«УÆ ЛÆГГАД БИРÆ»

Гозыр нымад лæг у. Драмон театры артист. Уымæйдæр комикон артист. Не сценæмæкæсджытæй йæ чи нæ зоны, йе сфæлдыстадæн ын чи нæ табу кæны, ахæм стæм разын-дзæн. Кæддæр, хъæуккон лæппу уæвгæйæ, йæ ныййарджытæ, йæ мадызæнæгтимæ æндæртау мæгуыр цард кодтой. Фæлæ, куыд фæзæгъынц, бон цæуы æмæ фарн йемæ хæссы. Гозыр æмæ йæ хотæ, йе ‘фсымæртæ рæзтысты. Рæзтысты, рæзтысты æмæ дын сæ алчидæр адæмы рæгъы куы рацæуид. Кæй зæгъын æй хъæуы, Гозыры хуызæн номдзыд адæймæгтæ иннæтæ нæ рацыдысты, фæлæ сæ фыдгæнæг, æввонгхор, нозтгæнæг æмæ æндæр ахæм мæгуырау – мæгуырау нæ, фæлæ цъаммар хъуыддæгтыл хæст ничи рацыд. Æмæ сæйраг уый у.

Цæмæн дзурын æппæт уыдæттæ? Гозыр ма хъæуы куы цард, уæд сæм, горæты сын цы бирæ хæстæджытæ уыд, уыдон æмгæрæтты никуы цыдысты. Ныр Гозыр стыр лæг у, зындгонд лæг у. Алчидæр ын кад кæны. Æмæ дзы уæдæ, цы горæтмæ æрцыд æмæ кæм кусы, уым æм йе ‘ввахс хæстæджытæ æввахс цæуылнæ хъуамæ æрбалæууой! Уынджы амбæлгæйæ йыл фæцин кæнынц, æрфæрстытæ йæ кæнынц йæ ныййарджытæ, йæ хотæ æмæ æфсы-мæртæй. Уæдæ йæ сæ хæдзæрттæм дæр куыннæ фæхонынц. Гозыр дæр, рæстæг ын куы вæййы, уæд сразы вæййы, кæй дзы нæ зоны, уыдонимæ базонгæ вæййы, йæ кадæн гаджидæуттæ рауадзынц, кæд нæ уарзы ахæм кувдтытæм хъусын, уæддæр.

Иу ахæмы та йæ фæхуыдта йæ горæттаг хæстæджытæй сæ иу. Нæ йæ фæндыд уазæгуаты цæуын, фæлæ хонæг нычъерппи ис – нæ, хъуамæ, зæгъгæ, рацæуай.

Бадзырдтой изæры авд сахатмæ æмæ зымæджы рæстæджы та уæд талынг вæййы, æгæрыстæмæй, бирæтæ сæ хуыссæн уат дæр бацагурынц.

Æмæ ма ууыл дæр хъæцид, фæлæ дыууæ къуырийы размæ йæ галиу сины цыдæр ныллæууыд æмæ, марадз, зæгъ, кæд æй йæ къах айсын уадзы! Нæ горæт чысыл у, алчидæр æй зоны æмæ йыл амбæлгæйæ, фæрсыныл схæцынц: «Цы кодтай, кæм фæкъуылых дæ, быргæ фæкодтай æви искуыцæй рахаутæ, гъе та дæ исчи ныццавта?». Ацу æмæ сæ алкæмæн æмбарын кæн, къуылых цæмæн цæуыс, уымæн йæ аххосаг.

