Нарты кадджыты æнгæсдзинæдтæ «Стайы цармдарæг»-ы

Гуырдзы æнусты дæргъы æнæхъæн дунейæн уырнын кæнынц, «Стайы цармдарæг» гуырдзиаг лæджы къухæй фыст кæй у, кæд сæм авторы тыххæй æндæр ницы зонæнтæ ис, уæддæр. Уырнын æй кæнынц ахæм хуызы, ома поэмæйы сюжеты æнгæсдзинæдтыл иунæг адæммæ дæр нæй фембæлæн, æгæрстæмæй персаг адæммæ дæр. Фæлæ никуы скодтой Нарты кадджыты кой. Уымæн æмæ сæ нæ фæнды, поэмæ Нарты кадджыты бындурыл фыст кæй æрцыд, ууыл басæттын. Хорз уаид уыцы æнгæсдзинæдтæм ногæй æркæсын:

1. Ацæмæзитæ Уæйыгæй Быцены маст райсын куы сфæнд кодтой, уæд сæ  Уæйыгы ус хорз суазæг кодта, стæй Ацæмæзæн афтæ зæгъы, зæгъгæ, мæ лæгæн  цуанæй  æрцæуынафон у, знæгтыл уæ куы банымайа, уæд дзы хатыр нæ уыдзæн æмæ уæ бамбæхсдзынæн, тас кæм нæ у, ахæм ран.

Афтандил Тариелы фæдыл куы фæхæст, уæд бацыд Асматмæ. Уый дæр дзуры Автандилæн, цæмæй мацы фыдбылыз æрцæуа, уый тыххæй уал дæ, цалынмæ йемæ ныхас кæнон, уæдмæ искуы бамбæхсдзынæн, зæгъгæ.

Дыууæйы дæр фæдзæхсы æмæ сæ æмбæхсы сылгоймаг.

2. Хызы фырт Челæхсæртæг домы Сосланæй, цæмæй радта Арæхдзауы. Сослан хъуыды кæны, цы сараза, ууыл? «Куы йæ баййафон, уæд ахъуыды кæндзæн, цыма йæ фæстейæ сырдтон; йæ разæй куы фæуон, уæд та ахъуыды кæндзæн, цыма йæ разы бадтæн. Цæй, цы уа, уый уæд, ацæудзынæн йæ фæстæ!»

Афтæ хъуыды кодта Автандил дæр. Æхсæвæй бонæй зылд йæ алыварс æмæ хъуыды кодта: «Искуы йын уыдзæн цæрæнуат æмæ æмæ йæм бацæудзынæн арæхстгай». Йæхи бааууон кодта, афтæмæй зылд йæ фæдыл.

Дыууæ ран дæр домдæуы æмхуызон арæхстдзинад.

3. Арæхдзауы нал фæнды фынгмæ баздæхын, фæлæ йæм Сослан хаты: «Фæстæмæ куынæ баздæхон, уæд мын Хыз йæ рæсугъд чызг Бедухæйы усæн нæ ратдзæн». «Гъемæ уымæй райдыдтаис»,-загъта Арæхдзау æмæ сразы фæстæмæ аздæхыныл.

Афтæ у поэмæйы дæр. Асмат куы ницы дзырдта Тариелы тыххæй, уæд Автандил скуыдта æмæ йын афтæ зæгъы: «Мæ уарзон мæ рарвыста, цæмæй йын ссарон стайыцармдарæджы, куынæ йæ ссарон, уæд мæ не смой кæндзæн». «Гемæ уымæй райдыдтаис»,-загъта Асмат æмæ сразы йæ раргом кæныныл.

Дыууæ ран дæр æмбæлæм бынтон æнгæсдзинадыл.

(Уыдзæн ма)

Къостайы царды хабæрттæй

Кавказы адæмтæ паддзахы заманы уыдысты уæлдай зындæр уавæрты,  фыстой уæлдай фылдæр хъалон. Къоста ирон арæзтæй бацыд паддзахмæ æмæ  йын бамбарын кодта Кавказы адæмы зын уавæр. Уыцы рæстæджы цы 3 сомы налог фыстой, уымæй дæр ссæрибар сты. Афтæ баххуыс кодта Къоста Кавказы адæмæн.

***

Къостамæ уазæгуаты бацыдысты дыууæ лæджы æмæ йæ фæрсынц:

– Адæймаг хуыздæр куыд фæцæрдзæн?

Къоста сын дзуапп радта:

– Адæймагмæ рæстдзинад куы уа, йæхи фæллойæ куы цæра, уæд фæцæрдзæн кадджын æмæ амондджынæй.

***

Къоста куы фæрынчын, уæд-иу æм рынчынфæрсæг чи бацыд, уыдоны афарста:

– Ницыма бакуыстат? Революци нæма рцыд? Адæм ницыма сарæзтой?

Хæларзæрдæ фæндаггон

Рагон ирон таурæгъмæ гæсгæ иу саугуырм лæг æмбисæхсæв  фæндагыл фæцæйцыд фæндагмæ цырагъ даргæйæ. Иу лæг ыл амбæлд æмæ йæ бафарста:

– Цæмæ рухс кæныс фæндагмæ, уынгæ куынæ кæныс, уæд.

