Ирӕтты тох хъырымаг хантимӕ

Ирон адæм сӕ дӕргъвӕтин историйы дӕргъы иу æмæ дыууæ хатты нæ басастой сæ тыхгæнджыты. Иу ахæм тохы бацыдысты XVIII æнусы райдиан, Дыгурмæ Хъырымы ханты æфсад куы ’рбабырста, уæд.

Цæвиттон, Сыгъзæрин Орда куы фæцудыдта, æмæ хæлын куы байдыдта, уæд Хъырымы фæзындис тæтæйраг ханты сæрмагонд паддзахад. Хицауиуæг ын кодта Турк. Уыцы заман Хъырымы хантæ арӕх бырстой Цæгат Кавказмæ, акодтой-иу уацайрæгтæ дæр, кавказаг адæмтыл æвæрдтой хъалон.

Тæтæр æрбахæццæ кæнынц, уый дыгур куы базыдтой, уæд растадысты фæдисмæ, уæдæ цы уыдаид. Сæ сæргъ æрлæууыд Бадилайы байзæддаг уæздан мыггагæй Тугъанты Елбердыхъ. Адæмы хсӕн ын аргъ уыдис йæ хъæбатырдзинад æмæ йæ куырыхон зонды тыххæй. Стæй канд æхсарджын хæстон нæ уыд Тугъаны-фырт, фæлæ йæ зыдтой арæхстджын раздзæуæгæй дæр. Елбердыхъ сфӕнд кодта знагыл комы рӕбын сæмбæлын.

Ирон хæстонтæ рацыдысты нысангонд ранмæ, мидæгхохмæ йын йӕ фæндаг ӕрыхгӕныны тыххæй. Адæм сæхи цæттæ кодтой сæ зæхх бахъахъхъæнынмæ. Æмæ, зӕгъгӕ, тæтæр баирвæзтысты мидæмæ, уæддӕр сæ ных скъуырдтаиккой хъæутæм бацæуæн фидæрттыл æмæ æнæбасæтгæ мæсгуытыл. Ноджы ма хъæуты цæрджытæ дӕр хæцæг æфсадæн цæттæ кодтой топпыхос æмæ нæмгуытæ.

Коммæ бахизæны знаджы æфсадыл йæхи андзæрста Елбердыхъы хæстонты къорд. Знаджы æфсады бæрæгастæу æваст смидæг сты ирон барджытæ. Ахæм тыхы ныхмæ тæтæр нæ бафæрæзтой æрлæууын æмæ уайтагъд сæ сæр сæ кой сси, фездæхтысты сæ фæд-фæд. Нæ сын бантыстис Дыгургоммæ бацæуын. Уыцы бонӕй фӕстӕмӕ тӕтӕр сӕ къух систой ӕрмӕст Иры кӕмттӕм нӕ, фӕлӕ Кавказы кӕцыфӕнды къуыммӕ бабырсыныл дӕр.

 

Ирон мифологийы ӕвӕрӕнтӕй

ÆВГЪÆДЫ ДЗЫККУТÆ

Ирон бинонтӕ-иу архайдтой, цӕмӕй сӕ сывӕллӕтты фыццаг рацӕугӕ дзыккутӕ тагъддӕр ӕлвыд ӕрцыдаиккой, уымӕн ӕмӕ сӕм афтӕ каст, цыма сывӕллоны сӕры хилмӕ ӕвзӕр цӕст ӕмхиц у, ӕмӕ афтӕмӕй фыдзӕрдӕ адӕмӕн сӕ бон бауыдзӕн куыд сывӕллоныл, афтӕ ӕнӕхъӕн бинонтыл дӕр фыднизтӕ бафтауын. Уымӕ гӕсгӕ сывӕллонӕн йе лвыд дзыккутӕ дардтой йӕ авдӕны. Стӕй-иу сӕ баппӕрстой доны, цӕмӕй йын, дон куыд тагъд цӕуы, афтӕ тагъд разадаиккой. Фӕлӕ-иу сыл, доны сӕ баппарыны размӕ кӕлӕнгӕнджытӕн кӕлӕнтӕ скӕнын кодтой, цӕмӕй сӕ бар, сӕ хъомыс хӕдзары бинонтӕй макӕмӕуал дардтаиккой.