Машинæйыл æй акæндзæн, уымæй хонæг ницы ныфс бавæрдта, горæты иу кæронæй иннæ кæронмæ та ацы ихвæндæгтыл куыд фæцæуа счиу-счиугæнгæ. Куы ахауа æмæ ма йæ къах дæр куы асæтта, уæд йæ сæр бынтон уынгæджы нæ фæуыдзæн? Æмæ йæ къах дæр ма асæттæд, фæлæ иу-дыууæ куы аназа, уæд ма фæстæмæ цæугæйæ йæ хæдзармæ фæхæццæ уыдзæн? Уыдæтты тыххæй нæ разы кодта Гозыр, фæлæ цы кæна, æфсæрмæй мард у… сразы…

 Æмæ къуылых-къуылых балæууыд, адресмæ гæсгæ кæй ссардта, уыцы хæдзары къулдуары раз. Нылхъывта дзæнгæрæджы джыбы æмæ чысыл фæстæдæр байгом  дуар.

– Уазæг, Хуыцауы уазæг! Дæ хорзæхæй, саккаг кæн, рахиз мидæмæ! – цинтæ йыл кæны йæ абоны хонæг.

Гозыр бахызт уæрæх, рухс кæртмæ, æмæ та ам дæр уыцы фарст:

– Дæ хорзæхæй, Гозыр, цы кодтай, цы дыл æрцыд, къуылыхæй дæ куы никуы зыдтон, сценæйыл дзæбæх куы фæхъылдым кæныс? – бакатай кодта фысым. Уæдмæ бинонтæ æмæ ма сæм цы уазджытæ уыдис, уыдон рагуылф кодтой сæ зынаргъ уазæгыл сæмбæлынмæ.

– Цы кодтай, цы кодтай! – бахъуыр-хъуыр кодта Гозыр, – Цы, цы уæртæ мæ уым уæ сыхы куыйтæ фæцæйæр-æргæвстой. Сæ иу дзы мæ синыл фæхæцыд…

– Дæ хорзæхæй, Гозыр, рахиз-ма мидæмæ, сынтæгыл æрхуысс æмæ æркæсæм куыдзы хæстмæ…

– Ды дзы цы номыртæ аппарыс, уый ничи. Цы хонæджы æфсæрм дæ уыдис, – уый ус хæцыд мидæгæй сабыр хъæлæсæй кæмæдæр.

– Уæдта куыдз æрранизæй рынчын у, аласын æй хъæуы тагъдыл рынчындонмæ…

– Нæ фынг нын фенад кодта…

Ахæм æмæ æндæр ныхæстæ сусу-бусуйæ цыдысты фысымтæ æмæ сæ уазджыты ‘хсæн, фæлæ-иу Гозыры хъустыл уæддæр суадысты.

Ныр цы бакæна Гозыр? Базыдта, тынг æм кæй не ‘нхъæлмæ кастысты. Йæ хъазæн ныхас йæ хиуæттæм ахæм æргом хъуыдытæ расайдзæн, уый кæцæй æнхъæл уыд æмæ ма ныр куыд зæгъа, хъазгæ кæй кодта? Кæрæдзийы цæстытæм ма фынджы фарсмæ куыд кæсдзысты?

– Цом-ма хæдзармæ æмæ хъæдгоммæ æркæсæм, кæд тæссаг у, уæд дæ рынчындонмæ аскъæфæм, – стыхст хонæг.

– Нæ, нæ, хæдзармæ нæ, рынчындонмæ дæр нæ, мæхи хæдзармæ мæ фæстæмæ фæхæццæ кæнут, – йæ синыл хæцгæ дзуры Гозыр.

Машинæ дзы уайтагъд разынд, авæрдтой йæ æмæ йæ бамидæг кодтой йæ хæдзары размæ.

– Цом, бакæнæм дæ мидæмæ, – йæ дæлæрмтты бацыдысты дыууæ лæппуйæ.

