Скифаг гадзрахат

Скифтæ æппæт дунейыл хъуыстгонд уыдысты æрмæст  хъæбатырдзинадæй нæ, фæлæ се гъдæуттыл æнувыддзинад æмæ хæларзæрдæдзинадæй дæр. Таурæгъты баззад диссаджы хабар, иу скифаг йæ уацайраг æрдхорды куыд фервæзын кодта, уый тыххæй. Уацайраджы ссæрибар кæныны хыгъдмæ уый радта йæхи дыууæ цæсты.

Скифтæ никæмæн барстой се ’гъдæуттæ халын, гадзрахатæй сыл цæуын. Афтæмæй та сæ паддзах Скил куывта Бердзенты хуыцæуттæм æмæ сын  сусæгæй æххæст кодта се гъдæуттæ. Скифтæ уый куы базыдтой, уæд æй раппæрстой йæ къæлæтджынæй æмæ паддзахы бынаты æрбадын кодтой Скилæн йæхи æфсымæры. Скил лидзæг фæци. Ног паддзах æй аййæфта, æмæ, кæд йе фсымæр уыд, уæддæр æй амардта.

 

Сæрмæтты ус-паддзах

 Историйы фыд Геродот ахæм хабар ныууагъта: сæрмæттаг чызг мой нæ кæны, цалынмæ йын тохы быдыры лæг амарын бантыса, уæдмæ. Скодта сыл ахæм рæстæджытæ дæр, æппæт мыггаджы сæргъы-иу сылгоймæгтæ куы æрлæууыдысты. Сæ тæккæ номдзыддæр, дзырддзæугæдæр уыди массагетты ус-паддзах Томирис. Фæлæ рагон сæрмæтты ус-паддзæхтæй ирон адæммæ уæлдай популярондæр у Амагæ. Амагæ Сæрмæттæн паддзахиуæг кодта йæ мойы бæсты æмæ баххуыс кодта Херсонесæн, сахары цæрджытæ сæ хъаст куы бахастой скифты ныббырсты тыххæй, уæд. Сæрмæттаг ус-паддзах æхсæзссæдз хæстонимæ иу суткæйы дæргъы фæцыд дыууæссæдæ киллометры бæрц æмæ æнæнхъæлæджы февзæрд скифты æфсады уæлхъус. Амагæ амардта скифты паддзахы æмæ йын йæ бæсты паддзахиуæгад кæнын бакодта йæ фырты бар, йæ сыхæгты куыднæ хъыгдара, ахæм бардзырд ын ратгæйæ.(Гасынты Жоржы конд ныв

Сæрмæтты ус-паддзах Амагæ)

 

Кæсгон æлдары дурын

XVIII æнусы фыццаг æмбисы Кæсæджы цардис хъæздыг æмæ тыхджын æлдар Сари-Аслæнбег. Уыдис ын бирæнымæц æмæ хъомысджын æфсад. Йæ зæххытыл куыстой мингай хуымгæнджытæ. Фæлæ æлдары зæрдæмæ нæ цыдис, йæ хæстæг сыхæгтæ ир сæрибар кæй сты, уый. Сæрибардзинадæй уæлдай сæрыстыр уыди Доныфарсы хъæу. Æлдар сфæнд кодта уыцы хъæубæсты басæттын æмæ сыл хъалон сæвæрын. Фыццаг уал дыууæ галы барвыста иры хъомхизæнтæм. Уый бамбарын хъуыд афтæ, ома, æлдар йæхи нымайы Доныфарсы хицауыл. Фæлæ йын ир нæ ныббарстой. Аргæвстой æлдары галтæ æмæ куывд скодтой. Уæд Сари-Аслæнбег æрæмбырд кодта йæ хæстон адæмы æмæ сæ акодта Доныфарсмæ хæцынмæ.

Ир цæттæ уыдысты се ’рбацыдмæ. Зыдтой йæ, кæсгон æлдары æфсад сæ  нымæц æмæ хæстифтонгæй уыдонæй тыхджындæр кæй уыдысты, фæлæ æлдары æфсад хъæуы алфæмбылай куы рхъула кодта, уæд уыдон та бæрæгбон сарæзтой. Æхсæв-бонмæ фæкафыдысты Хъаныхъты Есейы мæсыджы сæр.

