Мыкалгабыр æви мыкалгабыртæ

Ирыстонæн йæ хуссар хайы цæрæг ирæтты фылдæр хай зонынц æмæ  Мыкалгабыртыл нымайынц, Зæрæмæгæй Буроны æхсæн цы кувæндон ис, уый, фæлæ йæ дзурынц æрмæстдæр иууон нымæцы – Мыкалгабыр. Алы хæрнæджы фынгыл дæр ног фынгæй рухс зæгъыны фæстæ  зианы бафæдзæхсынц… мæрдты Мыкалгабырыл. Мыкалгабыртыл дæр нæ, фæлæ – Мыкалгабырыл. Уымæй диссагдæр та уый у, фынгылбадджытæй ма бирæтæ ацы рæгъæн рухс дæр кæй фæкæнынц…

Нарты Батрадз куы фæмард, уæд ыл цалын-мæ Хуыцау æртæ цæссыджы æрæппæрста, уæдмæ мард зæппадзмæ нæ куымдта. Уыцы æртæ цæссыджы зæххыл фестадысты æртæ кувæндоны: Мыкалгабыртæ, Реком æмæ Таранджелос. Мыкалгабыртæ сты бæркад-хæссæг æмæ фыдбылызтæ сафæг. Нырма дæр хистæртæ афтæ арæх фæкувынц: «Мыкалгабыртæ, Цæразонтæн цахæм æххуыс бакодтат, махæн дæр ахæм æххуыс бакæнут!»

Цæвиттон, раджы кæддæр Уæлладжыры комы адæмыл сыстад æнахуыр емынæ æмæ цагъды кодтой. Цæразонтæй ма удæгас чи баззад, уыдон æрæмбырд сты Цъуалыйы Уастырджийы кувæндонмæ. Уым куывд скодтой æмæ ныллæгъзтæ кодтой Стыр Хуыцау æмæ йе сконд зæдтæн, цæмæй сæ уыцы низæй фервæзын кодтаиккой. Куыддæр сидт Мыкалгабырты тыххæй рауагътой, афтæ бæстæ æрбаталынг, Сидæны Мыкалгабырты кувæндоны сæрæй ратахтис урсæр сау цæргæс æмæ зилдух кæнын райдыдта куывддон адæмы сæрмæ, стæй иу рæстæджы йæхи комкоммæ рауагъта зæххмæ, куывды фынгы бынæй фелвæста иу сау гæды æмæ йæ,  Мыкалгабырты кувæндон кæм ис, уырдæм ахаста. Уыцы сау гæдыйы хуызы дам, бацыд, цы емынæ сæ цæгъдæн кодта, уый æмæ сæ ахæм хуызы бахызта бынтон скуынæгæй. Уæдæй фæстæмæ Цæразонтæ уæлдай тынгдæр райдыдтой табу кæнын Мыкалгабыртæн.

Мыкалгабыртæ ирон дины уырнынадмæ гæсгæ бæр-кадхæссæг æмæ фыдбылызсафæг кæй сты, уый тыххæй сын ссарынц сæ ном хæрнæджы фынгыл дæр. Зианджын бинонты бафæдзæхсынц Стыр Хуыцауыл, мардæн йæхи та Мыкалгабыртыл. Ома, рухс ын цæмæй фæзæгъынц, цæмæй йын уыдонмæ мачи мацы бар дара, Мыкалгабртæ йын фылдæр кæной, кæй йын ныххæлар кæнынц, уыцы рухскæнинæгты бæркад.

Мыкалгабртæн кувæн бынæттæ ис Ирыстоны хуссар хайы дæр. Уыдонæй иууыл рагондæртæм хауы Къобеты хъæуы кувæндон.

Рагон ирон хъарджытæ

Рагæй фæстæмæ дæр ирон адæммæ уæлдай кадджын уыдысты,  алыгъуызон традицитæ æххæст кæнынмæ арæхстджындæр чи уыд, ахæмтæ. Фæсивæды хсæн бæхыл бадын, милмæ æхсын, кардæй хæцын, кафын æмæ зарынмæ тынгдæр чи арæхст, ахæмтæн уæлдай кад куыд уыд, афтæ хистæр фæлтæры æхсæн та, сæ кармæ гæсгæ сыл цы æгъдæуттæ æххæст кæнын æмбæлд, уыдонмæ арæхстдзинадæй аргъ кодтой сæ хуыздæртæн. Уыцы æгъдау æххæст-гæнæг миниуджытæй иу уыд хъарæг кæнынмæ арæхсын. Кæд-иу хъæубæстæн йæхимидæг нæ уыд дзырдарæхст хъарæггæнджытæ, уæд-иу мардыл хуыздæр бахъарæг кæнынмæ æндæр, дард комбæстæй дæр æрхуыдтой дзырдарæхст ацæргæ сылгоймæгты. Нæ рагфыдæлты хуыз-дæр хъарæггæнджытæ дзыхæй-дзыхмæ кæй ис-той, уыцы хъарджытæй бирæты тексттæ æрхæццæ сты нæ дуджы онг дæр, баззадысты адæмы æхсæн  фæлтæрæй-фæлтæрмæ хизгæ-йæ.