– Нæ, нæ! Мæхæдæг бахиздзынæн, тыхсгæ ма кæнут, алцыдæр уыдзæн хорз, уæ лæггад бирæ – æмæ дæгъæл каудуары гуыдыры фæтъыста…

УÆЛТÆМÆНАДМÆ ÆНХЪÆЛМÆ КÆСГÆЙÆ

Ацы хабар Мидтайыл æрцыд, уартæ ма æндæргъуызон куы цардыстæм, уæд, ома, Советон дуджы. Бирæ æндæр хъæууон лæппутау уый дæр астæуккаг скъола каст куы фæцис, уæд хæрзбон загъта хæххон уæззау цардæн æмæ æрбынат кодта горæты. Йæ ахуыр адарддæр кæна, гъе, та искæцы заводы къæсæрыл балæууа куысты ныллæууыны охыл, уый тыххæй. Хъуыддаг уый мидæг ис æмæ фыссæджы куыст кæныныл фæлвары Мидта, æгæрыстæмæй, йын журналы æндæр авторты уацмыстимæ æртæ æмдзæвгæйы дæр мыхуыры рацыдис «Литературæйы ногдзауты» рубрикæйы бын. Æмæ дын базыртæ куыннæ басагъд Мидтайыл! Йæ бынат фидæны уыдта стырдæр фысджыты ‘хсæн.

Мидтайæн, кæй зæгъын æй хъæуы, горæты йæхи хæдзар нæ уыд, цард æххуырсты, кæйдæр ныккæнды æмæ йæм йæ зонгæтæ, уæлдайдæр та йе ‘мхъæуккæгтæ мæсты дæр кодтой, зæгъгæ, цы джиуы æгуыстæй горæты, бацæуæт æмæ йæ ныййарджытæн феххуыс кæнæт сæ куыстыты. Фæлæ уыдон цæмæй æмбарынц, Мидта йæ гæрзтæ стыр фыссæг суæвынмæ кæй рабаста. Æмæ цæмæй ахæм лæг рауайай, уый тыххæй та æдзух хъуамæ дæ хъуыдытимæ уай, æрцæуа дæм уæлтæмæнад æмæ йæ уацары ныххауай.

Цæры Мидта æххуырст хæдзары иунæгæй, уæдæ цы! Рацыд мæй æмæ фысым æркой кодта, цæмæй бафида, цæуыл бадзырдтой, уый.

– Дæ хорзæхæй, фæгæдзæ ма кæн. Зоныс, æз сфæлдыстадон кусæг дæн, – рахаста йæм, йе ‘мдзæвгæтæ мыхуыр цы журналы уыдысты, уый æмæ йын сæ уынын кæны.

– О, о, – фыссæг куы цæры мæ хæдзары æмæ йæ æз зонгæ дæр куынæ кодтон, – фæхъуыддаггъуыз фысым.

– Омæ дын уый дзурын. Мæнæ цыдæртæ хъуамæ афыссон, бадавон сæ редакцимæ. Куы мын сæ ныммыхуыр кæной, уæд гонорар райсдзынæн æмæ дын бафиддзынæн, цы дæм æмбæлы, уый.

– Цæй, кæд афтæ у, уæд хорз, – бакодта ма фысым æмæ ууыл  ахицæн ныхас.

Бонтæ та дарддæр сæ цыды хай кодтой. Дыккаг мæй дæр йæ кæронмæ фæхæццæ кæны. Фæлæ нæй – Мидтайы сисы бынæй ницы æмæ ницы уацмыс гуыры. Куы фæцис мæй, уæд та йæм фысымы цæсгом бахъæцыд:

– Цæй, куыд у, ницыма бадавтай редакцимæ, нæма дын радтой гонорар?

– Зоныс, мæ фысым, хабар цæй мидæг ис? Сфæлдыстадон кусæджы хъуыддаг афтæ у æмæ дæм уæлтæмæнад куынæ ‘рцæуа, уæд дæ хъиутæ цасфæнды хæр – ницы дзы рауайдзæн.

– Уæлтæмæнад та ма цы у? – дисгъуызæй бафарста фы-сым йæ цæрæджы.

– Мæнæ… хъуыдытæ сæхæдæг дæ сæрмæ куы лидзой æмæ ма сæ ды æрмæст фысгæ куы кæнай…

– Æмæ ницы бæрæг ис, кæд дæм æрцæудзæн уыцы… уæлтæмæнад?

