Æртхурон æмæ йæ рагон нысаниуæг

Ирон адæмы ныры фæлтæры фылдæр хай дзырд «Æртхурон» бæттынц æрмæстдæр кæрдзынимæ, цыхт æмæ царвимæ кæй кодтой, ахæм сæрмагонд, ногбонон уæлибыхимæ, фæлæ ацы дзырд кæддæр йæхæдæг нысан кодта бæрæгбон…

Ирон адæмы æхсæн чырыстон дин куы апарахат, уыцы заманæй фæстæмæ Ногбоны стырбон хуыдтой сыгъдæг Уасилы бон. Дыгуронау – Басилтæ. Фæстæдæр ног азы бæрæгбоны хонын райдыдтой Ногбон. Цалынмæ ирон адæмы ‘хсæн чырыстон дин фæзынд, уæдмæ та ацы стырбоны хуыдтой Æртхурон.

Сафайы куывды куыд дзырдæуы, афтæмæй Æртхуроны чызг смой кодта Хуры фыртæй, цæмæй хызт уыдаид фыдбылызтæ æмæ æнамонддзинадæй. Кæй зæгъын æй хъæуы, Æртхурон йæ равзæрдæй фæстæмæ, сæйраджыдæр, баст уыд хуры культимæ, ома, Хурзæрины бардуагимæ, фæлæ йæ нысаниуæгмæ гæсгæ æнгом баст у арт-зынджы культимæ, уымæн æмæ ирон адæммæ арт нысан кодта, мæлæт æмæ тарыл рухс æмæ цард кæй хъуамæ  уæлахиз кæной, уый символ.

Ногбон абон дæр тынг кадджын у Ирыстоны, ирон адæммæ. Фæстаг рæстæджы йæ нысан кæнынц дыууæ дихæй: куыд ног нымадæй, афтæ – зæронд нымадæй дæр. Фæлæ, иумиагæй сисгæйæ, Ногбоны стыр бон куыдфæстагмæ йæ нысаниуæг сафын райдыдта. Раздæр æй куыд нысан кодтой, уыцы рæсугъд æгъдæуттæ кæм хайгай, кæм та бынтондæр ферох сты. Ныр æй бæттынц назы талаимæ, ома, цард æнæмæлæт кæй хъуамæ уа, ахæм символимæ.

Рагон ирон арфæтæ

Рынчынæн

Æвдадзы хос дын фæуæд.

Дæ низы хай дын Хуыцау айсæд.

Зæдтæ, дауджыты фæдзæхст у.

Хуыцау дыл кувæндоны куывд æруадзæд.

Рыны бардуаг дæ æнæрын скæнæд.

Хистæры арфæтæ кæстæрæн

Адæмы хуыздæр фæу.

Æнæнхъæлгæ хæрзтæ дыл цæуæд.

Дæ иунæг сæдæ бауæд.

Æмзай-æмзæрондæй фæцæрут,

Зæрдырай фæу.

Кæмæ кæсыс, уыдоны хуртæ фен.

Кæй хъахъхъæныс, уыдон низ макуы фен.

Уа рæхджы хорз дæ уæд.

Цæрæццаг лæппу дын райгуырæд.

Цæмæ бæллыс, уый дыл æрцæуæд.

Сырдоны аг

Сырдоны сыхагæн уыдис хорз, стыр æрхуы аг. Сырдон ын æй куырдта, фæлæ йын æй нæ лæвæрдта, æлхæдта йын æй, фæлæ йын æй уæй дæр нæ кодта. Иу хатт куы уыд, уæд æм æй авæрдта бæгæны фыцынмæ. Сырдон балхæдта иу чысыл аг æмæ йæ сыхагмæ бахаста йæхи стыр агимæ иумæ.

– Ацы чысыл аг та ма кæй у? – бафарста йæ сыхаг.

– Дæу, мæ хур акæнай, дæу, – загъта йын Сырдон. – Дæ аг дын сывæрджынæй ахастон, мæ хæдзары дын ныззадис æмæ дын æй ныр æд лæппын схастон.

Сыхаг айста чысыл аг дæр æмæ йыл фæцин кодта. Афæдзы фæстæ та йын Сырдон ракуырдта йæ аг. Сыхаг æм æй уыцы æнæзивæгæй авæрдта æмæ дзуры Сырдонæн:

– Æцæг та, æнхъæлдæн, сывæрджын у æмæ йын йæ лæппыны мацы фæкæн.

– Мæнмæ йын бынтондæр ницы тас уыдзæн, – загъта Сырдон æмæ аг ахаста.

