Чызджыты хох

Ацы хох ис Ирыстоны цæгат хай, Тменыхъæуæй Хъæнийы ‘хсæн. Раздæр æй хуыдтой Урс хох. Чызджыты хох цæмæн хуыйны, уый тыххæй ис иу-цалдæр варианты, фæлæ сæ иу кæны йæ фыццаг вариант, кæцы ирон дзыхæйдзургæ сфæлдыстады фæлтæрæй фæлтæрмæ хизы æнусты дæргъы.

Чызджыты хох

Æнусон цъититæй æмбæрзт бæрзонд хохы дæлвæдджи цардис лæг æмæ ус. Уыдис сын дыууæ чызджы. Хуымзæхх сын нæ уыд æмæ дардтой фос,  афтæмæй царды амæлттæ кодтой. Иу сæрдыгон ирд бон лæг сæумæцъæхæй сыстад æмæ араст фæсæфцæгмæ, хос кæрдынмæ. Куы цыдис, уæд йе фсинæн ныффæдзæхста: «Чызджытæн-иу мын хæринаг рарвит хæрæгыл».

Райсомы зылдтыты фæстæ йын йæ бинойнаг хæринæгтæ ацæттæ кодта, хордзены сæ нывæрдта æмæ чызджытæ араст сты. Сæ куыдз дæр семæ. Хохы фахсмæ куы схæццæ сты, уæд арв хъулæттæ кæнын райдыдта, сау мигътæ æрæмбæрзтой бæстæ, сыстад тыхдымгæ. Цыдысты размæ, фæлæ та-иу сæ фæндаг уæддæр уыцы-иу бынатмæ æркодта. Бафæлладысты, сæ бон нал уыд цæуын, тыхдымгæимæ тох кæнын. Размæ акъахдзæф кæныны тых сæм куы нал уыд, уæд сæ уæрджытыл æрхаудысты æмæ Хуыцаумæ скуывтой:

«Хуыцау, кæд нæ ды сфæлдыстай, уæд нæ фервæзын кæн ацы хъизæмарæй, цавддуртæ нæ фестын кæн!»

Æвиппайды арв цæхæртæ акалдта, сау мигътæ фæйнæрдæм апырх сты, бæстæ раирд æмæ хохы фахсыл дыууæ хойы, сæ хæрæг æмæ сæ куыдзимæ цавддуртæй разындысты.

Фыд суанг изæрмæ хос фæкарста æххормагæй. Изæры хæдзармæ куы æрцыд, уæд йе фсины фæрсы, усай, абон мын сихор куыднæ рарвыстай, зæгъгæ… Æфсин бадис кодта:

«Уый та куыд? Кæм сты чызджытæ, хæрæг æмæ куыдз?..»

Хъæу фæфæдис сты æмæ сæ хохы фахсыл ссардтой цавддуртæй. Уæдæй фæстæмæ Урс хох хуыйны Чызджыты хох.

Ирон æгъдауы домæнтæ ныхас кæнгæйæ

Иу адæймагимæ ныхасгæнгæйæ æндæр искæимæ ма дзур, де ‘нгас дæ дзурæг æмбалæй ма аздах, æхсынæнтæ ‘хсынын, газет кæсын, чъиу æууилын кæнæ æндæр исты ми кæнын худинаг у;

Кæд дæ ныхасæмбал йæхæдæг нæ домы, йе та дæхи кæстæр, дæ  хъомылгæнинаг нæу, уæд ын дæхи уынаффæгæнæг ма кæн, дæ ныхасы уаг зондамонæгау ма уæд;

Дзурæгæмбалимæ ныхас кæронмæ куы ахæццæ уа, уæд ын арфæ ракæн: «Дæ фенд, дæ ны-хæстæ мын æхсызгон уыдысты, дæ цæрæнбон бирæ!» Йе та: «Нæ ныхас æнæпайда нæ уыди, Хуыцауæй арфæгонд у!»

Æмæ кæд дæуæй кæстæр у, уæд ын йæ къух райс.

Ирон æгъдау ныхас райдайыны агъоммæ домы уæздандзинад, зæгъын хъæуы: «Æрбад, дæ хорзæхæй». «Дæ мад, дæ фыды хатырæй, кæронмæ мæм байхъус!»

Ныхас кæимæфæнды æмæ кæмфæндыдæр цæуæд, дæ ныхасæмбалæн йæ дарæсмæ (фæд-джи, сæхтæг, цæппузыр) ма ‘внал, тагъд-тагъд ма дзур.

