Аланты ахаст Хæсты дзуар æмæ сæ хистæртæм

Аланты хъомыс сæхиуыл бавзæрстой æгас Европæйы цæрджытæ дæр. Уыдон сæ зæххытæ ауæрæх кодтой суанг Доны онг. Арæх цыдысты стæрты, бырстой Чысыл Азимæ æмæ Сомихмæ. Фæндзæм æнусы ныббырстой Галлимæ (ныры Франц) æмæ Италимæ, бахæццæ сты суанг Испанмæ дæр. Алайнаг æвзаг хауы ирайнаг æвзæгтæн сæ цæгатхурыскæсæйнаг къордмæ. Фæлæ аланты фæдтæн æрмæстдæр ромаг æмæ бердзенаг историкты куыстытæй ис сбæрæг кæнæн. Диониси аланты хуыдта “хъомысджын æмæ тыхджын адæм”. Аммиан та – “бæрзонд, рæсугъд, хæрзконд æмæ райдзаст адæм”. Цæугæцард кæнгæйæ сæ царды сæйраг бынат ахста фосдарыны куыст. Антикон бæстæйы уæды цагъарадæн аланты царды бынат никуы уыдис. Куывтой æрмæстдæр иу дзуармæ – Хæсты дзуарæн æмæ зæххы сагъд æндон цирхъæн. Æрæджиаудæр рæстæджы фыст æрмæджытæ ма дзурæг сты, алантæ сæ фыдæлты удтæм дæр кæй куывтой. Хæсты быдыры-иу сæ чи амарди, уый нымад цыди “амондджын мардыл”, Хæсты дзуарæн кадгæнæгыл. Алантæ, Хурныгуылæнырдæм цæуыны размæ, æнгом бастдзинад дардтой Китайы адæмимæ. Фидæн та иртæстой хæрисы уистæй. Уисты бындзыг-иу зæххмæ æрæппæрстой æмæ сæ хаудмæ гæсгæ дæсны касти фидæны хабæрттæ. Аланты æхсæнад тынгдæр здæхт уыди хæсты ‘рдæм, æмæ уымæ гæсгæ сæ лæппутæ чысылæй сæхи ахуыр кодтой бæхыл бадын. Се ‘фсæддонтæ сæ сæрмæ нæ хастой фистæгæй цæуын.

Цымыдисон ахаст сын уыдис ацæргæ адæммæ. Гермайнаг адæмтæ къаддæр хæстмондаг нæ уыдысты,  фæлæ кад кодтой сæ зæрæдтæн. Алантæм та уыди æндæр хъуыды. Ома, кæд хæсты быдыры нæ фæмард дæ, уæд дæ тæппуд. Æмæ сыл, æвæццæгæн, уыцы æууæл рацыдис гадзрахатæй. Гермайнаг адæмтæн сæ бон бацис хъаруджын æмæ стыр паддзахадтæ скæнын, кæддæры хъомысджын аланты та рохуаты дон фæласта, иугай ныййисты, ныппырх сты фæйнæрдæм æмæ æндæр адæмтимæ сæмхæццæ сты.

Журнал «Эпоха Таймс»

 

 

Нывы: Тугъанты Махарбег йæ мад Санаты Асиатимæ

 

 

 Ерыстау æлдар ирæтты тыххæй

«…Июлы мæйы мæн, имереттаг æлдар Ерыстауты Дауыт Рацъагы, Имереты паддзах Дауыт арвыста Гуырдзыстоны паддзах Иракълимæ… арæныл ме мбæлццæттæ æмæ хъахъхъæнджытимæ бахæццæ дæн Аунеуы хъæумæ. Уыцы æхсæв нæм ныббырстой ирæттæ, уыдысты фæндзайы бæрц. Мæн акодтой уацары, хæхтыл мæ æркодтой иу хъæу Хуыцъемæ. Уыцы хъæуы ис æхсай цæрæг хæдзары. Хъæуы тæккæ фæрсты цæуы цæугæдон Леуахи, у къæдзæхджын бынат, ис дзы тархъæдтæ, дыргъбæлæстæ дзы нæ зайы. Мæнæуы тыллæг сæм вæййы хæрзцъус, фылдæр æркæнынц хъæбæрхор. Хъæбæрхорæй фыцынц бæгæны, къуымæл, уадзынц арахъхъ. Фосæй дарынц фыстæ, сæгътæ. Хъуццытæ, галтæ æмæ бæхтæ. Хуыйы фыд хæрынц, уымæн æмæ сæхи нымайынц чырыстон адæмыл. Уырдыгæй мæ акодтой Рукъы хъæумæ. Фæцыдыстæм дыууæ боны, фæндаг у зынвадат, нарæг æмæ тæссаг. Рукъы ис сæдæ цæрæг хъæдзары, алы бинонтæн дæр ис сæхи мæсыг. Уый дæр ис хæххон бынаты. Хъæуы астæуты цæуы чысыл цæугæдон, кæцыйыл æвæрд сты сæ куырæйттæ. Ис дзы бирæ суадæттæ. Хъæбæрхоры йедтæмæ ницы тауынц. Дарынц фыстæ, хъуццытæ, бæхтæ. Уыдон дæр иннæтау сты иу диныл хæст, дарынц æмхуызон уæлæдарæс».

