Къостайы знаг æви Ирон адæмы кад æмæ намысы лæг?..

Хоранты Зозырыхъо. Ирыстон æмæ ирон адæмы кад бæрзонд чи систа, уыдоны фыццæгтæм хауы Хоранты номдзыд инæлар Созырыхъо дæр. Уый уыд æртæ стыр хæсты хайадисæг: уырыссаг-туркаг, уырыссаг-япойнаг æмæ фыццаг дунеон хæсты. Уыцы æртæ хæстæй алкæцыйы дæр йæ ном ныхъæр,  куыд диссаджы стратег æмæ размæбырсæг, афтæ, уымæн æй схуыдтой «генерал Атака». Легендарон инæларыл дзырдтой легендæтæ, йæ кады ном ын сæ аивадон уацмысты сæнусон кодтой стыр уырыссаг фысджытæ æмæ нывгæнджытæ: Немирович-Данченко, Верещагин æмæ æндæртæ. Хоранты инæлар, куыд æфсæддон раздзог æмæ хæстон балхон, афтæ йæхицæн стыр ном кæй скодта, уый бæрæг у уымæй дæр, паддзахы æфсады инæлар кæй уыд, уый тыххæй æфхæрд кæй нæ баййæфта советон хицауады ‘рдыгæй. Æниу, чизоны, æртын æвдæм азы азар уый дæр басыгътаид, фæлæ 1935 азмæ, йæ амæлæты боны онг баззад æвыдæй. Æгæрыстæмæй, номдзыд æфсæддон фæтæг, Советон Цæдисы Маршал Василевский афтæ дæр фыста: «Хоранов был заслуженным генералом, показавшим себя храбрым и талантливым полководцем на полях сражений при защите Отечества».

 Хъыгагæн, Хораны фырты ирон адæм бирæ азты дæргъы нымадтой знагыл, Хетæгкаты Къостаимæ се ‘хсæн уазал ахастытæ кæй уыд, уый тыххæй. Уый æфсон æй аххосджын кодтой, азымджын кæм нæ уыд, ахæм хъуыддæгты дæр. Се ‘мдугон номдзыд лæгтæй бирæ-тæ архайдтой сæ бафидауын кæныныл, фæлæ cын, хъыгагæн, нал  бантыст. Æниу афтæ зæгъæн дæр нæй æмæ Хораны фырт Къостайæн йе знаг уыдис. Абон дæр ма куынæ у нæ бон, хæлар кæнæ нын знаг чи у, уый бæстонæй равзарын, уæд æнус æмæ æрдæджы раз-мæйы хабæрттæн цы зонæм… Сæ дыууæйæ алкæмæн дæр цардмæ йæхи цæстæнгас кæй уыд, уый ууыл дзурæг нæу, знæгтæ уыдысты. Фæлæ, куыдфæндыйæ дæр, дыууæ стыр æмæ номдзыд ирон лæджы ‘хсæн уазал ахастытæ кæй уыд, сæ кæрæдзи кæй нæ бамбæрстой, уый махæн бар нæ дæтты, цæмæй знагыл нымайæм, йæ раттæг адæмæн стыр хæрзты чи бацыд, йæ фыдыбæстæйы кад æмæ намыс бæрзонд чи систа, уыцы номдзыд инæлары.

Мæнг ардбахæрд

Ирон адæм ма сæхи æгъдау æмæ уагмæ гæсгæ куы цардысты, уæд сæ хъуыддæгтæ иууылдæр скъуыддзаг кодтой мыггаджы, хъæубæсты кæнæ комбæсты ныхасы, тæрхоны фæрцы. Рæстдзинад сбæрæг кæнынæн-иу сын фаг æвдисæнтæ куынæ разынд, уæд-иу бахæрын кодтой ард. Тæрхонгæнджытæ-иу  уынаффæ рахастой ард бахæрын кæныны размæ, фæлæ сæ тæрхон хъусын нæ кодтой, ард бахæрыныл куы нал сразы уой, уый тасæй. Ард хордтой,  зылынджын йæхæдæг нæ, фæлæ йæ хæстæджытæ, сæ ныхасыл баууæндæн кæмæн уыд, ахæм лæгтæ. Æвзаргæ та сæ хъуамæ ракодтаид хъастгæнæг. Сæ нымæц хæццæ кодта фондз æмæ ссæдзмæ. Ардхæрджытæ-иу æрбацыдысты дзуармæ, сæ худтæ-иу систой æмæ сæ дзуармæ æппæрстой мидæмæ. Тæрхонылæгтæ сын-иу загътой: ард кæй тыххæй хæрут, уый кæд æнаххос у, уæд дзуармæ бацæут æмæ уæ худтæ рахæссут.

Иуахæмы Мыкалгабыры дзуары ард хæрын бахъуыди Бутаты Беппызары. Адæм иууылдæр зыдтой: мæнг ард хæрынмæ кæй цæуы. Æмæ йæ дзуары азар баййæфта. Ард кæй тыххæй хордта, уыимæ фæбыцæу сты дзуармæ фæндагыл. Хыл сын бацайдагъ, кæрæдзимæ фæлæбурдтой, дыууæйæ дæр рындзæй асхъиудтой æмæ фæмард сты.

