Гайты мæсгуытæ

Гайтæм уыди æртæ ’фсымæры. Уыдонæн уыди дыууæ мæсыджы: стыр æмæ гыццыл. Ардæм Турк куы æрбалæбурдтой, уæд бæстæ байстой, фæлæ Гайты æртæ ’фсымæры мæсыджы бадтысты, уырдыгæй сæ æхстой æмæ сын Турчы æфсæдтæ ницы амал ардтой байсынмæ. Уæд мæсыг цыппар агъуысты уыди. Ныр дæр йæ хуылф нæмгуытæй йедзаг у, фæлæ дурты бын фесты, мæсыг йæ хуылфы куы ныккалди, уæд.

Иугæр стыр мæсыг куы фæхуынкъ, уæд æфсымæртæ сæ гыццыл мæсыгмæ балыгъдысты. Уæддæр сæхи нæ лæвæрдтой. Уæд сыл иннæ мыггæгтæ дзыххæссын райдыдтой, стæй знагæн æххуыс кæнын. Афтæмæй знæгтæ мæсыджы сæрмæ схызтысты. Йæ цыппар фисыны йын ныххуынкъ кодтой æмæ дзы топпыхос ауагътой.

Раздæр дзы иу фисын схæцыд.

Уæд сæ кæстæр æфсымæр рагæпп кодта æмæ йе ’фсымæртæм ныхъхъæр кодта:

– Уæхи æгады мардæй амарын ма бауадзут! – Йæхæдæг алыгъди йæ мадырвадæлтæм Хъобанмæ. Иннæ æфсымæртæ уым мæсыджы фесæфтысты.

Кæстæр иу-цасдæр йæ мадырвадæлтæм царди. Стæй уæд Лисримæ Моураутæм æрбарвыста, нæхимæ фæцæуын, зæгъгæ.

Моураутæм та ахæм лæгтæ уыди, æмæ сын фæндагыл цæугæйæ «дæ бон хорз» йе «дæ фæндаг раст» куы загътаис, уæддæр нæмгæ кодтой. Ахæм фыдуаг адæм уыдысты.

Моурауты лæг ардæм ссыди æмæ хъæуæн загъта:

– Гайы-фырт æгас у, æмæ дзы чи цы райста сæ мулкæй, уый сæ фæстæмæ æрхæссæд.

Цæвиттон, иугæр дыууæ æфсымæры фæмард сты æмæ кæстæрæй дæр  бæрæг ничи зыдта, уæд сын хъæуы адæм сæ дзаумæттыл, фосыл, мулкыл фæхæлæф кодтой. Моурауы-фырт сын куы загъта, уæд кæстæр æфсымæры æрбацыдмæ алчи дæр, цы ахаста, уый фылдæрæй фæстæмæ æрхаста. Гайты мæсгуытæй иу бынтондæр ныккалд, иннæ ма æрдæгкалдæй абон дæр лæууы Уæладжыры комы Калачы хъæуы.

Сылбогал

Раджы Иры зæххыл цардысты ногъай, фæлæ сыл ир фæтых сты æмæ сæ фæсырдтой. Уыцы рæстæджы иу ирон хъæздыг æлдарæн фæзынд ног чындз. Чындз афтæ тыхджын уыд æмæ йæ сæ къамбец йæхи дуцын куынæ уагъта, уæд чындз фæмæсты æмæ къамбецы йæ сыкъатæй быруйæн æддæмæ фехста. Раст уыцы заманы кæсæг æмæ Иры раздзæуджытæ бауынаффæ кодтой, цæмæй кæрон скæной кæрæдзийы цæгъдынæн. Бадзырдтой, цæмæй равзарой фæйнæ богалы æмæ уыдон бавзарой сæ тыхтæ. Састы бынаты кæй богал баззайа, уыдон хъуамæ сыстой уыцы зæххæй æмæ сæ сæр фесафой. Ирон æлдарæн йæ фырттæ хæтæны уыдысты æмæ мæты бацыдис, кæй арвита кæсгон богалы ныхмæ, уый тыххæй. Уæд æм йæ чындз бахатыд, цæмæй йын бар радта кæсгон богалимæ йæ тых бавзарынæн. Хицауы æндæр фæрæз куы нал уыд, уæд сразы йæ чындзы фæндоныл.