 

ÆРГОМÆГГАГ ХУЫН

Уый нысан кодта усджын лӕгты бӕрӕгбон. Арӕзтой йӕ, ус иу азы размӕ  чи ӕрхаста, уыцы ӕрыгон лӕгтӕ. Фынг-иу ӕрӕвӕрдтой ныхасы астӕу. Йӕ нысан уыдис, цӕмӕй ус ӕрхӕссӕг ӕрыгон нӕлгоймӕгтӕ хъӕубӕсты лӕгтӕй хатыр ракурой, уӕды онг сӕ устыты ӕмбӕхстӕй кӕй дардтой, адӕмы ӕхсӕнмӕ сӕ кӕй нӕ уагътой, уый тыххӕй. Уыцы ӕгъдау амыдта, бинонтӕ скӕнӕг нӕлгоймагӕн бар кӕй ис ӕхсӕнады уӕнг уӕвынӕн, кӕй йыл ӕвӕры, хицӕн хӕдзармӕ цы ӕмбӕлы, ахӕм хӕстӕ.

 

 

Таурӕгъгӕнӕг

Таурӕгъгӕнӕг

Саулаты Дзӕрӕх райгуырд Уӕллаг Мызуры, хӕрзсабийӕ баззад сидзӕр ӕмӕ йӕ хъомыл кодта йӕ мады ӕфсымӕр Сихъоты Бидзи. Адӕмон кадджытӕ ӕмӕ зарджытӕм цымыдис кӕнын райдыдта авдаздзыдӕй, уӕззау низы фӕстиуӕгӕн саугуырм куы бацис, уӕд. Йӕ фыццаг ахуыргӕнӕг уыд Гобеты Баде. Фӕлӕ Дзӕрӕх фагыл нӕ нымадта, Баде ӕмӕ йын ӕндӕр таурӕгъгӕнджытӕ цы бацамыдтой, уый, ӕмӕ 1884 азы ӕрцыд Рукъмӕ, уыцы заманы номдзыд адӕмон зарӕггӕнӕг Томайты Бибомӕ. Сӕдӕаздзыд Бибо йӕ кадджытӕ кодта дыууадӕстӕнон фӕндырыл цӕгъдгӕйӕ. Уыцы музыкалон инструментыл цыд ӕртӕ ӕнусӕй фылдӕр, Бибойы фыдӕлтӕ йӕ сӕ тудджынтӕй райстой туджы аргъмӕ.

Дзӕрӕхы кой ӕнӕхъӕн Ирыстоны кӕмттыл куы айхъуыст, уӕд ӕй фӕйнӕрдыгӕй райдыдтой сӕхимӕ хонын, фӕлӕ саугуырм лӕгӕн афтӕ ӕнцон нӕ уыд бӕлцуаты цӕуын.Уымӕ гӕсгӕ йын йӕ диссаджы кадджытӕ ӕмӕ зарджытӕм байхъусынмӕ адӕм цыдысты алы кӕмттӕй.

Дзагуырты Гуыбадыйӕн бантыст Дзӕрӕхы кадджытӕй цыдӕртӕ ныффыссын 1909-1916 азты. Дзӕрӕхы фӕрцы ирон дзыхӕйдзургӕ сфӕлдыстадыл цы 30 уникалон уацмысы бафтыд, уыдонӕй 12 сты нарты кадджытӕй.

Дзӕрӕх йӕ диссаджы дӕсныйад амыдта, йӕхийау саугуырм чи уыд, ахӕм сывӕллӕттӕн. Дзагуырты Гуыбады йӕм фыццаг хатт куы бацыд, уӕд ӕм баййӕфта Сечъынаты Нӕуӕджы – фӕстӕдӕр номдзыд каддӕгӕнӕг. Саулаты Дзӕрӕхӕй бирӕ кадджытӕ ӕмӕ зарджытӕ ныффыста Тугъанты Махарбег дӕр. Ныртӕккӕ Ирыстоны тынг зындгонд чи у, уыцы «Зӕдӕлескы Нана» дӕр Иры дзыллӕ базыдтой Дзӕрӕхы фӕрцы, ныффыста йӕ Тугъанты Махарбег 1894 азы.