Идæдз баззайæг сылгоймаджы хъарæг йæ мойыл

Сау хохы уæззау цъити мын йæ уæзæй мæ цард йæ бынмæ куы фæласта. Æз сидзæрæй сидзæр-гæсæн ницы бакæндзынæн. Æз пыхсы муртæ æмæ уынджы лыстытæ уидзынæн ницы бакæндзынæн. Мæ сывæллæттæн барст хъуымац дæр æнæвгъау куы уыди, ныр мын курæггаг бызгъуыртыл дæр куы бацин кæнынц – сæ къабæзтæ мын хур куы басыгъта, зымæг мын сæ ихæн куы бадомдта. Йæ дойны æхсырæй кæмæн уыди, йе стонг – дзулæй, уыцы сывæллæттæ мын искæй хæдзармæ куы бауайынц, уæд фæстæмæ цинæй мæлгæ куы рахизынц, кæнæ дзаг дзыппыл ахуырæй искæй цоты разæй къул-бæрзæйæ куы рауайынц, ницы мын авæрдта, зæгъ-гæ. Уæ, мæ бон дын бакæла…

Хъарæг сидзæргæсыл

Уæ, размæ куы цæудзынæ, фæлæ фæстæмæ дæ сидзæртæм кæсгæйæ дæ игæртæ дæ хуылфы хæлгæ куы кæндзысты. Дæ роныхаст къæбæртæ дæр-иу дæ сидзæртæн куы æрбахастай. Гъенырмæ дæр сыл хурæй хæдон куы уыд, зæххæй – дзабыр. Гъенырмæ дæр дын афтæмæй куы цардысты æмæ дын ныр ноджы мæгуырдæрæй куы баззадысты! Гъеныр дæр дын хурбоны хуртуангæс уыдзысты, къæвдабоны – дондзау. Ныр сæ æнæ дæу хъомгæстæ æмæ фыййæуттыл куы фæдæтдзысты. Гъеныр ды араст у мæрдтæм, уæддæр дын сæ дарæг куынæуал ис. Мах дæр сын дæ цуры сындзæй халагъуд, хъæмпæй арт скæндзыстæм, кæд сæ бал бирæгътæ бахæриккой, уæддæр сæ дарæг куынæуал ис!

ХЪÆЛДЗÆГ ХАБÆРТТÆ

Æхсидавæй аргъуыд

Иу лæгæн йæ фыд амардис. Йæ ныгæнæн бон сауджынмæ арвыстой, цæмæй йыл саргъуыдтаид. Сауджын æгæр æрæгмæ куы цыди, уæд фырт фæ-мæсты. Марды кæрты æрæвæрын кодта, йæхæдæг иу дынджыр судзгæ æхсидав раскъæфта. Марды алыварс æртæ зылды æркодта афтæ дзургæ:

– Рухсаг у, мæ фыд! Сауджын дæр дыл мæнæй уæлдай хуыздæр нæ саргъуыдтаид. Кæд дæ уымы бæсты мæрдтæ сæхимæ нæ уадзой, уæд мæнæ дæ хæдзар цæттæ у æмæ-иу фæстæмæ раздæх.

Тæригъæдгæнаг бирæгътæ

Иу мæгуыр усæн иунæг хъуг йедтæмæ ницы уыдис. Иу бон ын йæ хъуг сæрвæты бирæгътæ аргæвстой æмæ йæ зыдæй фæйнæрдæм ивазынц.

– Бирæгътæ дæр æмхуызон не сты, нæ, мæгуыры фарс чи хæцы, ахæмтæ дæр дзы ис, – йæ цæссыгкалгæ дзырдта мæгуыр ус. – Дыууæ бирæгъы дзы сæ удты къубал скъуыдтой, мæгуыр, иннæ бирæгъты дзыхæй йæ хъæуырдæм ивæзтой…

Чи кæй асайа…

Æппæт кæмттыл дæр айхъуыст, зæгъгæ, фæсхохы иу ахæм сайæгой лæг цæры, кæцыйы нырма ничи асайдта æмæ нæдæр фæсайдзæн. Уæд дын иу дæсны сайæгой лæг йæхи куы барæвдз кæнид бæрæггæнæг æм фæцæуынмæ. Иу къуырийы фаг хæлц æрцæттæ кодта æмæ араст йæ дард балцы. Цас фæцыдаид, чи йын цы зоны – йæ дзабыртæ хæххон фæндæгтыл баихсыдысты, йæ уæлæдарæс хъæдты ныбызгъуыртæ сты, фæлæ иу афон бахæццæ, уыцы диссаджы сайæгой, кæм цард, уырдæм. Уæдмæ къæвда ставд æртæхтæй уарын райдыдта. Хъæумæ куы баввахс, уæд кæсы æмæ уæртæ иу чысыл чызг тыргъы дзаумæттæ æхсы.

– Зæгъ-ма, ацы хорз чызг, ам сайæгой лæг цы ран цæры?

Чызг йæ дзаумæттæ æхсын фæуагъта, фæндаггоныл сæрæй къæхтæм йæ цæстæнгас æрхаста æмæ афтæ зæгъы:

– Ам нæй, арв æмпъузынмæ ацыд. Нæ уыныс, къæвда кæй уары?.. Уый арв фæхуынкъ ис æмæ йæ хъуамæ бампъуза.

Фæндаггон джихæй баззад.

«Ай дын диссаг! Йæ сывæллæттæ ахæм дæсны сайд кæмæн кæнынц, уый, уагæр афтæ, йæхæдæг цы уыдзæн!»

Ахъуыдытæ кодта фæндаггон æмæ фæстæмæ фæзылд.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.