Нарты кадджыты æнгæсдзинæдтæ «Стайы цармдарæг»-ы

 

  1. Нартæ авд хохы фæстæ цы саг федтой, уый сæ цæстыты раз æрбадæлзæх.

Поэмæйы дæр Ростеван  цы саг федта, уый æрбадæлзæх.

  1. Нартæ хæцынц Кадзитæ æмæ Уæйгуытимæ.

Поэмæйы дæр хæцынц уыдонимæ.

  1. Нарты кадджыты Сананайæн сывæллон куы райгуырд, уæд æй чырыны нывæрдта æмæ йæ доны баппæрста. Сывæллоны ссардтой кæсагахсджытæ æмæ йæ бахастой Æлдармæ.

Поэмæйы дæр Давар Нестан-Дареджаны чырыны æвæрдæй доны баппæрста. Чырын ссардтой базаргæнджытæ æмæ йæ бахастой Фатмамæ.

  1. Нарты кадджыты Æлдар йæ рæсугъд чызг Агуындæйæн самадта фидар, цы ран цардис иунæгæй.

Пэмæйы дæр Нестан-Дареджанæн йæ фыд самадта фидар, цы ран цардис иунæгæй.

  1. Нарты кадджыты Агуындæ фидары рудзынгæй ауыдта Ацæмæзы æмæ кæрæдзи бауарзтой.

Поэмæйы дæр Тариел Нестан-Дареджаны бауарзта, фидары йæ куы федта, уæд.

  1. Нарты Батрадз йæ фыды амæлæты хабар фехъусгæйæ кæуы ставд цæссыгæй.

Поэмæйы дæр Тариел ставд цæссыгæй кæуы йæ фыды амæлæты хабар фехъусгæйæ.

  1. Нарты Сослан бæхы бабаста, йæхæдæг схызт бæласыл æмæ уырдыгæй каст барæгмæ.

Поэмæйы дæр Автандил бæхы бабаста, йæхæдæг схызт бæласыл æмæ уырдыгæй йæ хъус дардта Тариелмæ.

  1. Нарты кадджыты Уырызмæг, Хæмыц æмæ Сослан æртæйæ уынаффæ кæнынц, Батрадзы ныхмæ куыд схæцой, ууыл.

Помæйы дæр Тариел, Автандил æмæ Придон æртæйæ уынаффæ кæнынц, Кадзитимæ куыд схæцой, ууыл.

 

Иронвæндаджы рагон уидæгтæ

Ныры дуджы ирон адæммæ бирæ фæлæмæгъдæр сты мардæгъдауы рагон æууæлтæ – иронвæндаг цы у, цы нысан кодта, уыдæттæ зонгæ дæр ничиуал кæны, уыцы фарстатыл сæрмагондæй чи кусы, уыцы зонадон кусджытæй дарддæр. Афтæмæй та раджы заманы ирон адæммæ иууыл бæрзонддæр, иууыл карздæр уыдысты мардæгъдауы, иронвæндаджы ахсджиаг æууæлтæ. Тынгдæр-иу кæуыл фæхъыг кодтой, фылдæр цæссыг-иу кæуыл фæкалдтой, уый сæм нымад уыдис кадджындæр мардыл.

Мардæгъдауы карздзинад æмæ ахсджиагдзинад ирон адæммæ æрхæццæ нæ рагфыдæлтæ скифтæй. Скифты мардæгъдæутты тыххæй бердзенаг философ, историйы фыд Геродот куыд фыста, афтæмæй-иу уыдонæн сæ паддзæхтæ кæнæ раздзогтæй исчи куы амард, уæд-иу уыдысты тынг фыдох. Мардæн-иу ингæн куы скъахтой, уæд-иу æй сæвæрдтой уæрдоныл æмæ-иу æй æрзилын кодтой, йæ дæлбар цыдæриддæр зæххытæ уыдис, уыдоныл. Адæм-иу сæ хъустæй ралыг кодтой чъылбызтæ, фатæй-иу фæхуынкъ кодтой сæ галиу къухты армытъæпæнтæ.

 

Мадымайрæммæ бакуывд

(Рагон вариант)

Хуыцауы ныййарæг Мадымайрæм

Уæларвæй рауагъта сыгъзæрин асин,

Æрцыдис зæххон адæммæ:

Уæй, не хсин, не стыр ныфс Мадымайрæм,

Алы къуыппыл – дæ кувæндæттæ,

Сыкъаджын галтæ – дæ нывондæгтæ,

Æвæстаг адæм дæм зæнæгмæ кувынц,

Алы хъæдæй дын – буц хуымæллæг,

Алы хуымæй дын – буц бæгæныйаг,

Бурхъус нæлфыстæ – дæ нывондæгтæ,

Нæ сабитæ де уазæг, Мадымайрæм,

Кæмæн цы радтай – цæринаг ын уæд,

Кæмæн нæй, уый та дæ хорзæх фæуæд!