Сывæллонимæ дæр ныхас кæн, карджын адæймагимæ куыд дзурыс, афтæ, зæрдиагæй æмæ фæткыл.

Цыфæнды стыр хицауимæ дæр хъуамæ ныхас кæнай, фыдæлтæй куыд баззад, уыцы фæткыл: дæ сæр сæрмæ хæсс, фырнымд митæ ма кæн, дæхи дæлдзиныджы бынаты ма ‘вæр, дæхи æгæр ронбæгъдæй ма ‘вдис, уæлдай цæстмæ митæй дæхи ма худинаг кæн, хицауы йæхи раз ма стау. Нæ фыдæлтæ хицаумæ, раздзогмæ, йæ ном ын бæрзонд чи кодта, ахæм эпитеттæй йæхи цур  (лæгæйлæгмæ) нæ дзырдтой…

Æрдз æмæ царды фæзындтæ ирон æмбисæндты

*Йæ бынат ивын денджыз дæр зоны

*Афон æмæ рæстæг алцы дæр уарзы

*Дон иу ран лæугæйæ фæд нæ кæны

*Зæронд дуртæ дæр кæнынц

*Бæлас цъуппæй хуыскъ кæны

*Бæрзонд хохыл их нæ уары

*Зымæджы дæндаг дур дæр кæрды

*Абоны райсом райсомы абон у

*Ивгъуыд бонтыл хур нал кæсы

*Дон куынæ ацæуа, уæд дур нæ баззайдзæн

*Зæххыл алцы дæр хурмæ тырны

*Дунейы сконд гуыргæ-мæлгæ у

*Амард æмæ асастæн хос нæй

*Цард дунейæн йæ асин у

Хъæлдзæг хабæрттæ

Аслам билет

Дзæуджыхъæуæй хæдтæхджытæ тæхын куы райдыдтой, уыцы заманы иу хохаг лæг Мæскуымæ хæдтæхæгыл атахт. Фæстæмæ куы æрыздæхт, уæд хъæуы лæгтæн катайгæнгæ дзырдта, хæдтæхæгмæ билет куыд зынаргъæй балхæдта, уый. Хъæуы лæгтæ фырдиссагæй сæ æрмттæ кæрæдзийыл ныццагътой. Лæгæн йе ввахсдæр сыхæгтæй иу уыд фырхæлæг, хъæуа-нæхъæуа искæмæн исты маст скæныныл архайæг. Гъемæ дын ацы сыхаг лæг дыккаг бон тæргæ бæхыл горæтмæ куы ныммидæг уаид. Автобустæ кæцæй цæуынц, уыцы станцмæ бацыд æмæ иууыл асламдæр аргъыл, ома,  æввахсдæр хъæумæ чи цыд, уыцы автобусмæ билет балхæдта. Билет йæ дзыппы бафснайдта æмæ фæстæмæ хъæуы æрбамидæг. Хъæуы лæгты аууоны бадгæ баййæфта æмæ сын йæ билет цингæнгæ æвдисы, æркæсут-ма, билет куыд асламæй балхæдтон, зæгъгæ. Лæгтæ йæ æмдзыхæй афарстой:

– Æмæ кæд автобусыл бадгæ не скодтай, уæд билет цæмæн балхæдтай?

– Не сбадтæн, фæлæ мын, мæ сыхаджы билетæй асламдæр кæй слæууыд, уымæй æхцондзинад райстон…

Зивæггæнаг фысым

Иу зивæггæнаг лæджы куринаг чызгмæ хъуамæ хатджытæ æрбацыдаид. Лæгæн суанг райсомæй йæ ус лæгъзтæ кæнын райдыдта, цæмæй йæ къæхтæ ныхсадтаид. Лæг нæ разы кодта, фæлæ йæ сихорафæттæм ус куыддæрты басаста, сразы йын. Ус лæджы раз тасы мидæг хъарм дон æрæвæрдта, йæхæдæг дарддæр къуымтæ æфснайыл схæцыд. Иу афон кæсы æмæ лæгæн йæ цъындатæ ласт, фæлæ къæхтæ не хсы, бады æмæ хъуыды кæны.

– Цæмæннæ æхсыс дæ къæхтæ? – фæхъæр ыл кодта ус.

Лæг æм, хъуыдыгæнгæ, иу дзæвгар фæкаст, стæй æрæджиау афтæ бакодта:

– Æмæ уæд та не ‘рбацыдысты…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.