Джериаты рæхыс

Иу къæвда изæр Джериаты мыггаджы лæгтæ кæсынц, æмæ уый размæ æфтауцты цы стыр хосы цъына самадтой, уый уæлæ цыдæр цæхæртæ калы, раст дзы цыма хæрдмæ зынджытæ хауд, ахæм æрттывд кодта. Ахъуыды кодтой, зæгъгæ, цъынайы арв ныццавта, ныртæккæ æнæссудзгæ нæй æмæ фæфæдис сты æфтауцтæм. Цъынайы сæрмæ куы схызтысты, уæд кæсынц, æмæ йæ уæлæ сырх-сырхид, арты æхсыст æфсæн рæхыс.

Джериатæ куыд бамбæрстой, афтæмæй уый уыд Куырдалæгоны арæзт рæхыстæй, сæ мыггагмæ уæларвæй æрвыст, цæмæй йын табу кодтаиккой, куывтаиккой йæм. Фæстæдæр уыцы бинонты цæуæт цæрынмæ фæцыдысты Майрæмададжы хъæумæ, фæлæ йын уым дæр ардтой йæ ном, æрвылаз дæр æм  куывтой, табу йын кодтой.

Ахæм уæларвæй æрвыст рæхыстæ уыд Дзывгъисы дзуары, Гуццаты найфаты кувæндоны æмæ æндæр рæтты дæр. Бирæ ахæм историон цаутæ ис, уыцы рæхыстæм давынмæ, ахæссынмæ чи хъавыд, уыдон-иу æфхæрд куыд баййæфтой, уый тыххæй. Зæгъæм, Дыгуры зæды кувæндонæй Куырдалæгоны арæзт рæхыс цы тыхгæнæг æфсад рахастой, уыдоныл æхсæвы хох ракалд æмæ иууылдæр йæ быны бабын сты. Гуццаты найфаты кувæндонæй та уæларвон рæхыс рахастой революцийы рæстæджы. Фæлæ барджытæ куыддæр æфцæгæй рахызтысты, афтæ рæхыс йæхигъæдæй суæгъд, цы саргъмæ баст уыд, уымæй, фæлæ зæхмæ не ‘рхауд, лæууыд уæлдæфы. Салдæттæ йæ хъавыдысты фæстæмæ æрцахсынмæ, фæлæ сын нал куымдта, лæууыд уæлдæфы ауыгъдæй. Æхсын æй райдыдтой, фæлæ уæддæр нæ фезмæлыд йæ бынатæй. Уæд уыдон дæр тынг старстысты æмæ сфæнд кодтой, цæмæй йæ фæстæмæ йæ бынатмæ ахæссой. Æрмæстдæр уæд бакаст сæ коммæ рæхыс. Уыцы табуйаг рæхыс абон дæр ис кувæндоны. Цы нæмыгдзæфтæ йыл баззад, уыдон ын адæм хонынц йæ хъæдгæмттæ, æмæ йын сæ æрвылаз дæр Уацилламæ кувæн бон байсæрдынц сойæ.

Афæдзы æххуырст

Ацы æмбарынад баззад рагон мæздæггаг ирæттæй. Ирон адæмæй хъæздыг, цардфæразон чи уыд, уыдонæй алкæмæн дæр уыдис æххуырстытæ, фæлæ уыцы æххуырстытæ уыдысты æбæлвырд æмгъуыдмæ. Гæнæн ис мæйы фæстæ ныууагътаид йæ куыст кæнæ йæ фысымтæм баззадаид цалдæр азы, чизоны, цæрæнбонтæм дæр. Афæдзы æххуырст та нысан кодта, йæ хицаумæ  афæдзы æмгъуыдмæ бадзургæйæ чи куыстаид, йæ куыст æмгъуыдæй раздæр ныууадзыны бар кæмæн нæ уыд, ахæм æххуырст. Фæлæ ма «афæдзы æххуырст» ирон адæмон сфæлдыстады баззад иу ахæм трагикон хабары тыххæй дæр: иу быдираг хъæздыг лæгмæ афæдзы æмгъуыдмæ бакусыны дзырдæй æххуырсты ныллæууыд хæххон сидзæр лæппу. Æхсæвиуат-иу кодта холлагдоны. Иу изæр йæ куырæт раласта æмæ йæ хосыл æрæвæрдта. Куырæт, æвæццæгæн, хидæйдзаг уыд æмæ йæ æхсæвы цæххмондаг сæгъ æриста хосы рагъæй æмæ йæ æууилгæ холлагдонæй раласта. Æххуырстæн кæйдæр курæггаг куырæт уыд æмæ йыл тынг тыхст. Æхсæвы райхъал, æмæ куырæт уым нал ис, уый куы фæхатыд, уæд сыстад æмæ йæ агурын райдыдта. Фысымтæн уыд æрдæгкъахт цъай æмæ талынджы лæппу ныххауд уыцы цъайы. Сæумæцъæхæй фысымты ног чындз хæдзарæй уынг мæрзынмæ куы рахызт, уæд, æххуырсты утæхсæн фехъусгæйæ, ныккаст цъаймæ. Лæппумæ бæндæн ауагъта, цæмæй йын баххуыс кодтаид схизынæн, фæлæ йын йæ уæз нæ баурæдта æмæ йæхæдæг дæр ныххауд цъайы. Æххуырст, астæуæй уæлæмæ гомриу кæй уыд, уый тыххæй æфсæрмы кодта чындзæй æмæ йæ, йе ‘ргом уæлæмæ, афтæмæй хæрдмæ систа йæ къухтыл, цæмæй йын йæ гом риу ма уыдтаид. Афтæ йыл фæхæцыд, цалынмæ дзæбæх æрбабон, уæдмæ. Фæлæ фысымты нæлгоймæгтæ ахæм ныв куы федтой, уæд сызнæт сты, уыдон афтæ фенхъæлдтой, сæ чындз сæ фæхудинаг кодта æмæ сæ дыууæйы дæр ногкъахт цъайы мидæг дурты бын фæкодтой…