Чындзыл нæлгоймаджы дарæс скодтой, афтæмæй йæ ракодтой кæсгон богалмæ. Кæсгон богал рæхысбастæй фæйнæрдæм лæбурдта, йæхи рæдывта. Ирон чындз ын йæ иу къух ацахста æмæ йæ бынмæ æрриуыгъта.

Кæсæг хъæр кæнынц сæ богалмæ:

– Цæмæ ма йæм кæсыс, цæв æй!

– Куыд ма йæ цæвон, мæ къух мæхицæй куы нал у, уæд, – скуыдта кæсгон богал.

Уæдмæ йын чындз йе ннæ къух дæр æрриуыгъта æмæ уæд кæсгон богал лидзынмæ фæцис. Уæд ирон богал йæ худ фелвæста æмæ йæ дыууæ дзыккуйы зæххыл æрныдзæвдысты.

Нузалы чингуытæ

(Вариант)

Уыдон уыдысты Цæразоны фидæрттæ. Цæразонæн йæ фыццаг усы цот уыдысты Нузал, Бад, Зæрæмæг. Йæ дыккаг усæй та йын райгуырдысты Сидæмон æмæ Хъусæгоны байзæттæгтæ: Æрхом, Цъамад, Мызур, Уынал.

Сидæмонтæ æмæ Хъусæгонтæ хуындысты сылгоймаджы номæй. Гуырдзиаг сауджын æмæ Нары Засыхаг лæг Гуытаты Михел асин сæвæрдтой Нузалы фидæрттæм æмæ уырдыгæй райстой Цæрæазонты гæххæттытæ, уæзданы чингуытæ æмæ сæ гуырдзымæ ахастой. Иу чиныг дзы фыст уыд байраджы цармыл, йæ кæрæттæ та уыдысты сыгъзæринæй. Уый гуырдзиаг кънияз йæ сæрыл сæвæрдта æмæ Калачы Уæрæсейы паддзах куы уыди, уæд æй уымæ бахаста. Паддзах ын загъта, ды ме мсæр лæг дæ, зæгъгæ, æмæ йын радта крест «Ладимыр».

Ирон арфæтæ

*Ды кæй уарзыс, уыдоны фæндон нæ, фæлæ дæ чи уарзы, уыдоны фæндон уæд дæ цард

 *Дæ уазæджы хай макуы фесæфæд

 *Хомæй кæй радтай, уый дæм фыхæй æрбаздæхæд

 *Адæмы уарзыс æмæ сæ хорздзинæдтæй хайджын у

 *Сау сæрæй урс дадалиты онг кæмæн фæбадтæ, уыдон дын дæ хорздзинæдтæ ма ферох кæнæнт

 *Дæ къæбæр рæдауæй дæттыс æмæ дыл авды бæрæчетæй бафтæд

 *Искæй зындзинæдтыл риссын зоныс æмæ дæхæдæг æнæрыстæй фæцæр

 *Дæ искæй æрцæуæггагæй дæ зæрдæ рухс уæд

 *Цæстуарзон дæ æмæ дын Хуыцау цæстуарзон лæвæрдтæ ракæнæд

 *Удфидар у

 *Адæмæн уарзонæй байрæз

 *Амондхæссæг фæу

 *Æнæниз, æнæмасты хардзæн дын фæуæд

Хъæлдзæг хабæрттæ

ЗÆХХКУРДЖЫТÆ

Æртæ лæджы иу тыгъд быдыры хицаумæ бацыдысты æмæ дзы зæххы хæйттæ курынц. Кæй сæ цас зæхх хъуыд, уый сæхæдæг дæр нæ зыдтой æмæ сын быцæу бацайдагъ. Уæд сын быдыры хицау йæхæдæг афтæ зæгъы:

– Хорз, алчи дæр уæ иу ранæй лыгъд раттæд æмæ кæцæй алидза, уырдыгæй суанг лидзын кæй онг бафæраза æмæ кæм ахауа, уый онг йæ зæхх уыдзæн.

Сæ иу алыгъд, æмæ кæм ахауд, уый онг ын радта зæххы хай быдыры хицау. Дыккагæн дæр – афтæ. Æртыккаг дæр алыгъд æмæ кæм ахауд, уырдыгæй ма ноджы йæ худ дарддæр фехста:

– Уым та цъуанилитæ байтаудзынæн…

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.