Саугуырм ын дзуапп радта:

– Уадз æмæ æз ма уынон, фæлæ фæндагмæ цы рухс дарын, уыцы рухсмæ йæ развæд хуыздæр уындзæн, ме рдæм чи рæцæйцæуа, уый.

Ирон æгъдау æмæ æфсармы домæнтæ ныры дуджы

– Адæмы ‘хсæн, æхсæнадон бынæтты дæхи дарын зон. Ма кæн хъæр, æнæфсарм, кæнæ схъæл ныхас. Дæхи ма стау, аргъ кæн алкæйы зондæн дæр. Фылдæр хатт бирæ зæгъынæй байхъусын пайдадæр вæййы. 

– Ма кæн къуыдипп, схъиуд митæ. Зон хиуыл хæцын, уый фæрцы адæмы астæу уыдзынæ тыхджындæр æмæ фæрнджындæр.

– Дæ алыварс чи ис, уыдонæй æфсæрмы кæн, сæ фæндаг сын ма лыг кæн. Дæхи æгад æмæ æлгъыстаг ма кæн, адæмы фыдæх райсын бирæ у. 

– Ирон нæлгоймæгтæ фембæлгæйæ хъæбыстæ никуы кодтой. Кæрæдзийы къухта-иу райстой æмæ-иу дзыхæй уæздан арфæ ракодтой. 

Нæу нæ сыхæгтæй æрбайсгæ хъæбыстæ кæныны æгъдау фæзминаг.

– У хайджын ирон æфсармæй. Уынгты, паркты, æхсæнадон бынæтты уром æмæ ма ‘вдис дæ монцтæ. Чызг æмæ лæппу кæрæдзимæ цы зæрдæ дарынц, уымæ хъуамæ адæм кинойау ма кæсой. Алцæмæн дæр ис йæхи бынат æмæ рæстæг. 

– Зон æмæ æххæст кæн кæстæр-хистæры æмæ хистæр-кæстæры æгъдау. Кад кæн нæ фæрнæйдзаг хистæртæн, ис сæ зонд æмæ фæлтæрддзинад. Зон, ирон адæмы фарн хистæрæй кæстæрмæ кæй цæуы, æмæ фидæны дæ кæстæртæ уыцы фарн дæумæ кæй агурдзысты. 

Ирон æмбисæндтæ

Фидардзинад æмæ лæмæгъдзинады тыххæй

*Зындзинæдты чи сфæлтæра, уымæ зындзинад ницыуал кæсы

*Фат дзы нæ хизы, кард æй нæ кæрды

*Лæгдзинад зындзинæдты бæрæг кæны

*Удæн йæ фидар уынгæджы бон рабæрæг вæййы

*Мæгуыр йæ зындоны хæс уæлæуыл бафиды

*Ма райгуырдаис; кæм райгуырдтæ, уым фæраз

*Лæг цы нæ ’взары, хæрæг цы нæ быхсы!

*Тæрхъусдзарм дæр ма куыдзы срæйдмæ фæлæууы

*Иу бонваг тæрхъусдзарм дæр кæны

*Иу бон лæг калм дæр фæдардзæн йæ роны

*Тыхджын лæг топдзæфæй нæ хъæрзы

*Нанайы бынæй чи нæ скæуа, уымæй лæппу нæй

*Зындзинад мæгуыры хай у

*Фæразоны ’ккой фылдæр æвæрынц

ХЪÆЛДЗÆГ ХАБÆРТТÆ

Уыцыфарсаг цуанон

 Уыцыфарс кæйдæр зианы æхсæвбадæны рæстæджы иу цуанон лæг йæхицæй æппæлы, галыйас арс æм ныхмæ куыд фæлæууыд, фæлæ дзы куыднæ фæтарст æмæ йæ куыд амардта…

Чи йæм хъуыста, уыдоны йæ ныхæстæ нæ уырнынц æмæ лæг мæсты кæны.

– Æцæг уын зæгъын, æцæг, растæндæр галы йас уыд, фæлæ дзы нæ фæтарстæн, ныхмæ йæм фæлæууыдтæн.

– Нæ уыдаид галы йас, стæй дзы ма фæтарстаис, уый дæр никæй бауырндзæн.

Лæг ма цы загътаид, уый нал зыдта, мæсты кæны, æрæджиау сыл фæхъæр кодта:

– Кæд уæ нæ уырны, уæд уæртæ Дженийы бафæрсут.

– Æмæ Джени дæр демæ уыд? – афарстой йæ.

– Мемæ нæ уыд, фæлæ йæ уымæн дæр дзырдтон…

Мукка æмæ Уакка

Зайрæгтæ Мукка æмæ Уакка фæбыцæу сты. Мукка уыдис бæрзонд, онгджын, йæ къухтæ – арсы дзæмбыты хуызæн. Уакка та мæллæг, къæсхуыртæ лæг уыдис æмæ йæ Мукка тынг смæсты кодта, фæлæ… Уæддæр ма йæхи рæстытæ кодта сыхæгты цæстмæ:

– Афтæ æнхъæлут, нæ йæ фæнæмин, фæлæ йын йæ хъуынджын къухтæм куы бакæсын, уæд мæ зæрдæ баризы…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.