Нарты гуыппырсартæ

Рагæй фæстæмæ дæр ирон адæммæ хъæбатыр, ныфсхаст æмæ тыхджын нæлгоймæгтæ нымад цæуынц гуыппырсартыл. Фæлæ гуыппырсартыл нымад цыдысты æрмæстдæр Нарты разагъды лæгтæ – кæцытæ адæмæн уыдысты ныфс, тыхст уавæрæй сæ чи ирвæзын кодта, афæдзы æмгъуыдмæ балцы, стæры арвитыны аккаг чи уыд, ахæмтæ. Уыдон уыдысты: Уырызмæг, Хæмыц, Сослан, Батрадз, Айсана, Сæууай, Мæргъуыдз, Арæхдзау, Сыбæлц. Уыдоныл ничи ницæмæй уæлахиз кæны, тыхгæнæг сын тых нæ ары, хæларæй цæрынц уæларвон зæдтимæ дæр.

Сосойы зарæг

Ирон адæммæ зарæг скæнынæн уыд дыууæрдæм нысаниуæг: иууыл стырдæр кад æмæ иууыл стырдæр худинаг – ома, иууыл кадджындæрыл нымад цыд, адæм кады зарæг кæуыл скодтаиккой, уый, иууыл худинагдæрыл та – худинаджы зæрæг кæуыл скодтаиккой, уый. Исчи исты æнæраны хъуыддаг аразынмæ хъавы, зæгъгæ, уæд-иу ын йæ бинонты, йе ‘ввахс адæмы фæдзæхст уый уыд: «Адæм дыл худинаджы зарæг скæндзысты».

Ныртæккæ ирон адæм иууыл арæхдæр цы зарджытæ фæзарынц, уыдонæй иу у Нартыхты Сосойы зарæг, фæлæ иустæмты йедтæмæ ничи зоны, чи уыд  Сосо, чи æмæ йыл цæмæн скодта ахæм рæсугъд зарæг. Бирæтæ йæ нымайынц таурæгъон хъайтарыл дæр, афтæмæй та Нартыхты Сосо уыд реалон адæймаг, йæ номыл горæт Алагиры уынг кæй ис, уый дæр алчи нæ зоны. Райгуырд 1896 азы Хуссар Ирыстоны, Нартыхъæуы (Суацъала). Паддзахы æфсады баслужбæ кæныны фæстæ йæхи сбаста революцион архайдимæ, æнауæрдон тох кодта мæгуыр адæмы æфхæрджытимæ. Дыууынæм азы Гуырдзыстон ирон адæмы ныхмæ геноцид куы расидт, уæд Нартыхты Сосо сарæзта растадонты къорд. Нысан æрцыд Хуссар Ирыстоны лигъдæтты хъуыддæгты фæдыл Терчы зылды эвакуацион комитеты сæрдарæй, уый æмрæстæджы уыд Алагиры милицийы хистæр дæр. Уый æгъатырæй тох кодта давджытæ æмæ стъигъджыты ныхмæ. Йе ‘мдугонты мысинæгтæм гæсгæ-иу  фыдгæнджытæ æмæ абырджытæ йæ ном фехъусгæйæ дæр барызтысты. Æргомæй йæ ныхмæ рацæуынмæ сæ ныфс нæ хастой, фæлæ тынг зæрдиагæй архайдтой, цæмæй йæ сайдæй  амардтаиккой. Иу уазал зымæгон бон Сосомæ фæхабарчындæуыд, зындгонд абырæг – Хъуылатæй йæ мыггаг, Алагиры кæйдæр хæдзары æмбæхсы, зæгъгæ. Сосо йæм ахсынмæ куы бацыд, уæд æй абырæг фехста чъылдымырдыгæй. Фæлæ адæм æрхъула кодтой хæдзарыл, æрцахстой абырæджы æмæ дзы райстой Нартыхы фырты маст.

Сосойы æвæрæн бон æнæхъæн Салыгæрдæн (ныры Алагир) рацыдысты фæстаг фæндараст ын зæгъынмæ. Цыбыр рæстæгмæ йыл адæм скодтой зарæг, кæцыйæн æнæфæивгæйæ баззад йæ мелоди, фæлæ текстмæ хаст æрцыд бирæ ивындзинæдтæ. Йæ фыццаг варианты текст уыд ахæм:

Сау хохы фыййау мын тулдзмæ куы баскъæрдта,

Уæ-рæйдæ, уæ-рæйдæ, тулдзмæ куы баскъæрдта!