– Æрцæудзæн, æрцæудзæн, мæ фысым. Хъуамæ фæзы-на æмæ дын уæд дæ хæс иууылдæр иумæ бафиддзынæн.

Ницы та загъта ацы хатт дæр фысым.

Мидта та ногæй æрбадт йæ фыссæн фынджы фарсмæ, райста йæ фыссæн сис æмæ та йын йæ бырынкъ садзæгау æркодта сыгъдæг гæххæттæн йæ райдианы. Фæлæ уый, гуымыдза фысау, размæ нæ комы, æмдзæвгæтæ фыссын æй нал фæнды,  фысым та йе ‘хцамæ æнхъæлмæ кæсы. Фæлæ… кæй йын ныммыхуыр кодтой, уыдоны дæр æмбæлон уагмæ редакцийы кусджытæ æркодтой, стæй æмдзæвгæтæй цас гонорар хъуамæ райсай! Йæ фæнд радзырд дæр нæ, фæлæ уацау ныффыссын у, ахъуыды кæны романыл дæр, фæлæ уымæн бирæ рæстæг хъæуы. 

Æмæ ныдздзæгъæлтæ Мидта. Фæлæ сæйраг уый нæу. Уæлтæмæнад æм кæй нæ цæуы, мæсты ууыл кæны. Æндæра цæуылнæ згъоры мæнæ сыгъдæг гæххæттыл размæ йæ фыссæн сис?

Бирæ фæбадт ахæм уавæры Мидта, стæй фыссæн сисы ныздыхта сыгъдæг гæххæттыл æмæ фæстæмæ сыстад йæ бынатæй, арацу-бацу кодта къуындæг уаты дыууæрдæм, стæй бацыд, уынджырдæм цы иунæг рудзынг уыдис, уый размæ æмæ, рудзынгæмбæрзæныл иуварс ахæцгæйæ, акаст æдтæмæ, раст, цыма, уæлтæмæнады æрбацыдмæ æнхъæлмæ каст, уыйау.

Нæ та фæзынд уæлтæмæнад Мидтамæ æртыккаг мæйы дæр, афтæмæй аивгъуыдта. Йæ фæудмæ хæдзары хицау ноджы тынгдæр æнхъæлмæ каст æмæ та йыл куы амбæлд, уæд æй афарста?

– Куыд у, никуыцæй-ма зыны дæ уæлтæмæнад?

– Зындзæн, зындзæн, мæ фысым! Тыхсгæ ма кæн, цыма де ‘хцатæ æфснайæн лагъзы сты, афтæ нымай – ныфс та йын бавæрдта Мидта.

Фæлæ уыцы ныфсы ныхæстæ ницыуал сахадыдтой.

– Зоныс, цы! Æз нæ зонын, дæ уæлтæмæнад дæм кæд æрцæудзæнис æмæ дæм цæугæ дæр æркæндзæнис, уый, фæлæ мæ цы дарыс, уый æртæ боны æмгъуыдмæ куыд бафидай! – карзæй загъта хæдзары хицау.

Сæ хъуыддаг цæуыл ахицæн, уый нæ рабæрæг, фæлæ махæн, чиныгкæсджытæн, нæ цæст Мидтайыл стыр фысджыты нæ, фæлæ цауддæр фысджыты ‘хсæн дæр никуы схæцыд, кæд бирæ дæсгай азтæ рацыдысты уæдæй фæстæмæ, уæддæр.

ÆМБОНДЫ КÆРОЙНАГ СÆДЖЫНДЗ

– Хепа, нæма фæхæццæ кæнæм! – Йæ хауд сæрыл зынтæй схæцгæйæ, адзырдта йæ разæй цæуæгмæ Годзи.

– Æрхæццæ стæм… Æмбонд фæцис… – Æмбонды кæройнаг сæджындзыл дыууæ къухæй бæргæ фидар хæцыд, афтæмæй йæ разы кафæгау кæнгæйæ, адзырдта фæстæмæ йе ‘мбалмæ.