Бирæ бонтæ рацыд, фæлæ Сырдон аг йæ хицауæн нал хæссы. Уæд дын æй иу хатт сыхаг фæрсы:

– Дæ хорзæхæй, Сырдон, уыцы аг цæуылнæ æрбахæссыс?

– Хъæр дæр дын æй нæ уæндын, фæлæ рухсаг уæд дæ аг. Æцæгæй та уыд сывæрджын æмæ аргæ-арын амардис.

Афтæмæй аг Сырдонæн баззадис.

АМÆНДТÆ БÆЛВЫРДГÆНÆГ – ФЫССÆН ÆХСÆВ

Ирон адæм хистæрæй кæстæрмæ сæ царды алы бæллиц дæр бастой Ногбоны æрбалæудимæ. Ногбонимæ цы æгъдæуттæ нысан кодтой, уыдонæй сæ иу хуыйны «Фыссæн æхсæв». Уый вæййы, абон зæронд Ног аз кæй хонæм, уый хæдфæстæ. Йæ нысаниуæг у æвзонг фæсивæды, усгур лæппутæ æмæ чындз-дзон чызджыты амæндтæ сбæлвырд кæнын, ома, æрбалæугæ азы  йæхицæн къай чи ссардзæн, ус чи æмæ кæй ракурдзæн, чындзы чи æмæ кæмæ фæцæудзæн, уыдæттæ бæлвырдгæнæн æхсæв.

Уый тыххæй пайда кодтой бирæ алыгъуызон амæлттæ æмæ фæрæзтæй. Ногбоны æхсæв-иу, нæлгоймаг кæм нæ уыд, ахæм хæдзары бамбырд сты хъæуы чызджытæ æмæ фарстой дæсны. Сæхицæн дæр æмæ-иу сæ усгур æфсымæртæн дæр скодтой фæйнæ æртæ цæхджын гуылы. Алчи дæр-иу йæ гуылтæй дыууæ хъуамæ бахордтаид фынæйы размæ, æртыккаг та хъуамæ бавæрдтаид йæ нывæрзæн. Иугæр дæ нывæрзæн гуыл ис, уæд хъуамæ бафынæй уай, кæцы фарсыл æрхуыссай, уыцы фарсыл хуысгæйæ. Фынæйæ иннæ фарсыл æрзилын нысан кодта, дæ нывæрзæн гуыл кæй бавæрдтай, уымæн кæй ницыуал тых ис. Æхсæвы цæхджын гуылтæй сдойны уæвгæйæ амондагур фыны зилдзæн донагур, æмæ йын дон чи бадара, уый уыдзæн йæ амонд.

Ацы æгъдау уæлдай иузæрдиондæрæй æххæст кодтой, сусæг уарзæттæ кæмæн уыд, ахæм лæппутæ æмæ чызджытæ. Кæд-иу уыдонæй исчи, кæй уарзта, уый федта йæ фыны, уæд-иу æй уæлдай амондджындæрæй радзырдта иннæтæн дæр, дыккаг бон-иу сæ фынтæ кæрæдзийæн куы дзырдтой, уæд.

Æнгомдзинад ирон æмбисæндты

*Æгънæг æмæ сæхтæгау æнгомæй фæцæрут.

*Хъаугъайы бæсты уын – хъайла.

*Хорз загъдæй æвзæр фидыд хуыздæр у.

*Хылкъахæг фæсмонгонд вæййы.

*Дунейы паддзах уарзондзинад у.

*Хыл æнæбон кæны.

*Дæхи куыд уарзыс, афтæ уарз алкæй дæр.

*Кæд дæ адæмимæ цæрын фæнды, уæд уал бауарз дæ сыхаджы.

*Хуры разæй дæр лæг йæ сыхаджы фены.

*Бæлас куы акæлы, уæддæр йæ сыхагыл банцайы.

*Сæрылхæцæг æфсымæр у.

*Хъæуæн галæй хъæуæн лымæн хуыздæр у.

*Хорз лымæн – фиуджын, цæхæраджын.

*Æрдхорд мæсыг у.

*Фыды лымæн – фыды хæзна.

*Æнгом цуанонтæ саг марынц, æнгом бинонтæ – цард арынц.

*Бинонтæ кæрæдзи куы уарзой, уæд сæ бæркад бирæ у.

*Бинонтæн се ‘нгомдзинад се ‘фсиныл баст у.

*Бинонтæ æмзонд куынæ уой, уæд сæ хæдзар уазалы смаг кæны.

*Мады рæвдыд хурæмдых у.

*Сыгъдæг уарзондзинадæн сыгъдæг зæрдæ хъæуы.

*Дыууæ æмхæрæфыртæй арс дæр тæрсы.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.