Скъифты «лæвæрттæ»

Скифтæн сæ хæцæнгæрзтæ уыдысты фат æмæ æрдын, цыбыр цирхъ æмæ цыбыр арц. Знагыл-иу сæхи андзæрстой æмхуызонæй, ихуарæгау-иу ыл ныккалдтой фæттæ, йæ сæр схъил кæныны бон æй куыннæуал фæуа, афтæ. Стæй-иу цæстыфæныкъуылдмæ фæтары сты сæ мырмыргæнаг бæхтыл. Ахæм æнæнхъæлæджы бырстæй сæ бон басæттын уыд цавæрфæнды тыхджын æфсады дæр. Æмæ ахæм хъару равдыстой Персы паддзах Дарийы ныхмæ дæр, уый сæ басæттыныл куы сфæлвæрдта, уæд.

Персы бæстæ уыцы дуджы уыди æппæты тыхджындæр паддзахад а дунейыл. Дарий скифтæм æрбатардта бирæ æфсæдтæ. Скифты паддзах Иданфирс сфæнд кодта йе знагыл хинæй рацæуын. Æмæ, цыма састы бынаты зайы, уыйау йæ æфсæдтимæ байдыдта фæстæмæ цæуын, персæгты йæ фæдыл сайгæ, афтæмæй сын, сыдзмыдзы цæугæ, сæ раззаг рæнхъыты дæрæн кодта. Мæлæтдзаг тохмæ скифтæ сæхи цæттæ дардтой, æрмæстдæр сын сæ фыдæлты ингæнтæм куы бавнæлдтаис, уæд. Фæлæ персæгтæ не ссардтой уыцы уæлмæрдтæ.

Дарий бамбæрста, скифтыл нæ фæуæлахиз уыдзæн, уый. Стæй ма йæм цы лæвæрттæ барвыстой, уыдон ын уæлдай хатт бауырнын кодтой, «йæ хъул сах» кæй нæ абаддзæн. Уымæн æмæ скифты «лæвæрттæ» уыдысты тынг æнахуыр: маргъ, мыст, хæфс æмæ фондз фаты. Дарий-паддзахы æххуысгæнæг сын уайтагъд бамбæрста сæ нысаниуæг: «Кæд, персæгтæ, сымах маргъау уæлæрвтæм не стæхат, мыстау зæххы бын нæ алæсат, хæфсау цады нæ багæпп кæнат, уæд нæ аирвæздзыстут мах фæттæй. Сæрыстыр Дарий-паддзахæн дæр ма цы гæнæн уыд æмæ йæхи айста скифты бæстæй.

 

Æмбисонды хабар ирон æмбисæндты

Нæ фыдæлты царды цыдæриддæр зонд-зонæн, бафæзминаг, цæвиттойнаг уыдис, уыдон иууылдæр баззадысты, цы диссаджы æмбисæндтæ нын ныууагътой, уыдоны. Зæгъæм: «Адæмимæ цæрын хъæуы», кæнæ – «Фæрнджын уый у, адæмимæ цæрын чи зоны»…

Раджы заманы иу хъæуы уыд зиан. Иу сылгоймаг йæ лæджы фæрсы:

– Æз дæр мардмæ ацæуон?

– Ацу, кæд дæ адæм уадзынц, уæд.

Изæры лæг йæ усы фæрсы:

– Мардмæ нæ ацыдтæ?

– Ацыдаин, фæлæ мын дзаумæттæ ничи авæрдта.

Лæг ын уæд афтæ зæгъы:

– Уæдæ дæ адæм нæ ауагътой æмæ йæ афтæ зæгъ…

 

Кæд нæм фæзынд къухисын

Алы адæмтæм дæр ис, сæ фыдæлтæ цæсты гагуыйау кæй хъахъхъæдтой, ахæм æгъдæуттæ. Мах, ирон адæм нæхи куы бафæрсæм, уæд нæм кæдæй нырмæ ис фембæлыны рæстæджы пъатæ, хъæбыстæ кæныны æгъдау? Ирон нæлгоймæгтæ, уæлдайдæр – фæсивæд куы фембæлынц, уæд кæрæдзийæн, суанг сылгоймæгтæн дæр, хъæбыстæ кæнын цæмæн райдыдтой?..

Ирон нæлгоймæгтæ йæ къух истой æрмæстдæр уазæгæн, æгас цу, зæгъгæйæ. Уымæй дæр лæугæйæ. Къухтæ кæрæдзимæ лæвæрдтой, исты хъуыддагыл-иу куы бафидыдтой, кæнæ-иу кæрæдзийæ æфсымæртæ, æрдхæрдтæ куы загътой, уæд. Æрвылбон фембæлды кæрæдзийæн, стæй æцæгæлæттæн дæр ирон нæлгоймæгтæ салам лæвæрдтой æрмæстдæр ныхасæй: «Æгас цу», «Дæ бон (дæ изæр, дæ райсом) хорз» æмæ æндæр дзырдтæй. Сæр-иу чысыл фæкъул кæнгæйæ, рахис къух зæрдæйы сæр авæрдтой. Ныр кæрæдзийыл ныттыхсынц, рустæ кæрæдзийыл авæрынц, суанг батæ кæнынмæ дæр бавналынц.

