Дзанӕгаты Амыраны цирхъ

Раджы заманы та иу хатт Хуссар Ирыстонмӕ ӕнӕнхъӕлӕджы  ныббырстой гуырдзиаг книӕзтӕ, амардтой бирӕ адӕм, басыгътой дзӕвгар хӕдзӕрттӕ. Гуырдзыйӕ сӕ маст райсыны фӕнд скодтой Æлгъуызаты мыггаджы хӕстон фӕсивӕд ӕмӕ фӕсидтысты ӕппӕт Ирыстоны адӕммӕ. Сӕ сидтмӕ гӕсгӕ Ручъы хъӕумӕ фӕдисы фӕцыдысты алы кӕмттӕй: Уӕладжыры комӕй, Куырттаты комӕй, Туалгомӕй – иу дзырдӕй, алы кӕмттӕй дӕр ӕмӕ ӕрӕмбырд сты Дзуарыбын.

Бирӕ фӕбыцӕу кодтой, гуырдзиаг тыхгӕнджытӕй сӕ маст райсыны охыл стӕрӕн разамынд чи хъуамӕ кӕна, уый тыххӕй. Куыдфӕстагмӕ ӕрынцадысты Джимарайы хъӕуккаг Дзанӕгаты Амыраныл. Хуссар Ирыстоны цъус нӕ уыд, хӕстон къордӕн разамынд кӕнын кӕуыл баууӕндыдаиккой, ахӕм хъӕбатыр хӕстонтӕ, фӕлӕ  Дзанӕгаты мыггаг уыдысты Æлгъуызаты мыггагӕй равзӕргӕ, уымӕй уӕлдай мыггаджы фыдӕл Дзана уыдис Ос-Бӕгъатыры комкоммӕ фӕдон, ома, уыд Алгъуызы фырт, кӕцы йӕхӕдӕг та уыдис Ос-Бӕгъатыры фырт. Иугӕр ахӕм хъуыдыйыл ӕрӕнцадысты, уӕд цалдӕр барӕджы арвыстой Джимарамӕ, сӕ фӕндон Амыранӕн фехъусын кӕныны охыл. Фӕлӕ Амыран уыцы рӕстӕджы хӕдзары нӕ разынд. Изӕры куы фӕзынд, уӕд ын йӕ мад ракодта барджыты хабар. Амыран йӕ бӕхӕй дӕр не рхызт, афтӕмӕй йӕ мадӕй ӕркуырдта фӕндаггӕгтӕ ӕмӕ фӕцагайдта барджыты фӕдыл. Баййӕфта сӕ Куырттаты ӕфцӕгыл ӕмӕ  иумӕ араст сты Рукъмӕ. Фӕндагыл амбӕлдысты дыууӕ дондзау чызгыл. Амыран сӕ дон ӕркуырдта. Чызджытӕ уыдысты тынг рӕсугъд ӕмӕ Амыран аскъуыддзаг кодта сӕ иуы ракурын, йӕ балцӕй куы раздӕха, уӕд. Фӕлӕ чызджытӕ сӕ цурӕй куы фӕхицӕн сты уӕд дзы иу аивӕй афтӕ бакодта:

– Куыд хорз, куыд рӕсугъд лӕппу у.

– О, фӕлӕ куыд тӕригъӕд у, иуцӕстон кӕй у, уый тыххӕй…

Амыранӕн чызджы ныхӕстӕ йӕ зӕрдӕ тынг бакъуырдтой ӕмӕ аскъуыддзаг кодта йӕ хӕстон балцӕй мауал ӕрыздӕхын… Æрхӕццӕ сты Рукъмӕ. Уым скодтой стыр куывд хӕстон балцы афӕндарасты охыл. Рагон ирон ӕгъдаумӕ гӕсгӕ Амыран ӕрлӕууыд нывондаг галы цармыл ӕмӕ скуывта Стыр Хуыцаумӕ, цӕмӕй йын йӕ цард нывондӕн айса сӕ уӕлахизы сӕраппонд ӕмӕ йӕ хӕстонтӕ иууылдӕр срӕгасӕй сӕмбӕлой сӕ хъӕдзӕрттыл. Æмӕ афтӕ дӕр рауад. Амыран фӕмард тохы быдыры, фӕлӕ йӕ хӕстонтӕ иууылдӕр сӕрӕгас ӕмӕ уӕлахизимӕ ӕрыздӕхтысты сӕ хӕдзӕрттӕм. Амыраны мард ӕрхастой Рукъмӕ ӕмӕ йын стыр кады хъуыддӕгтӕ фӕкодтой. Уыцы стӕримӕ баст цыдӕриддӕр дзаумӕттӕ уыд, уыдон бирӕ азты дӕргъы ӕфснайдӕй дардтой Хуссар Ирыстоны алы ӕмӕ алы хъӕуты. Уыдоны хсӕн сӕйраг уыдис Амыраны цирхъ. Уый бирӕ азты дӕргъы ӕвӕрд уыдис Сыбайы хъӕуы Сыгъзӕрин дзуары. Афӕдз-иу ӕй иу хатт систой йӕ кӕрддзӕмӕй, цӕмӕй сӕхи дзуарыл бафӕдзӕхсой, фӕлӕ-иу цирхъ фӕстӕмӕ кӕрддзӕмы нал куымдта, цалынмӕ-иу Сыгъзӕрин дзуары номыл кусарт акодтаиккой, уӕдмӕ.