Донæй хъаймæт

Ирон мифологийы  ис цалдæр хъаймæты, ома, адæмы  бæстысæфт. Нæ рагфыдæлтæй фæстæмæ нæм иууыл зындгонддæр у артæй хъаймæт. Æнæхъуаджы нæм нæ баззад фыдæлгъыстæн: «Дæ хæдзар басудзæд», «Арт уыл ссæуæд», «Зынджы хай баут», «Фæнык фестут» æмæ афтæ дарддæр. Адæмы хъаймæт фыццаг уыдис артæй. Стæй та – донæй. Фæлæ цымыдисон уый у, Библийы кæй нæй артæй хъаймæты кой, фæлæ дзы ис донæй хъаймæты кой.

Хъæлдзæг хабæрттæ

Зивææггæнаг цот

Иу лæгæн авд фырты уыди, фæлæ иууылдæр уыдысты зивæггæнаг, магусатæ, фынæй кæнын æгæр бирæ уарзтой. Фыд сын цы нæ кодта, фæлæ се сраст кæнын йæ бон нæ цыди. Иу райсом та сæ куы стын кодта æмæ сæ куы ничи фæчъил, уæд сæм дзуры:

– Дæлæ Къахыры комы фæндагыл райсом раджы иу лæг фæцæйцыди æмæ æвзист сом ссардта…

Уæд æм фырттæй сæ иу дзуры:

– Гъемæ, кæсыс, куыд хъуамæ ссардтаид æвзист сом, уымæй раздæр чи сыстад, ахæм лæгæй куынæ ахаудаид, уæд?..

АЗН ÆМÆ ЙЕ ‘РТÆ ФЫРТЫ

Всеволод Миллер кæй ныффыста, уыцы кадджытæй сæ иумæ гæсгæ Азн у Нарты знаг. Нартæн сæ хъару куы асаст, куы фæцудыдтой, уæд сыл уый сæвæрдта æнахуыр хъалон: фос чидæриддæр дары, уыдонæй – фæйнæ сæдæ фысы, гал кæмæ ис, уыдонæй – фæйнæ сæдæ галы, бæх чи дары, уыдонæй – фæйнæ сæдæ бæхы æмæ афтæ дарддæр.

Азн куы амард, уæд та йе ‘ртæ фыртæй фесты уынгæджы Нартæ. Уæд дын Сатана Уырызмæгæн афтæ зæгъы: «Донбеттыртæм иу лæппу схæссынмæ ныууагътон æмæ ма кæд уый скæна исты хос Азны фырттæн, æндæр сын никæй бон ницы бауыдзæн».

Фæцыд Донбеттыртæм æмæ сын афтæ зæгъы:

«Цы лæппу уæм ныууагътон, уый мын рарвитут, кæд истæмæн бæззы, уæд, науæд Нартыл уынгæджы бон æркодта. Уый та уыдис Уырызмæджы фырт Асана. Ацыдис Азны быдырмæ Азны фырттимæ схæцынмæ æмæ се ‘ртæйы дæр амардта.

БÆЛГЪУЫР

Ирон адæмон сфæлдыстады цы зæдтæ, дауджытæ æмæ бардуæгтыл æмбæлæм, уыдонæй бирæ ис ахæмтæ, адæмæй раджы чи ферох сты. Уыдоны нымæцмæ хауы Бæлгъуыр дæр. Уый у, хæйрæджытæй уæлион бæстыл чи цæры, уыдоны паддзах. Рагон ирон адæмы хъуыдыкæнынады йын уыд иууыл фыдлæгдæр æмæ тызмæгдæр адæймаджы фæлгонц.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.