Мадæлон æвзаг

Ирон адæм сæ хъысмæт уырыссаг адæм, уырыссаг культурæ æмæ уырыссаг æвзагимæ раджы сбастой. Фæлæ ирæттæм стыр худинагыл нымад цыдис, ирон лæг ирон лæгимæ уырыссагау кæнæ æндæр æвзагыл дзырдтаид, уый. Цыфæнды уавæры дæр ахæм хъуыддаг нымадтой хи адæммæ (этносмæ) дæлдзиныджы цæстæй кæсыныл.

Нæ фыдæлтæ нын æнусты сæрты æрхастой диссаджы аивзæл, æнцонæмбарæн, хъæздыг, æмбисæндтæй арæзт, бирæ базырджын хъуыдыйæдтæй ифтонг æвзаг. Æрдзы æмæ æхсæнады, зонад æмæ культурæйы ахæм къабаз нæй, ирон æвзаг бæлвырд равдисын цæмæ нæ сарæхса. Ирон (алайнаг) æвзагæн ис дыууæ къабазы – ныгуылæйнаг (ныгуылæн аланты) æмæ скæсæйнаг (скæсæн аланты) диалекттæ. Дыууæ къабазы дæр сты æппæт ирон адæмы иумæйаг хæзна.

Барвæндонæй мадæлон æвзагыл къухсисæг у æнæджелбет æмæ къуымых адæймаг. Ахæм адæймагæн ноджы бæлвырддæр аргъ скодта стыр уырыссаг фыссæг К. Паустовский: «Человек, равнодушный к родному языку – дикарь. Он вредоносец по самой своей сути…».

Бирæгъы фидис

Иу бирæгъ фысты дзугмæ бахъавыди, фæлæ-иу куыддæр фыстæм бахъуызынвæнд скодта, афтæ-иу хъæдхой бæласыл абадт æмæ-иу æй хойын райдыдта. Хъæдхойы къуырцц-къуырццмæ-иу фыййау фехъал æмæ та-иу бирæгъ æххормагæй баззад.

Бирæгъæн йæ бон æххормагæй куы нал уыд, уæд йæ маст хъæдхойыл ныккалдта, фидистыл ын схæцыд:

– Дæ хуыздæртау фæуай, дæ цæрынæй дæ хæрынмæ хъæд хойыс, хойыс, фæлæ дзы дæхи-цæн хæдзар нæ сарæзтай…

Уæд æм хъæдхой бæласæй дзуры:

– Дæ хуыздæртау дæр фæу æмæ мæ хуыздæртау дæр. Æмæ дæуæн цæрæнбонты дæ гуыбыны цъар фосмæ лæсынæй кæй баихсыд, уый тыххæй цы – æз дыл фысы цармæй кæрц никуыма федтон…

Хъæлдзæг хабæрттæ

Дард бæлццон

Иу лæг балцы араст дард фæндагыл. Куы йыл æрталынг, уæд хъуыды кæны, кæм бахсæвиуат кæна, ууыл. Кæсы, æмæ иу ран комрæбынæй рухс кæлы. Лæг йæ фæндаг рухсмæ скодта æмæ бахæццæ иу хæдзармæ. Хæдзаронтæ, уæ хорзæхæй уазæг бавæрут, зæгъгæ, сæм бахъæр кодта.

Хæдзарæй иу сылгоймаг ракаст æмæ афтæ зæгъы:

– Уазæг – Хуыцауы уазæг! Нæ лæг бынаты нæй, дард балцы ис, хæдзары иунæгæй дæн, фæлæ цы  бакæнон, рахиз мидæмæ, нæ цæхх, нæ къæрдзын нын фен.

Фысым уазæгæн æхсæвæр бахæрын кодта. Стæй бауат кодта, цы иунæг сынтæг сæм уыд, ууыл. Сынтæгæн йæ астæу баз сæвæрдта æмæ базæн йæ иу фарс уазæджы схуыссын кодта, иннæ фарс та йæхæдæг схуыссыд. Куы сбон, уæд ус сыстад æмæ уазæгæн аходæн ацæттæ кодта. Аходæн ын бахæрын кодта, йæ хордзенты йын фæндаггаг дæр нывæрдта æмæ йæ уынгмæ рахизын кодта. Уазæг йæ къухæй хураууон акодта, афтæмæй кæсы бæрзонд хохы сæрмæ.

– Цымæ сихорафонмæ ацы хохы сæрты ахиздзынæн?

Сылгоймаг йæ уæхсчытæ кæрæдзимæ фелхъывта æмæ афтæ зæгъы:

– Мæгъа, цы дын зæгъон… Æнæхъæн æхсæв базы сæрты чи нæ ахызт, уый æмбисбонмæ хохы сæрты кæцæй ахиздзæн…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.