Сатеник æмæ Арташесы фембæлд

Иу рæстæджы алайнаг паддзах  Сомихстонмæ куы ныббырста, уæд сæ паддзах Арташес тынг смæсты: «Уый та куыд, Аланты паддзах æрра ссис, куыд расидт хæст йе фсымæртæн». Æрæмбырд кодта бирæнымæц æфсад æмæ рацыд хæцынмæ. Алантæ ахæм ныхкъуырд æнхъæл нæ уыдысты æмæ алæууыдысты фæстæмæ, ахызтысты Куары доны сæрты æмæ æрбынат кодтой цæугæдоны цæгатварс. Арташесы æфсад та æрбынат кодтой Куары хуссарварс. Райсомæй, куыддæр Куары цæугæдон хурмæ сæрттывта, афтæ дыууæ ариаг æфсады хсæн бацайдагъ карз, мæлæтдзаг тох. Дыууæ хъомысджын æфсадæй никæй бон бацис иннæйы басæттын. Тæккæ хæсты карзы алайнаг æвзонг лæппу уацары бахауд Арташесы æфсадмæ. Йæ масты фыцæг Арташес хъавыд уацайраджы карзæй бафхæрынмæ.

Аланты паддзахы бахъуыд фидыдмæ сидыны сæр. Арташесмæ барвыста йæ минæвæртты ахæм дзырдæй, цæмæй се хсæн сфидар кæной ардбахæрды цæдис, куыд алайнаг хъæбатыртæ сомихы зæххмæ никуыуал ныббырсдзысты. Фæлæ Арташес не сразы лæппуйы радтыныл. Æмæ уæд Аланты паддзах райдыдта ногæй æгъатыр хæстмæ цæттæ кæнын. Аланты æфсадимæ уыдис уацайраг лæппуйы æфсымæр бæстырæсугъд Сатеник дæр. Сатеникмæ сомихаг адæмы усхуыцау Астхик фæзынд æмæ йын афтæ зæгъы:

– О, бæстырæсугъд Сатеник, зон, æппæтæй тыхджындæр уарзондзинад кæй у. Æмæ æрмæстдæр дæуæн бауыдзæн дæ бон дыууæ хъомысджын ныхмæлæууæджы бафидауын кæнын.

Сатеник рацыд Куары былмæ æмæ йæ уды рыст ралæмæрста зарæджы хуызы:

– Зæгъын дын, хъæбатыр Аланты хæстонтыл фæуæлахизуæвæг хъæбатыр Арташес, ссæрибар кæн лæппуйы. Бæгъатырыл нæ фидауы æндæр бæгъатырты сывæллæтты марын кæнæ сæ цагъартæ скæнын æмæ уымæй дыууæ ариаг адæмы æхсæн фыдæх тауын.

Арташес Сатеникы æрхæндæг, фæлæ фæлмæн æмæ зæлланггæнæг хъæлæс куы фехъуыста, уæд рацыд цæугæдоны былмæ æмæ йæ цæстытæ атарытæ сты йæ рæсугъддзинадæй. Паддзахы зæрдæйы арт сирвæзт алайнаг бæстырæсугъд Сатеникы уарзондзинадæй æмæ йæ бафæндыд йемæ йæ цард баиу кæнын. Йæ минæвæртты барвыста Аланты паддзахмæ, фæлæ уый мæстæй рафыхт   æмæ сæрыстырæй афтæ зæгъы Арташесы минæвæрттæн:

– Æмæ кæцæй æрхæсдзæн Арташес хъæбатыр Аланты рæсугъд чызджы сæрмæ сæдæ сæдæ æмæ мин мины ирæдваг?

Арташес дзуапп куы райста, уæд йæхимæ ныхъуыста: куыд бауырнын кæна сæрыстыр паддзахæн, сæ чызгы сын уæлахизы сæрмæ кæй нæ исы, фæлæ йæ амондæн кæй хъæуы… Æмæ уæд загъта фæндвидарæй:

– Æз ссардзынæн мæ уарзтамонд куыд уæлахиздзау, афтæ нæ, фæлæ куыд уарзаг нæлгоймаг, афтæ.

Арташес Сатеникы аскъæфта æмæ ныззылдта стыр чындзæхсæв. Арташесыл уарыд сыгъзæрин къæвда, Сатеникыл та – дзæнхъа къæвда.  Сомихаг æмæ алайнаг бæгъатыртæ сæ арæхстдзинад æвдыстой кафт æмæ зардæй.

Арты бардуаг

Рагон ирон мифологийы хуыйны – Зынджы бардуаг. Йæ дæлбар сты Арт, Æвзалы æмæ Æртхутæг. Куырдалæгон уыдон фæрцы бахсыста нæртон адæмы æмæ Нæртон адæмы уымæн хонынц артæй гуырдтæ.

Зынджы бардуаг Уазы къуыппыл арт куы скодта, уæд æм зæдтæ æмæ дауджытæ смæсты сты æмæ сæ хъаст дымгæйы бардуаг Галæгонмæ бахастой, фæздæгæй нæ мары, æмæ йын йæ арт æндæр ранмæ ахæсс, зæгъгæ. Галæгон дымгæ куы сыстын кодта, уæд арт тынгдæр сцырын. Арт хъæдыл сирвæзт, кæрдæг ссыгъди, дуртæ сырх зынг фестадысты. Уæд та зынджы тæлмытæй стыхстысты зæдтæ æмæ  Хуыцаумæ бахъаст кодтой, фервæзын, дам, нæ кæн Зынджы бардуагæй, æмбиссыгъд, дам, фестæм…

Хуыцау Зынджы бардуагæн загъта:

– Æгæр сæ басыгътай, мауал сæ саф.

