Бурсамдзелийы таурæгъ

(Вариант)

Бурсамдзели уыд ирон паддзах æмæ йæ бинойнаг та хуынд Тамар. Цард бæрзонд хохы сæрыл. Адæм нырма дæр уыцы хох хонынц йæ номæй –  Бурсамдзели.

Иу заманы Бурсамдзелимæ уацары бахауд уæларвон рæсугъд стъалы Бонвæрнон. Паддзах ыл æргъæу чырыны дуар фидар сæхгæдта æмæ йæ æддæмæ нал уагъта, цæмæй йæ бæстæйы иудадзыг уыдаид хур, хъарм æмæ рæсугъддзинад.

Бурсамдзели йæ бæхрæгъæутты хизынмæ дардта дард Имереты зæххыл. Иу афон сæм бæрæггæнæг куы цыд, уæд йæ усæн карзæй ныффæдзæхста, чырыны дуар куы байгом кæна, уæд сæм кæй æнхъæлмæ кæсы бæстысæфт.

Фæндагыл Бурсамдзели бафæллад æмæ иу æнæзонгæ хъæуы кæйдæр хæдзармæ бацыд. Фысымты сылгоймаг ын йæ разы фынг авæрдта. Раст уыцы рæстæджы сæ сывæллон бæгъæмвадæй уынгмæ рахызт, фæлæ уайтагъд фæстæмæ фездæхт æмæ тарстгъуызæй йæ мадмæ дзуры:

– Нана, уæларвæй урс-урсид цыдæртæ хауы æмæ уазалы басыдтæн.

Бурсамдзели бамбæрста, йæ ус æм кæй нæ байхъуыста, Бонвæрнон кæй ссæрибар æмæ дзы ныр йæ маст кæй исы. Фестад фынгæй, абадт йæ бæхыл æмæ фæстæмæ фæцагайдта сæхи рдæм. Цалынмæ иу цæрæн бынатмæ хæццæ кодта, уæдмæ мит йæ бæхы уæрджыты онг схæццæ æмæ уыцы бынат схуыдта Сгуытæ. Цалынмæ дыккаг хъæумæ хæццæ кодта, уæдмæ мит схæццæ йæ бæхы уæнты онг æмæ уыцы бынат та схуыдта Он. Æртыккаг цæрæн бынатмæ куы бахæццæ, уæд йæ бæх цæуын нал фæрæзта, йæ уд систа æмæ къуыдырау æрфæлдæхт миты. Уыцы бынат та Бурсамдзели схуыдта Къуыдар.

Смæсты Бурсамдзели Хуыцаумæ æмæ Барастырмæ ацыд. Кæм цард, уыцы хохы сæрыл та фæзынд æнусон цъититæ æмæ абон дæр хæссы йæ ном.

Сахнад – фæндаджы рагон ном

Ирон адæмы дзыхæйдзургæ сфæлдыстады баззад ахæм историон хабæрттæ, кæцытæ æрхæццæ сты рагзамантæй абоны онг. Уыцы историон легендæтæй иу у Персаг сахы (шах) æфсады æрбабырст Ирыстонмæ. Уыцы заманы  Ирыстонæн нæ уыд паддзахаддзинад, нæ дæр æндæр искæй паддзахады сконды уыд. Историон таурæгътæм гæсгæ Персаг сахы æфсад Ирыстонмæ æрбабырста дыууæ рдыгæй. Иу къорд дзы æрбахызт Арвыкомы фæндагыл, иннæ къорд та – Мамысоны æфцæгыл. Арвыкомыл чи æрбахызт, уыцы æфсадмæ уыд уæрдæттæ, ома бæхтæ ифтыгъд кæуыл уыд, ахæм бричкæтæ. Фæлæ уыцы заманы Ирыстоны цæлхвæндæгтæ кæй нæма уыд, уымæ гæсгæ персæгтæн сæхи бахъуыд сæ бæхуæрдæттæн фæндæгтæ аразын. Къулбынæтты-иу сыджыт ракъахтой æмæ-иу æй æрнадтой.

Ирон адæм уыцы фæндæгты хуыдтой «сахнад» фæндаг кæнæ «цалхвæндаг».

Пораты мæсыг

Дзантиатæ сæхи уæздан мыггагыл нымадтой æмæ сфæнд кодтой Пораты мыггагы кæвдæсард мыггагыл нымайын. Поратæ сын нæ састысты æмæ  сæхицæн мæсыг амайын райдыдтой, фæлæ-иу бонæй цы самадтой, уый та-иу сын æхсæвы Дзантиатæ ныппырх кодтой. Уæд дзы сæ иу Гуыргъохъ афтæ зæгъы:

Пораты мæсыг

– Сымах бон амайгæ кæнут, æз та йæ æхсæв хъахъхъæнгæ кæндзынæн.

