ФУТБОЛ

Кæронмæ бахæццæ РЦИ-Аланийы чемпионат футболæй. Хъыгагæн, ацы аз карантинон мадзæлтты аххосæй ерысты хайад нæ райста командæ «Цхинвал», фæлæ уæддæр уымæ æнæкæсгæйæ чемпионат нæ баззад æнæ хуссарирыстойнаг футболистты хайадистæй. Ерысты уæлахизуæвæг командæ «Щит Осетии»-йы сконды хъазыд зындгонд футболист Мулдарты Алексей. Командæ «Юность»-ы спортивон кад та хъахъхъæдтой Пухаты Ирбег, Зассеты Александр, Годжыцаты Артур, Хуыбиаты Алан æмæ Мамытаты Дмитри. Ноджы ма иу хуссарирыстойнаг футболист Зæгъойты Олег та архайдта командæ «Алани – 2»-йы.  

***

Национ футболон къорды 18-æм туры Дзæуджыхъæуы «Алани» фысымиуæг кодта Тольяттийы «Акрон»-æн. Æнæхъæн хъазты дæргъы алайнæгтæ архайдтой хуыздæр. Бантыст сын 5 пуртийы бакъуырын, сæхи кулдуары та бауагътой иу пурти. Афтæмæй «Алани» фæуæлахиз 5:1 хыгъдæй. Ирыстоны сæйраг футболон командæйы сконды расгуыхтысты Хуыгаты Алан, Хъæцмæзты Сослан, Хæбæлаты Алан æмæ дыууæ хатты та расгуыхт Кобесты Давид. 1-æм ноябры «Алани» радон хъазт акæндзæн уазæгуаты  «Крас-нодар-2»-имæ.

ХУРИТЫ Батрадз 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.