ, фæлæ сау къобортæ махæн ауадз.

Мæгуыр лæг та дзуапп радта:

– Уæхæдæг сæ суæгъд кæнут.

Уалынмæ фескъæрынц мæгуыр лæджы къоборты.

Мæгуыр лæг ныккæуы æмæ нырдиаг кæны.

Гыццыл куы аивгъуыдтой, уæд сæмæнæй къæрæбин раскъæфта.

Сурынтæ сæ райдыдта, комы нарæджы сæ байæфта, йæхæдæг дзуры:

– Мæнæ сын се фсондз ахæссут, кæннод цæуын нæ зонынц.

Тулдз бæласы аууон абадти, гæрæхтæ сæ райдыдта æмæ сæ ныццагъта.

Дыууæ ма дзы баззад æмæ сæ къухтæ сдардтой:

– Мах де уазæг, зæронд лæг, дæ диссæгтæ ма дын чи радзурдзæн,

Мауал амар мах.

– Куыйты фырттæ, уæдæ уæ цырыхъхъытæ раласут,

Уыдон мæ хуызæн мæгуыр лæджы фæллæйттæй æлхæд  сты.

Пахуымпар æмæ йе ‘мбæлццон

Иу пахуымпар фæндагыл фæцæйцыд йæ хæларимæ. Иу ран сыл чидæр амбæлд æмæ пахуымпары æмбæлццонмæ ныууырдыг, æлгъиты йæ, алывыдтæ йын калы. Лæг æм иудзæвгар æнæдзургæйæ хъуыста, йæ дзыхæй иу сыбыртт нæ хауд. Фæлæ йæ æгæр куы æлгъыста, уæд уый дæр нал фæлæууыд æмæ йын йе лгъыстытæн дзуапп кæнын райдыдта. Уæд пахуымпар йе ‘мбæлццоны уым ныууагъта æмæ йæ фæндагыл араст.

Иу афон æй йе мбæлццон куы баййæфта, уæд ын уайдзæфтыл схæцыд, цæмæн мæ ныууагътай иунæгæй, зæгъгæ.

– Ды уыцы хылгæнæгмæ куы ницы дзырдтай, уæд дæ алыварс уыдис авд зæды æмæ дæ уыдон хъахъхъæдтой. Йе лгъыстытæн ын æлгъыстæй дзуапп кæнын куы райдыдтай, уæд дæ зæдтæ ныууагътой æмæ атахтысты. Æмæ уæд æз дæр рацыдтæн…

Найфат

Раджы заманы нæ фыдæлтæм иумæйаг кувæндæтты алы мыггагæн дæр уыд йæхи бадæн бынат, ахæм бынат хуыдтой найфат. Хæхбæсты уыд ахæм хъæутæ, фондз кæнæ фылдæр мыггаджы кæм цард, фæлæ иумæйаг дзуар, кувæндон кæмæн уыд. Ахæм кувæндæтты-иу иууылдæр иумæ скуывтой, стæй-иу алы мыггаджы куывддзаутæ дæр хицæнæй рабадтысты сæхи бадæн бынаты, фæлæ-иу кæрæдзимæ нуазæнтæ барвыстой.

Анахарсисы куырыхонныхæстæй

Анахарсисы куы бафарстой, уыцы-иу рæстæджы адæймаджы хорз æмæ æвзæрæй цы ис, зæгъгæ, уæд дзуапп радта: «Æвзаг».

«Цæйнæфæлтау дын цалдæр ницæйаг æмбалы уа, фæлтау дын иу рæстмæ æмбал йедтæмæ ма уæд», – дзырдта Анахарсис.

Геродоты фыстытæм гæсгæ Анахарсис философ Мисоны сæрды тæккæ æмбисы баййæфта быдыры кæрон, кæцы кæрдгæ нæ кодта, фæлæ йæ гутон рæвдз кодта уалдзæгмæ.

– Мисон, æмæ ныртæккæ хуым кæныны рæстæг куы нæ у, – фелхыскъ æй кодта Анахарсис.

Ирон æмбисæндтæ фидардзинад æмæ лæмæгъдзинады тыххæй

*Уый дуры гуыбынæй гуырд у

*Уый бирæгъы нуæрттæй конд у

*Æфсæйнагæй йыл фæрстæ ис, æндонæй та – тæлытæ

*Гæдыйау æвдудон у

*Уый дурты бын дæр н’ амæлдзæн

*Куы хыссæйæ фæлмæндæр, куы – мæсыгау æнæсæтгæ

*Йæ фырхъæбæрзæрдæйæ марды хурх дæндагæй бахсындзæн

*Нæртон лæг тас ран сæттын нæ комы

*Куыдз рæйы, бирæгъ йæ кæнон кæны

*Хъæпæн рувасы симдæй нæ сæтты

*Фæлтæрд лæгæн йæ тых æндон у

*Цуаноны къæхтæ – æрчъийы тыхт

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.