Афтæмæй сæ мæсыг амад фæцис æмæ дзы Гуыргъохъ æрбадт. Фæлæ иу бон цуаны куыд уыд, афтæ йын Дзантиатæ йæ мæсыг бацахстой, æрбадтысты дзы. Гуыргъохъ  дзæбидыры мардимæ хъæумæ куыд фæцæйхæццæ кодта, афтæ сæ ног чындз йæ размæ рацыд æмæ йын загъта, Дзантиатæ йын йæ мæсыг кæй бацахстой æмæ куыддæр бахæццæ уа, афтæ йæ кæй амардзысты. Гуыргъохъ дзæбидыры мард чындзмæ радта, йæхæдæг фæстæмæ аздæхт. Рæгътыл æрзылд, сусæгæй бахъуыззыд мæсыгмæ æввахс æмæ йæхицæн æхсæн бынат æрцæттæ кæнгæйæ Дзантиаты æхсын райдыдта. Нал сæ уагъта æддæмæ ракæсын, нæ дæр сын мидæмæ дон æмæ хæлц хæссын уагъта. Адæм æм лæгъзтæ кæнынмæ цыдысты, фæлæ йæхимæ æввахс никæй уагъта. Уæд ын Куырттаты комы иу æрдхорд цардис æмæ уымæ фервыстой. Уый æрцыд сæдæ барæгимæ, фæлæ уыдоны дæр йæхимæ хæстæг нæ бауагъта. Уæд æрдхорд йæ топп аппæрста æмæ Гуыргъохъæн дæр нал уыд æндæр гæнæн, уый дæр йæ топп аппæрста æмæ загъта:

– Хуыцау дæ ма сразы уæд, басастай мæ, куырттатаг.

Уæд адæм Дзантиатæн дыууæ галы аргæвдын кодтой æмæ сæ бафидауын кодтой, фæлæ Поратæ уæддæр нæ басастысты, не сразы сты кæвдæсарды ном хæссыныл.

Ирон арфæтæ

*Æвыд, æнæфыдбылыз у

*Байрай

*Дæ сæумæ хорз

*Дæ саутæ цинæй аив

*Дæ фæллой бирæ

*Зæрдæрухс у

*Зæры-зæронды бонтæм фæцæр

*Райсомы зæдты хорзæх дæ уæд

 *Рухс-рæсугъд цард фæкæн

 *Цæстырухсæй хайджын у

 *Фæрнджын, фæрнæйдзаг у

 *Хуыцауы хорзæх дæ уæд

*Бæркадарм у

*Сагау æнæниз у

*Цæсты сыг дæ макуы æркæлæд

*Дæ къахы ных дæр макуыуал сриссæд

 *Æвæсмон у

*Арсау хъамбулджын, каркау бæдулджын у

*Царды хурæй бафсæд

*Адæмы хорзæх дæ уæд

*Лæгъз фæндæгтыл цу

*Æмзæронд баут

*Рæстмиаг у

*Хур бонтæ дыл кæнæд

*Хæлар цард фæкæн

Хъæлдзæг хабæрттæ

КАРК ДАВДЖЫТÆ

Ирон æмæ кæсгон кæцæйдæр карк радавтой. Куы йæ сфыхтой, уæд кæсгон загъта:

       – Ацы карк нæ дыууæйæ кæй фаг уыдзæн, фæлтау æй нæ иу куы бахæра, уæд – хуыздæр, нæ иу уæддæр бафсæддзæн.

Уæд ирон афтæ зæгъы:

– Хорз, фæлæ йæ нæ дыууæйæ чи хъуамæ бахæра?

Кæсгон ахъуыды кодта æмæ зæгъы:

– Ахсæв нæ дыууæйæ хуыздæр фын чи фена, уый йæ бахæрæд.

Кæсгон куы бафынæй, уæд ирон карк райста æмæ йæ бахордта.

Райсом куы сыстадысты, уæд ирон кæсгоны фæрсы:

– Гъы, цы фын федтай?..

– Диссаджы фын федтон, диссаджы, – дзуры кæсгон. – Цыма мæм зæдтæ æртахтысты, систой мæ сæ базыртыл æмæ семæ сæ бадæн бынатмæ атахтæн.

– Федтон дæ, федтон семæ тæхгæ æмæ ахъуыды кодтон, зæгъын, фæстæмæ нал æрыздæхдзынæ æмæ карчы бахордтон, – загъта йын ирон.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.