Нартыхты Сосо мын афтæ куы бадзуры,

Уæ-рæйдæ, уæй, бецау Нартыхты Сосо!

Мæ фыдмæ арвитут хурæй хъæргæнæг,

Уæ-рæйдæ, уæ-рæйдæ, хурæй хъæргæнæг, гъей!

Нартыхты Сосо мын афтæ куы бадзуры,

Уæ-рæйдæ, уæй, бецау Нартыхты Сосо!

Мæ дзурæн дзых, дам, мын тугæй æрбахгæдта.

Уæ-рæйдæ, уæй, æцæг тугæй æрбахгæдта!

Нартыхты Сосо мын афтæ куы бадзуры,

Уæ-рæйдæ, уæй, бецау Нартыхты Сосо!

Санаты Семы æлгъитæг

Иу заманы Санаты Сем Хохы Санибамæ фæцæйцыди. Фæндагыл иу лæгимæ баиу. Цæуынц иумæ ныхасгæнгæ. Лæг куы фæхатыд, Сем уымæй зондджындæр у, уый, уæд смæсты æмæ йæ æлгъитын райдыдта. Сем ницыуал дзуры, йе ‘мбæлццон ын уæддæр алывыд калы, æлгъиты йæ. Хъæумæ куы баввахс сты, уæд Сем æрлæууыд æмæ лæгæн афтæ зæгъы:

– Дæ хорзæхæй, цасдæриддæр ма мæ æлгъитинаг дæ, уыдон иууылдæр иу калд скæн, кæннод хъæумæ куы бахæццæ уæм, уæд дыл адæм фæхуддзысты.

Æмбисæндтæ æрдз æмæ царды фæзындтыл

*Æппæт дуне дæр гуыргæ-мæлгæ у

*Ивгъуыд боныл хур нæ кæсы

*Тъæнджы мæйы арв нæ нæры

*Уалдзæг куы рцæуы, бæласы сой уæд бацæуы

*Денджыз дæр ма йæ бынат ивы

*Дон иу ран лæугæйæ фæд нæ уадзы

*Бæлас цъуппæй хуыскъ кæны

 *Бæрзонд хохыл их нæ уары

*Зымæджы дæндаг дур дæр кæрды

*Тулгæ дурыл хъуына нæ хæцы

*Зæхх алцы дæр уромы

*Афæдз иу боны хуызæн йедтæмæ нæу

*Амард æмæ асастæн хос нæй

*Æфсоны мæлæт йедтæмæ алы мæлæт дæр ис

*Аз цæуы æмæ кад хæссы, бон та – фарн

Сайæгой

Иу сайæгой лæгæн йæ кой хъуыстгонд уыд æнæхъæн Ирыстоны. Иу бон  сайæгойыл æнæзонгæ бæлццон амбæлд. Дардæй йæ куы суыдта бæлццон, уæд ахъуыды кодта, алæма, бафæлварон æй, кæддæра мæн дæр асаид. Кæрæдзимæ куы баввахс сты, уæд æй бæлццон фæрсы:

– Ды сайæгой кæй хонынц, уыцы лæг дæ?

– Уый дæн, – загъта йын сайæгой. – Æмæ дæ цæмæн бахъуыд мæ сæр?

– Дæ сæр мæ бынтондæр ницæмæн бахъуыд, фæлæ кæд æцæг ахæм сайæгой дæ, уæд ма бафæлвар мæн асайын.

Сайæгой уыцы тыхстгъуызæй хъуыдыты ацыд æмæ  афтæ бакодта:

– Бæргæ дæ асаин, ацы хорз лæг, фæлæ мæ сайæн дзаумæттæ мемæ не сты æмæ дын цы акæнон?..

– Ууыл ма тыхс, мæнæ мæ бæхыл абад æмæ сæ æрбахæсс.

Бæлццон йæ бæхæй æрхызт æмæ йыл сайæгойы сбадын кодта.

– Бæргæ мæ нæ фæндыд дæ фæсайын, фæлæ, Хуыцау æвдисæн, дæхи бафæндыд, – сайæгой ма уæлбæхæй æрдзырдта бæлццонмæ, стæй бæхмæ февзыста æмæ афардæг. Бæлццон хæлиудзыхæй лæугæйæ баззад.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.