Республикæ Хуссар Ирыстоны Президент Бибылты Анатоли хайад райста Кутафин Олегы номыл Мæcкуыйаг паддзахадон юридикон университеты зонадон советы рабадты.

Советы уæнгты раз ныхас кæнгæйæ, Бибылты Анатоли раарфæ кодта Мæскуыйаг паддзахадон юридикон университеты сырæзты боныл 90 азы сæххæсты цытæн æмæ йæ цæст бауарзта дарддæры æнтыстытæ. Студентты серьезон ахуырадон цæттæдзинад банысан кæнгæйæ, Президент бафиппайдта, уæлдæр ахуыргæнæндоны цы теоретикон бындур райсдзысты, уымæн дарддæр кæй уыдзæн стыр нысаниуæг царды æмæ профессионалон размæцыды.

«Ныфс мæ ис, дарддæр дæр мах æнгом æмгуыстад æмæ æмархайд кæй кæндзыстæм. Уый кæй зæгъын æй хъæуы, æнæдызæрдыгæй, хуыздæр у Хуссар Ирыстоны специалисттæн æмæ нæ райгуырæн зæхх – Уæрæсейы Федерацийы хæрзиуæгæн», – загъта Бибылты Анатоли.

Мæскуыйаг паддзахадон юридикон университеты ректор Виктор Блажеевæн Президент  радта Республикæ Хуссар Ирыстоны паддзахадон хорзæх – Кады грамотæ – «Нæ адæмты ‘хсæн хæлардзинады æмæ æмгуыстады ахастытæ рæзын кæныны фæдыл сæрмагонд хайбавæрд, Республикæ Хуссар Ирыстонæн бæрзондквалификациджын кадртæ бацæттæ кæныны фæдыл активон ахъазкæнынад æмæ йæ райгуырæн боныл 60 азы сæххæсты цытæн».

«Цыфæнды республикæйы Президент дæр хорзæхтæ куы фæдæтты, уæд уыдон лæвæрд фæцæуынц адæмы номæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, ацы хорзæх у Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмы бузныджы нысан», – банысан кодта уый.

Уæлдæр ахуыргæнæндоны ректоримæ Бибылты Анатоли æруынаффæ кодта  дарддæры æмгуыстады фæндæгтæ æмæ уæлдæр ахуыргæнæндоны хуссарирыстойнаг студентты ахуырады фарстытыл.

«Анатоли Ильяйы фырт, бузныг дын, мæ куыстæн ахæм бæрзонд аргъ кæй скодтай. Бузныг дын, сæрмагондæй мæ кæй схорзæхджын кодтай Хуссар Ирыстоны адæмы номæй», – загъта Виктор Блажеев, æмæ ныфс бавæрдта дарддæры æмгуыстадæн Хуссар Ирыстоны æмæ Уæрæсейы æмбæстæгты хæрзиуæгæн.

Мадзалы хайад райста Уæрæсейы Федерацийы Республикæ Хуссар Ирыстоны Уæлвæткон æмæ Æххæстбарджын минæвар Гасситы Знауыр.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.