 

 

Дæлимонтæ, Уæлимонтæ æви Хæйрæджытæ

Ирон адæмæн сæ бæрæг фылдæр хайæн дæлимонтæ, зинтæ, иблистæ, фæстæмæзæвæтджынтæ æмæ афтæ дарддæр – иууылдæр нымад цæуынц хæйрæджытыл, дæлимонтимæ ма уæлимонтæ дæр кæй ис, уый та бынтондæр ферох …

Хæрамдзинад æмæ фыдæхдзинад чи хæссы, уыцы тыхты минæвæрттæ сты, Авд дæлзæхы чи цæры, уыцы дæлимонтæй уæлзæххыл цæрæг уæлимонтæм: хæйрæджытæ, зинтæ, иблистæ, уæйгуытæ æмæ иуæй-иу дауджытæ. Ирон адæймаг йæхи хъахъхъæны уыдонæй, æмæ йæм цæмæй ма сфыдæх уой, уый тыххæй сын сæ ном ары, дзуры, фæлæ сæм кувгæ нæ кæны. Дæлимонтæ цæрынц Авд дæлзæхы, зинтæ – цъымараты, хæйрæджытæ – цъассыты, æрхыты, дауджытæ – уæлзæхх. Уыдонæй цæстæй фенæн никæмæн ис. Уынынц сæ æрмæстдæр гæдытæ æмæ бирæгътæ.

 

Райгуырæн бæстæмæ ахаст ирон æмбисæндты

*Лæг цы уæзæгыл райгуыра, æвæргæ дæр æй уыцы уæзæгыл хъуамæ бакæной

*Нарт-иу, сæхи уæзæгыл чи нæ райгуырд, уый сæхицæй нæ хуыдтой

*Лæгæн йæ цæрæн Мысыры сыджыты ад кæны.

*Йæ райгуырæн бæсты чи нæ цæры, уый царды ад нæ зоны

*Райгуырæн бæстæн йе ’взæр дæр адджын у

*Уызын дæр йæхи къудзийы бынмæ лыгъди

*Хи хуыггомы мыст дæр хъæбатыр у

*Алы сæтæлæг дæр йæхи цъассы лæзæры

*Райгуырæн бæстæ – мад, фыдау, искæй бæстæ – фыды фыртау

*Дæ цард дæ цæсты куы сæгад уа, уæд-иу æндæр бæстыл азил

*Æнахуыр бæстæйы æлдарæй дæр зын цæрæн у

*Искæй уæзæгыл дæ хуыцау æхсин дæр ма скæнæд!

 

ХЪÆЛДЗÆГ ХАБÆРТТÆ

 

«Фыдзонд рынчын»

Иу рынчын хъæрзы æмæ дохтырæн дзуры:

– Мæлын, дохтыр, мæлын.

– Тæрсгæ ма кæн, нæ амæлдзынæ, – ныфсытæ йын æвæры дохтыр.

– Нæ, нæ, дохтыр, амæлдзынæн, -дзуры уæддæр рынчын.

Дохтыр ын хостæ бадардта, судзин ын сарæзта æмæ та йын ныфсытæ бавæрдта, кæй нæ амæлдзæн уымæй.

– Амæлдзынæн, дохтыр, амæлдзынæн,-дзуры уæддæр рынчын.

Дыккаг бон дохтыр кæсы æмæ рынчыны уат афтид:

– Ацы лæг та цы фæцис, – фæрсы иннæ рынчынты.

– Дысон амардис, – загътой йын рынчынтæ.

Дохтыр йæ армытъæпæнтæ кæрæдзийыл ныццагъта:

– О, о, о! Куыд фыдзонд разынд, куыд фыдзонд – уæддæр йæхи фæнд атардта!

 

Сидзæры хатыр

Иу лæппу йæ мад æмæ йæ фыды амардта. Куы йыл тæрхон кодтой, уæд тæрхоны лæгтæм ныххатыд, исты хатырæй, дам, мын мæ уавæр фæрогдæр кæнут.

– Æмæ дын цы хатыр хъуамæ ныккæнæм, дæхимæ куыд кæсы?- бафарстой йæ тæрхоны лæгтæ.

– Сидзæры тыххæй мæм ницы хатыр æмбæлы?-йæхи сæм бакъултæ кодта лæппу.

 

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.