Мадæлон æвзаджы ахуыргæнджытыл стыр хæс æвæрд ис æхсæнады раз. Уыдоны къухæй цардмæ хъуамæ цæуой, рæстæджы домæнтæн дзуапп чи дæтта, æмæ уыимæ национ удыхъæд чи бахъахъхъæна, ахæм фæзминаг фæлтæртæ.

Мадæлон æвзаг, литературæ æмæ национ культурæ сты хъомылады вазыгджын хæстæ æххæст кæнынæн ахсджиаг мадзал. 

Ирон æвзаджы ахуыргæнджытæй бирæтæ сæ куыстмæ бæрнон цæстæй кæсынц, сфæлдыстадон арæхстдзинадæй пайда кæнынц рæзгæ фæлтæримæ архайгæйæ. Уыдонæн æнтыстджындæрæй бафты сæ къухы, сæ хъомылгæнинæгты зæрдæты райгуырæн бæстæмæ, мадæлон æвзагмæ уарзондзинад райгуырын кæнын. Мадæлон æвзаг бауарзынæн та, æвдадзы хосау, пайда у адæмон сфæлдыстад, хъæздыг аив литературæ.

Ахуырдзауты æргом тынгдæр аздахын хъæуы, национ дунеæмбарынад цы у, уымæ, стæй национ культурæйы хæзнатæн аргъ кæнынмæ.

Сывæллон скъолайы къæсæрæй фыццаг къахдзæф куы бакæны, уæд дзы ахуыргæнæг фены, айдæнмæ кæсæгау, йæ ныййарджыты хуыз. Уыцы «айдæны» бæлвырдæй фæзыны бинонты цæстæнгас мадæлон æвзагмæ, уыимæ та нæ культурæмæ, æгъдаумæ æмæ цардуагмæ.

Хъыгагæн, мадæлон æвзаджы ахуыргæнджыты арæх ныййарджытæ фыдæнхъæл фæкæнынц, цы сабитæ æрбацæуы ирон хæдзæрттæй, уыдон ирон æвзаджы урокты æххуысмæ æнхъæлмæгæсæгау куы фæкæсынц, уæд.

Абон ирон æхсæнады хъæндзинадыл банымайæн ис ахæм ныв дæр: дыууæ хистæры кæрæдзиимæ иронау ныхас кæнынц, фæлæ се ‘хсæнмæ сæ кæстæртæй исчи куы бацæуы, уæд уыимæ уырыссагау дзурыныл свæййынц. Цымæ цы æфсон ис ацы хъуыддагæн та?

Уыдон дывæр хæс æвæрынц мадæлон æвзаджы ахуыргæнджытыл.  Куысты нысан ахæм уавæрты канд сывæллæтты ахуырад æмæ хъомылад нæу, фæлæ уыдоны æмрæнхъ ныййарджытимæ куыст дæр, уыдонæн сæ цæстæнгас мадæлон æвзагмæ аивыныл хъæуы зæрдиагæй архайын. 

Хъомылад та ис нæ фыдæлты æгъдæутты, аивадон литературæйы, адæмон сфæлдыстады. Нæ удварны хæзнаты сæйрагдæр  – адæмон сфæлдыстад. Æрмæст Нарты кадджытæй дæр цас фæхъæз-дыгдæргæнæн ис скъоладзауы миддуне. Нæ фыдæлтæн «ахуыргæнæг» цы эпос уыд, уый абон мах дæр бирæ цæуылдæрты сахуыр кæндзæн.  Кæцы скъоладзауы нæ бафæнддзæн Нарты Уырызмæг, Батрадз, Сосланы хуызæн хъæбатыр уæвын, хиуыл хæцын фæразын, рæстдзинадыл дзурын, хистæрæн кад кæнын, сылгоймагæн аргъ кæнын. Нæртон адæмы моралон принциптæ нæ фæсивæды удыхъæды бавæрынæн стыр æххуыс у адæмон сфæлдыстад ахуыр кæнын, фæсурокты куысты ацы алæмæты æрмæгæй пайда кæнын.

Историимæ баст уацмыстæ ирон литературæйы бирæ ис. Уыдон ахуыргæнгæйæ цымыдисдзинад æвзæрын кæнынц скъоладзаутæм алыхуызон дæнцæгтæ нæ фыдæлты цардæй. В. Рыбины радзырд «Æгъдаухалæг»-ы ис ахæм ныхæстæ: «Грекъæгтæ-иу цымыдисæй кастысты скифты фæстæ. Скифтæй ницæмæй тарстысты, сахуыр сыл сты, зыдтой, хæларзæрдæ æмæ сывæллонау æнæхин кæй сты, фæлæ бахъуаджы сахат кæцыфæнды скиф дæр йæ ном фæчъизи кæнын кæй нæ бауадздзæн, уый дæр æмбæрстой. Скиф искæуыл сайдæй рацæуыны бæсты, фæлтау амæлыныл сразы уыдзæн. Иугæр ныхас загъта, уæд ын æнæ сæххæстгæнгæ нæй».

Куыд уынæм, афтæмæй нæ рагфыдæлтæ сæ уæндон æмæ фидар удыхъæдæй, се ‘гъдау æмæ зынтæн фæразондзинадæй рæзгæ фæлтæрæн сты фæзминаг, æмæ канд уыдонæн нæ. Уыцы фæзминаг адæм та уыдысты нæ диссаджы æвзаг хæссæг, культурæ æмæ æгъдау æвдисæг.

Ирон æвзаг æмæ литературæйы урокты нæ удварны хæзнаты фæрцы скъоладзауты ис хъомылгæнæн национ традицитæн аргъ кæныныл, фыдæлты истори, æгъдæуттæ, культурæйæ сæрыстыр уæвыны идеалтыл. Уыдонæй хайджын скъоладзау æндæр цæстæй акæсдзæн мадæлон æвзагмæ. Аргъ ын кæндзæн Черчесты Хъасболаты радзырд-æцæг хабары хъайтар Бердыты Сергейы хуызæн. Фыдыбæстæйы Стыр хæсты архайгæйæ, иу карз ныббырсты рæстæг Сергейæн минæйы схъисæй ныппырх йе ‘фсæры къæдз, йе ‘взагæн йе ‘мбис ахауд. Хирургтæ фæрæвдз сты, æмæ дзыхъмард чи фæци, уыцы салдаты æвзаг баныхæстой Берды-фыртæн. Сергей æппæтæй тынгдæр тарст, иронау куы нал сдзура, уымæй. Операцийы фæстæ иронау гыцци, зæгъгæ, куы сдзырдта, уæд фырцинæй йæ цæссыгтæ фемæхстысты.

Кæйдæр æвзаг баныхæстой ирон хæстоныл æмæ йыл бирæ азты иронау дзырдта, уымæн æмæ йе уæнгты ирон туг æнхъæвзта.

Ахæм дæнцæгтæ сты хорз мотиваци мадæлон æвзаг ахуыр кæнынмæ, егъау у сæ хъомыладон ахадындзинад.

«Не ‘взаг æмæ нæ эпос сты æппæты ахъаззагдæр хæзнатæ. Уыдон сты нæ адæмы фарн», – дзырдта Джыккайты Шамил. Æмæ цæмæй ирон адæмы фарн сæфт ма уа, ууыл та хъæуы бындуронæй архайын скъола, ныййарджыты æмæ æхсæнады, иумæйагæй.

Æрмæг мыхуырмæ бацæттæ

 кодта ДРИАТЫ Лейла

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.