Годзи сæджындзыл дыууæ къухæй фидар хæцыд, фæлæ гуыр дыууæрдæм кодта æмæ сæджындз дæр змæлыд, лæг-иу ыл чердæмыты ранцай-банцай кодта, уыцырдæмыты. Дардæй кæсгæйæ афтæ зынд, цыма цас фидар сагъд у, уый бæрæг кæны расыг лæг. Бынтон æндæр цæуылдæр дзурæг уыдысты къæхтæ та. Уыдон сæджындзы раз дыууæрдæм кодтой, хатт-иу лæг фæхæбæц æмæ ма-иу къæхтæ зынтæй кæрæдзийы фарсмæ слæууыдысты. Хатт та-иу фæстæмæ ацыд. Æрмæст къæхтæм, растдæр зæгъгæйæ та дзабыртæм кæсгæйæ, афтæ зынд, цыма сæджындзы раз Годзи цавæрдæр уæздан кафт кæны.

Фæлæ Годзийы кафын æндæвта! Йæ мады фæндиаг нал у. Йæ мады фæндаиг нал у йæ фæстæ цæуæг Хепа дæр. Хъæуы кæрон чындзæхсæв уыд. Цины хъуыддаг. Æмæ ацы дыууæ сыхаджы дæр ацин кодтой. Сæхиуыл. Ныр фæстæмæ сæ хæдзæрттæм здæхынц. Йæ цæрæнбон бирæ ацы æмбонд саразæгæн. Æндæра цы кодтаиккой… Фæндагыл сыл сæ нозт æртæфст æмæ хорз уыд æмбондæн йæ райдианыл фæхæст сты…

Фидар хæцы Хепа æмбонды кæройнаг сæджындзыл, афтæмæй йæ разы дзойтæ кæны. Уырдæм куыддæрты хылд Годзи дæр. Се ‘хсæн дæрддзæг цыбырæй-цыбырдæр кодта, стæй Хепамæ бынтондæр баввахс æмæ йæ фарсмæ слæууыд.

Æниу, лæугæ цы! Сæ дыгай къухтæй фидар хæцынц уыцы сæджындзыл, æмæ йæ дыууæрдæм раиваз-баиваз систой, сæ сæртæ сæ цæнгтыл æрæппæрстой, сæ синтæ дæр фæндаджы æрдæм здæхтæй дыууæрдæм кæнынц. Хатт сæ уæрджытæ фæцудынц, фæлæ сæхи зæхмæ æрхауынмæ нæ бауадзынц – сæджындз фидар лæууы.

Кæдмæ уыдаиккой ахæм уавæры, уымæн иунæг Хуыцау йæ зонæг, фæлæ дын сæ цурты дæлæмæ куы рацæйуаид, иу 13-14 азы кæуыл цыдаид, ахæм лæппу. Куыннæ базыдтой Дзыбыртты.

Хепа йæ сæрыл хæрдмæ фæхæцыд, йæ галиу цæст ныцъынд кодта, афтæмæй иннæмæй скаст лæппумæ.

– Дзыбыртт… æрцу-ма… нæ хæдзæрттæм нæ фæкæн… аххуыс нын кæн…

– Æмæ уæ куыд акæнон, цæуын куынæуал зонут? Фæразгæ та уæ æз нæ акæндзынæн. А-а, фæлæуут ма, чысыл багæдзæ кæнут, æз уын уæ хæдзæрттæм æмбонд ацаразон, – æмæ дарддæр хъылдымгæнгæ ныййарц Дзыбыртт.

Лæппу, кæй зæгъын æй хъæуы, Хепа æмæ Годзийы хæдзæрттæм æмбонд нæ ацарæзта, фæлæ хорз адæм бирæ ис. Фæцис сæ уынæг æмæ сæ фæхæццæ кодтой сæ хæдзæрттæм. Æмбонды кæройнаг сæджындз сæрибарæй сулæфыд…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.