– Нæ сæ ныууаддзынæн, – загъта Зынджы бардуаг. – Мæ цæхæрыл физонджытæ чи кæна æмæ уыдонæй дæуæн дæр чи кува, ахæм лæг сæвзæрын кæн æмæ сæ уæд ныууаддзынæн.

Хуыцау лæг сæвзæрын кодта æмæ йæ барвыста Зынджы бардуагмæ. Зынджы бардуаг лæджы арты бахсыста æмæ лæг цъæх æндон фестад. Уый уыд нæртон адæмы фыдæл Сæуæссæ.

Хабæрттæ Къостайы цардæй

Иу Комуадзæны æмбисæхсæвæй цалдæр сахаты рацыдаид, афтæ  Къоста æрбахæццæ быдырбæстæй. Йæ дзаумæттæ куы æрæфснайдта, уæд схызти аргъуаны сæрмæ æмæ дзæнгæрæг ныццагъта. Адæм æрæмбырд сты. Къоста тынг фæцин кодта, рагæй кæй фенынмæ бæллыд, уыцы адæмыл. Æрæджиау мæстæйдзагæй фæзынд сауджын дæр, фæлæ Къостайы куы ауыдта, уæд фæстæмæ фæцæуæг. Адæмы нал æндæвта, Комуадзæн кæй у, уый – Къостайыл цин кæнгæйæ сæ алцы дæр ферох.

***

Лабæйы хъæуы паддзахы службæгæнджытæ – суд, началнык, атаман æмæ сотник æгъатырæй стъыгътой мæгуыр адæмы. Сæхицæн сæ лæвар кусын кодтой, лæвар сын ласын кодтой суг.

Иу хатт сын хъæуы лæгтæ бирæйæ иумæ æрцæйластой суг. Къоста сыл фæндагыл амбæлд æмæ куы базыдта, суг кæмæн ласынц, уый, уæд сын сæ галуæрдæттæ разилын кодта æмæ сын загъта, цæмæй алчи дæр йæ сугтæ йæхи хæдзармæ аласа. Йæхæдæг ныццыд къæнцъылармæ æмæ мæгуыр адæмы æфхæрджытæм тынг фæхыл кодта. Уæдæй фæстæмæ сын мæгуыр адæмæй иу суджы схъис дæр ничиуал æрласта.

Рагон ирон арфæтæ

*Адæмы фыццаг у

*Дæ царды зын макуы баййаф

*Æппæтæн уарзон æмæ адджын у

*Дæ цардамонд царды адæн уæд

*Уастырджи дæм йæ рахис базыр дарæд

*Цыфæнды зын фæндагыл дæр дæ къах макуы скъуыр

*Де гъдауæй дæ сæр кадджындæр уæд

*Хуыцау дæ дзагармæй уадзæд

*Маст æмæ зианæй хызт у

Ирон æмбисæндтæ зонды тыххæй

Зонд дæлдон нæ кæны, дымгæ йæ нæ хæссы

Зонд амондæн йæ хъузон у

Зонды фæллой зондхæссæг у

Бæстæ зонды хай баци

Дунемæ макуы бабæл, дунейы зондмæ бабæл

Тыхæй зонд хуыздæр у

Зондджынæй бонджындæр ничи у

Лæгæн зонд йæ фæндагамонæг у

Æмзонд хъуыды цæргæс ахсы

Куыройæн дон, лæгæн – зонд

Сæр – барæг, зонд – идон, æвзаг – бæх

Зонды райдиан – какосындз, зонды кæрон – залмы сыф

Сæры зонд куы нæ уа, уæд къæхтæн фыдæбон у

Бирæ чи фæцард, уый зондæй ма бафæрс, бирæ чи федта, уый бафæрс

Лæг бонæн диссаг куынæ хъуса, уæд йæ хъустæ хæрæджы хъусты йас кæнынц

ХЪÆЛДЗÆГ ХАБÆРТТÆ

«Мост» æмæ нозт

Дзæуджыхъæуы хъæдын хидыл ахизæггаг ма фидгæ куы кодтой, уыцы рæстæджы хохæгтæ галуæрдæттыл къуымбил æрластой горæты базармæ. Хиды хъусыл сæ городовой баурæдта æмæ сæм дзуры:

– Заплатите по пять копеек!..

Хохæгтæ кæрæдзимæ бакастысты:

– Цы дзуры, цы, ацы лæг?..

– За мост, за мост!..- хъæр кæны городовой.

Уæд хохæгтæй сæ иу дзуры:

– Нæ уын загътон, ацы городовойтæ нозт смагæй базонынц!

Æмæ къуымбилты хсæнæй æмбæхст лалым сласта…

Æдылы æхсæвгæс

Иу къæрных æхсæвы дукани давынмæ бацыд æмæ рæсæй дуары гуыдыр лыг кæныныл схæцыд. Æхсæвгæс æй раййæфта æмæ йæ фæрсы:

– Уый цы архайыс, хорз лæг?

– Нæ мæ уыныс, мæнæ хъисфæндырæй цæгъдын, – дзуапп ын радта хуыснæг.

– Ау, æмæ дæ цагъд куынæ хъуысы, – бадис кодта æхсæвгæс.

– Ницы кæны, райсом æй фехъусдзынæ, – загъта йын хуыснæг æмæ йæ куыст адарддæр кодта.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.