 

Æртӕ ӕфсымӕры фысым

Ӕртӕ ӕфсымӕрӕн сӕ бӕхтӕ адавдӕуыд. Ӕфсымӕртӕ бӕхты фӕд-фӕд цӕугӕйӕ ӕлдары галуанмӕ бафтыдысты. Æлдар сӕ хорз суазӕг кодта, кусарт сын акодта. Се рбацыды сӕр цӕй фӕдыл у, уымӕй сӕ нӕма бафарста, афтӕмӕй сӕ схуыссын кодта, фӕлӕ йӕ фӕсдзӕуинӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй сӕм ӕхсӕвы сусӕгӕй байхъуса ӕмӕ базона, цы маргъы мыггаг сты, уый.  Æфсымӕртӕ ма хуысгӕуӕттӕй кӕрӕдзиимӕ ныхӕстӕ кӕнынц:

– Диссаг, ӕлдар мӕм сау лӕджы хуызӕн фӕкаст, – дзуры хистӕр.

– Мӕнмӕ гӕсгӕ та сӕ дзул марды тӕф кӕны, – загъта астӕуккаг.

– Цыма сӕ фыдызгъӕл куыдзы тӕф кӕны, афтӕ мӕм фӕкаст,- бадзырдта сӕм кӕстӕр ӕфсымӕр. Куы бафынӕй сты, уӕд фӕсдзӕуин ӕлдармӕ бацыд ӕмӕ йын ӕфсымӕрты ныхӕстӕ иууылдӕр рафӕзмыдта. Æлдар фӕдис кодта, смӕсты ӕмӕ йӕ мады фӕрсы:

– Мӕ мад, нӕ уазджытӕ мӕ сау лӕджы хуызӕн цӕмӕн хонынц?

Мад фӕтыхст, фӕлӕ ма цы акодтаид, уый нал зыдта ӕмӕ йын дзуры:

– Дӕ фыдӕн ма уыди номылус дӕр. Мӕнӕн чызджытӕ гуырди, уымӕн та – лӕппутӕ. Ды куы райгуырдтӕ, уыцы рӕстӕджы мӕнӕн та чызг райгуырди. Æмӕ уӕ баивтам…

– Æмӕ нӕ дзул та мӕрдон тӕф цӕмӕн кӕны?

– Уый та уымӕн афтӕ у ӕмӕ сыхаг хъӕуы мӕрддзыгой куы уыдтӕн, уӕд фӕстӕмӕ цӕугӕйӕ фӕсфӕндаг уӕны стӕгыл мӕнӕуы ӕфсиртӕ ауыдтон. Æвгъау мӕм фӕкастысты, рахастон сӕ ӕмӕ сӕ нӕ тауинагыл бакалдтон.

Æлдар ныр та фыййаумӕ басидт.

– Зӕгъ-ма, уазджытӕн цавӕр кусарт акодтай?

– Дӕ фыстӕй иу куы ныззади, уӕд амард. Уӕрыкк сидзӕрӕй баззади ӕмӕ дадта ногзад гадза куыдзы. Гъе, уыцы уӕрыкк аргӕвстам уазджытӕн.

Æлдар ныкатай кодта, адон фыдбылызы уазджытӕ куы сты, ӕз цӕрӕнбонты кӕй нӕ рахатыдтӕн, уыдӕттӕ иу ӕрбацыдӕй чи бафиппайдта, уыдонӕй сӕ бӕхты давд куыд бамбӕхсдзынӕн, зӕгъгӕ, ӕмӕ сын дыккаг бон сӕ бӕхтӕ радта, афтӕмӕй сӕ кадимӕ рафӕндараст кодта.