Сылваз, сылычъи нæлгоймаг та ирон адæммæ æгад уыд. Нæ нæлгоймæгтæ кæрæдзийæн хъæбыстæ кæнын райдыдтой гуырдзы æмæ нæ иннæ сыхæгты фæзмгæйæ.

 

Куырыхон амындтæ

*Дæхи бон цы у, уый искæмæн ма аразын кæн, дæхæдæг цы аразыс, уый æндæртæй ма дом. Цæмæй уынг æнæхъæнæй сыгъдæг уа, уый тыххæй алчи дæр хъуамæ мæрза йæхи хæдзары раз.

*Цыфæнды дзаумайæ дæр куы пайда кæнай, уæддæр хъуамæ дæ зæрдыл дарай: уыцы дзаума сфæлдыстой адæймаджы зонд æмæ къухтæ, æмæ йын нæдæр сафæн ис, нæдæр – халæн. Куы йæ фесафай, уæд дæ фæллой сафыс, куы йæ фехалай, уæд та дæ цард халыс.

*Æнæкусгæйæ царды дзæбæхæн чи цæры, уыдонæн сæ царды амонд нæй. Уымæн æмæ цæмæй цæрынц, уыдон адæмæй исынц, сайыны, тыхмийы фæрцы. Сайдæй æмæ тыхмийæ цы бафта къухы, уыдоныл та вæййы фыдæлгъысты гакк – фыдæлгъыстимæ сæ исынц, цардæй тъæпп кæй фæрцы хауынц, уыцы адæмæй.

*Æппæтæй хуыздæр æмæ тайæндæр хæринаг у, дæ хидвæллойæ кæй бахæрай, уыцы хæринаг.

 

Къоста æмæ æнæзонгæ фыййау

Иу ахæмы Къоста Куырттаты комы фæцæйцыди æмæ иу хиппæлой фыййауыл амбæлдис.

– Дæ фос бирæ уа, хорз фыййау! – салам ын радта Къоста.

– Арфæгонд у æмæ дæ фæндаг раст уæд! – дзуапп ын радта фыййау.

Къоста фыййауы цур йæхи дурыл æруагъта, æмæ йæ афарста:

– Бахатыр кæн, хорз лæг, фæлæ кæмæй дæ?

Фыййау йæ сæрыл бæрзонд схæцыд, æмæ сæрыстырæй загъта:

– Кæмæй æмæ чи дæн, куы зæгъай, уæд æз дæн Хетæгкаты Къоста.

«Уæууа! – бадис кодта Къоста. – Цымæ нæ мыггаджы цал Къоста ис? Стæй йæ æз куыднæ зонын?..»

Æмæ та ногæй афарста фыййауы:

– Фæлæуу, фæлæуу, æмæ, Хетæгкатæй кæй фырт дæ?

– Кæй фырт куы зæгъай, уæд Леуаны фырт. Мæнæ фыссæг чи у, æз уыцы Къоста дæн, фæлæ йæ ды кæцæй зондзынæ…

– Хоз, хорз, – загъта Къоста, æмæ сыстад, йæ цухъа адзæбæхтæ кодта æмæ дарддæр фæцæйцыд. Фыййау ма йæ фæстæ ахъæр кодта:

– Ды та чи дæ, хорз лæг?

– Нæ зонын, ацы хорз лæг… Нырыонг æз дæр Хетæгкаты Леуаны фырт Къоста бæргæ уыдтæн, фæлæ ныр нал зонын, чи дæн, уый: Леуанæн иу Къоста йедтæмæ нæ уыд, – загъта Къоста æмæ йæ мидбылты бахудт.

Фыййауæн йæ цæсгом фæсырх, йæ дзых хæлиуæй аззад, стæй зæххмæ кæсгæйæ афтæ бакодта:

– Бахатыр мын кæн… Уый афтæ… мæ фыруарзондзинадæй…

 

Рагон ирон дзырдтæ

Тъаффæ – ехсы кæроны тъæпæн.

Уадæхсин – дымгæ æмæ уады бардуаг.

Уаддымд – дымгæ йæ мит кæмæн ахæссы, ахæм къуыбыр, обау.

Уарындзæг – лыстæг æртæхтæй къæвда.

Уартдзæф – кæддæр нæ рагфыдæлтæ Сау денджызы хуыдтой Уартдзæфы денджыз.

Уаца – сыгъдæг, ирд, рухс.

Уæрсæг (Уæрсæджы хох) – хох Хуссар Ирыстоны.

Уæтæл – хæцæнгарз цуанæтты æвзагæй.

Уæсиат – фæдзæхст, ныстуан.

Фæгобан – чи смæллæг уа, ахæм хæрзхаст бæх.

Фæтыг – фидар æфсæйнаджы мыггаг.

Фесарæн – цæнгæтæй тебæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.