Гуырдзиаг æлдар Ерыстауты Дауыт, 1786 аз

 

 

Брытъиаты Елбыздыхъойы æлвæст хъуыдытæ

Ирон чиныджы сæфт Хуыцауы аххос чи кæны, уымæн тæрхонгæнæг Хуыцау фæуæд.

***

Ирон адæймаджы чиныг хъæуы, – афтæ зæгъынц, чиныгæн йæ ад чи æмбары, уыдон. …Чиныгæн йæ кæнæг дæсны куы уа, уæд æй бауарзын кæндзæн адæмæн.

***

…Ма фæтæрсæм, нырма дард сты нæ фæстаг бонтæ! Уæдмæ цæрын хъæуы. Цард йемæ фæндæттæ хæссы. Царды койтæ кæнæм, нæ фæндæттæ дзурæм – уыдоны тыххæй чиныгыл узæлын хъæуы. Чиныг стыр хорзы йедтæмæ зиан никæмæн уыдзæн.

***

Европæйаг (уырыссаг) цард чи кæны, уыдонæн сæ зæнæг æппындæр нæ зонынц иронау, кæнæ зонынц æрмæст «фыдбылызы фаг». Уыцы зæнæджы зæнæг та æппындæр нæ зондзæн иронау.

***

Бындур ис нæ чиныгæн, не ‘взагæн. Пушкин уырыссаг чиныгæн цы у, махæн Къоста уый у.

***

Фыдæлты цардæй рахицæн стæм. Мæсгуытæ æмæ галуантæ ныууагътам, ног цардмæ та хæццæ нæма баистæм. Мах стæм ахæм фæндагыл лæуд, фæстæмæ аздæхæн кæуыл нал ис, размæ цæуын та нæ сау талынг æмæ тар мигъ нæ уадзынц.

***

Газет у хабархæссæг, хъæргæнæг, фидиуæг, газет у фæндагамонæг! Æнæ газет адæм гоби сты – кæрæдзийы сын бамбарæн нæй!

 

 

Сидтытæ-æмбисæндтæ

*Кæд бадгæ кæны – лæугæ скæнæд, кæд лæугæ кæны, уæд мауал æрбадæд!

*Фæдис куы хъæр кæнай, уæд дæхæдæг фæдисонты разæй хъуамæ цæуай.

*Фæдисы раздæр чи ацæуы, уымæн йæ мард хæсгæ фæвæййы.

*Фæдисы фæстаг – æлгъыстаг.

*Фæдисы фæстейæ баззайын мæлæт у.

*Нарты фæсивæд-иу куы рафæдис кодтой, уæд-иу знаджы суанг йæ хæдзармæ сырдтой.

*Сæрбахъуыды сæр хъæуы, фыдсæры та гуыр хъæуы.

*Цæразонтæ-иу балцы куы цыдысты, уæд сæ тырысайыл хъуытаз уыди: никæмæй тарстысты.

*Хæмпæлыл арт куы бандзарай, йæ тæрхъустæ лидзын уæд байдайынц.

*Царциатæ ’мæ Нарт фаты фындзмæ сæ риу дардтой, карды коммæ – сæ бæрзæй.

*Нарт цæмæй Нарт уыдысты? – Тых æмæ хъаруйæ, зонд æмæ ’хсарæй.

*Топп лæгтæ куы марид, уæд æфтауцдоны дуæртты иу лæг дæр нал аирвæзид.

*Хæст дыууæйæн æмбис у: амонд кæй фарс æрлæудзæн, уый бæрæг нæй.

*Адæм туг цы хæсты ныккалой, уым фидыдæн æнæ ’рцæугæ нæй.

*Минæвар, кæд рæстмæгæнæг дæ – байхъусдзыстæм дæм, кæд ныхмæдзæуæг дæ – басудздзыстæм дæ!

 

 

Хъæлдзæг хабæрттæ

ЦЫППАР БÆЛЦЦОНЫ

Фæндагыл фæцæйцыдысты цыппарæй: къуырма къуылых, куырм æмæ бæгънæг. Иу афон къуырма тарст хъæлæсæй дзуры:

– Бæхты къæхты хъæр хъуысы, чидæр нæ рбасуры!

– Æцæг, æцæг! – фæхъæр кодта куырм, – бакæсут-ма, уæртæ сæм цы диссаджы хæцæнгæрзтæ ис!

– Тагъддæр лидзæм! – ныхъæр кодта къуылых, – науæд нæ æрбаййафдзысты!

– Тагъддæр, тагъддæр! – се ппæтæй тынгдæр ныхъæр кодта бæгънæг, – куы нæ æрбаййафой, уæд нæ бастигъдзысты!

 

ЗЫНАРГЪ МАШИНÆ

Иу лæг машинæ балхæдта. Йæ хæлар æй фыццаг хатт куы федта машинæ скъæргæ, уæд бацин кодта:

– Огъо, машинæ балхæдтай? Арфæ дын кæнын!

– О, бæргæ балхæдтон, фæлæ йæ хардз бирæ у, йæ хардз, – загъта йын катайгæнгæ.

– Уагæр афтæ цас бирæ у? – бадис кодта йæ хæлар.

– Цыппар æфсымæры уыдыстæм æмæ ма дзы æз баззадтæн…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.