 

РАГОН-НЫРЫККОН ÆНÆФÆТДЖИÆГТÆ

*Марды чырыныл (табæтыл), марды цыртыл бадын, лæууын, æнцой йыл кæнын, исты сыл æвæрын. Афтид марды чырын (табæт) уæлгоммæ сæвæрын.

*Мард скъахын, йæ цырт ын сæфтауын. Марды дзаумæттæ, кæд мæрдджынты лæвар не сты, уæд сæ хи бакæнын кæнæ сæ искæмæн раттын.

*Мард адæймагæн фыдми бакæнын, маст дзы исын, ралгъитын æй, æлгъаг исты йын фæлдисын. Мардæн йæ кой кæнгæйæ, истæмæй йæ азымджын кæнгæйæ та зӕгъын хъӕуы: «мæрдты ма схъæрзæд».

*Марды фæстæ цæуæг мæрддзыгойæн сæ фæндаг алыг кæнын.

Удæгас адæймагæн кæнæ мардæн йæ уæлæдарæс, йæ чырын æмæ чырыны дзаумæттæй уæлдай (цалынмæ уæлæуыл ис, уæдмæ) йын исты фæлдисын (хæлар кæнын).

*Удхъуаг (сахъат) адæймагæн йæ сахъатдзинадыл бахудын, фидис ын æй бакæнын, маст дзы бауадзын, къух æм сисын.

*Балцы цæугæйæ, къæсæрыл фæстæмæ бахизын (кæд æнæ бахизгæ нæй уæд та хъуамӕ дзыхмæ исты схæссай – дон, хæринаг).

*Хæдзармæ бацæугæйæ кæнæ хæдзарæй рацæугæйæ, къæсæры сæрты къух исын – æгасцуай кæнын. Балцы цæуæгæн йæ къух райсын.

*Хæдзармæ (бинонтæм), кæд дзы нæлгоймаг цæрæг ис, уæд сылгоймаджы номæй бадзурын (хæдзармæ дзырдæуы кæстæр нæлгоймаджы номæй, уыцы кæстæр нæлгоймаг хæдзары ис, нæй, уый нæ хынцгæйæ).

 

 

Хъæлдзæг хабæрттæ

 

ХÆСТ КÆД ФÆУЫДЗÆНИС

Иу лӕджы хӕстмӕ акодтой. Куыддӕр ӕй сӕхимӕ фыстӕг фыссынмӕ равдӕлд, афтӕ ӕрбадт ӕмӕ йӕ фыдмӕ фыссы:

«Уым ма нӕ хъӕуы устыты афӕрс, ацы ӕнӕхайыры хӕст, дам, кӕд фӕуыдзӕнис…».

 

АЛЧИ ДÆР РАСТ У…

Иу лӕгӕн ӕртӕ чындзы уыди. Чындзытӕ йын сусӕгӕй сӕ кӕрӕдзийӕ хъаст кодтой: «Нӕ хицау, ай цы хабар у, хъӕдзары кусгӕ ӕмӕ змӕлгӕ ӕз кӕнын, хӕргӕ та мӕ файнустытӕ кӕнынц», – дзуры йын хистӕр чындз. «Раст зӕгъыс», – загъта йын хицау. Уӕд ӕм бацыд астӕуккаг чындз ӕмӕ йын уый дӕр дзуры хистӕр файнусты ныхӕстӕ. «Раст зӕгъыс», – загъта уымӕн дӕр  хицау. Ныр та йӕм кӕстӕр чындз бацыд ахӕм хъастимӕ. «Раст зӕгъыс», – загъта кӕстӕр чындзӕн дӕр хицау.

Æфсин хабар куы базыдта, уӕд балӕбурдта йӕ лӕгмӕ: «Де гӕр фӕкалай, нӕ йӕ ӕмбарыс, дӕ чындзытӕй алкӕй дӕр кӕй раст кӕныс, уымӕй сӕ кӕрӕдзийыл кӕй ардауыс?». «Ды дӕр раст зӕгъыс»,- йӕ сӕр разыйы тылд бакодта лӕг.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.