Йæ цыргъзонд æмæ æхсарæй номдзыд уыди Есе, Доныфарсы хъæу æй сæхицæн нымадтой сæрхъызойыл. Райсомæй раджы æлдар Сари-Аслæнбег йæхи æхсадта дæрддзæф быдыры. Бæрзонд мæсыджы цъуппæй Хъаныхъты рæстдзæвин Есе ныхъавыд æлдары дурынмæ æмæ йæ иунæг гæрахæй тæгæлтæ фæхауын кодта. Ахæм æнахуыр арæхстдзинадæй куыднæ фæтарстаид æлдар! Бамбæрста, ахæм хъомысджын æфсады æрхъулайы уæвгæйæ дæр йæ хъæлдзæгдзинад чи нæ уадзы, уыцы адæм æнцон басæттæн кæй не сты. Бамбæрста, ахæм рæстдзæвинтæ кæмæ ис, уыдонимæ схæцын тæссаг кæй у, уый.

Доныфарс сæрибарæй цæргæйæ баззадысты. Хъаныхъты Есейы хъыримаг та абон дæр зынаргъ хæзнайау æвæрд ис музейы.

 

Нарты эпосы æмбисæндтæй

*Уазæг Нæртон лæгмæ цæуы.

*Саг нартæн – адæг ласынæн.

*Ацæмæзы хуынд æмæ дæ Агуындæйы лæвар баййафæд!

*Нарт æрвон зынгæй равзæрдысты.

*Нæртон фысым тынгæрфыг вæййы.

*Сатанайы цонгæй æнтыд фæу!

*Се нтауæг Сатана, сæ кувæг – Уырызмæг.

*Нартæн æрдхæрæны куывд тыхæвзарæн æмæ æууæнкæн уыди.

*Нарты Уырызмæг зæгъ – æмæ цард цæуа, Сатана зæгъ – æмæ бæркад цæуа.

*Нарт гуыбыныл мард нæ уыдысты.

*Нарт Нарт уæд уыдысты, ронгæй бæрц куы зыдтой.

*Нартæн сæ арм арм уыди, сæ рард та кад уыди.

*Нартæ æххуысæн æххуыс уыдысты, хæстæн – хæст.

*Нарты ныхас лæгты ныхас уыд.

 

Хъæлдзæг хабæрттæ

 

«СУГ УÆ НÆ ХЪÆУЫ»

Иу хæдзармæ æмбисæхсæв бахъæрчындæуыд:

– Суг уæ нæ хъæуы?

– Фысымтæ дзурæгмæ адзырдтой:

– Нæ, нæ нæ хъæуы.

Райсомæй бинонтæ уынгмæ куы рахызтысты, уæд кæсынц æмæ сæ сугтæй  иу къæцæл дæр нал ис…

 

СÆРÆЙ КУСÆГ

Иу магуса лæгæн йæ удхæссæг уыдис кусын, бинонтæ-иу ын куы бауайдзæф кодтой, æнæхъуаджы цæмæн бадыс, зæгъгæ, уæд-иу сын уыцы сæрыстырæй загъта:

– Адæймаг хъуамæ сæрæй куса, сæрæй – къухæй куысты бæркад æмæ кад нæй.

Иу хатт та Джеоргуыбаты фæстæ нартхор тонынмæ нæ акуымдта, æмæ та кæмдæр дзæбæх ныххырхта. Хæдзармæ цæугæйæ иу ран йæхи нал баурæдта æмæ цъыфдзасты ныххауд. Йæ бон сыстын нал уыд, йæ сæр-иу æнæбары схъил кодта, фæлæ та-иу фæстæмæ цъыфдзасты йæ дзæхст фæцыдис. Уыцы рæстæджы хъæубæсты сылгоймæгтæ быдыры куыстæй æрбацæйздæхтысты. Лæджы афтæмæй куы ауыдтой, уæд ын йæ усы афарстой:

– Саубонылæй, уый дæ сæрыхицау цы ми кæны?

– Нæ йæ уынут, цы ми кæны? Уæртæ йæ сæрæй кусы.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.