 

Ирыстоны ӕрдзон ӕвӕрӕнтӕ

Хъæздыг у Ирыстоны зæхх алыхуызон згъæртæй (сыгъæрин, æвзист, зды, цинк). Уыдон къахыны куыст кодтой ирон адæмы фыдæлтæ: рагон хъобайнæгæ, скифтæ, сæрмæттæ æмæ алантæ. Адæмон таурæгъ куыд зæгъы, афтæмæй ирон легендарон балхон Ос-Бæгъатыр гуырдзиаг паддзах Вахтанг 1 рӕстӕджы Садоны æрзæткъахæнты къахта æвзист. Фæлæ йæ мæлæты фæстæ, йæ фыртты ‘хсæн тох куы райдыдта, уæд уыцы æвзисты гуырæны куыст æрлæууыд. Рагзаманты нӕм æвзист æмæ здыйы гуырæнтӕ кӕй уыд, ууыл дзурæг сты, Ирыстоны хæхты цы шахтæтæ баззад,уыдон. Сæ койыл арӕх ӕмбӕлæм нӕ ивгъуыд иртасджыты куыстыты æмæ ӕддагбӕстӕйаг бæлццæтты фыстыты. Стӕй нӕ материалон культурӕмӕ цы дзаумӕттӕ хауы, уыдон дӕр дзурӕг сты ууыл – ирон адæм рагæй кодтой зæххы, фосдарды куыст, ӕмӕ сæйраг хъæууонхæдзарадон кусæнгæрзты фæзындӕн ахæссæн ис аланты заманмæ, кæмдæрты ма ис ноджы раздæры дуджы кой дæр.  Ирон адæмы рагзаманты куыстытæй ахсджиагдæр уыд цуаны цæуын. Уыимæ баст у канд зынгæхсæн хæцæнгарзы фæзынд нæ, фæлæ топпыхос æмæ здыйæ нæмгуытæ аразыны хъуыддаг дӕр. Хæстон (тохы) мæсгуыты сисдзæфты конструкцитæм гæсгæ зæгъæн ис, æмæ ирон адæммæ зынгæхсæн хæцæнгарз уыд суанг XIVæнусы.

 

Ерцъойы цады сусӕг хицау

УАЦАМОНГÆ

Хуссар Ирыстоны ӕрдзон рӕсугъддзинӕдтӕй сӕ иу Ерцойы цады тыххӕй бирӕ легендӕтӕ баззад, дзӕвгар азты йын иртӕстой йӕ сусӕгдзинӕдтӕ алы ӕмӕ алы бӕстӕты ахуыргӕндтӕ. Цӕвиттон ацы цадӕн 5-6 азы иу хатт йӕ дон кӕдӕмдӕр ахъуызы ӕмӕ басур вӕййы. Иуӕй-иутӕ йӕ ӕмбарын кӕнынц, цыма цады бын ис лӕгӕттӕ, ӕндӕртӕ йӕ бӕттынц ӕндӕрпланетӕйон архайдимӕ. Фӕлӕ ирон адӕм уӕддӕр ӕууӕндынц рагон легендӕйыл. Уыцы легендӕмӕ гӕсгӕ Ерцъойы цады цур кӕддӕр цард хъӕздыг ӕмӕ тыхджын уӕйыг. Уый тыхӕй иста адӕмы фӕллой, цӕрын сӕ нӕ уагъта. Уӕд зӕххкусӕг адӕм бавдӕлдысты ӕмӕ йӕ цады наппӕрстой. Уӕйыгӕн йӕ мӕрдон буар нал разынд, фӕлӕ, дам, уӕдӕй фӕстӕмӕ кӕддӕр иу хатт йӕ уд райгас вӕййы ӕмӕ йӕ дойны иу саст бакӕны – цады дон баназы иууылдӕр.

 

Æмбисӕндтӕ-зондамонӕнтӕ дзырды тыххӕй

*Дзырд хъазинаг нæу.

*Алы ныхасæн дæр фæтк æмæ уавæр ис.

*Сæууон райсомы дзырд уадыл бады.

*Ныхас уадæй тагъддæр у, топпæй – тыхджындæр.

*Фароны ныхас ацы аз зæрдæмæ нал цæуы.

*Фæстаг ныхас фыццаг ныхасæн – къухбæттæн.

*Æргом ныхасæй чи тæрсы, уый йæхæдæг аххосджын у.

*Æргом ныхас хæлардзинад нæ халы.

*Адæймагæн йе сæфт дæр æмæ й’ амонд дæр йе ’взагыл баст сты.

*Дзырд халæг дæр у ’мæ аразæг дæр.

*Бæлвырд ныхасыл æууæнк и.

*Хорз ныхас мæрдтæй дӕр здахы.

*Къахы уæлфадмæ цы ныхас нæ хъуысы, уый хъаймæтмæ хъуысы.

 

 

Рагон-нырыккон æнæфæтджиæгтæ

*Кæд уавæр домы, уæддæр Хуыцауы æвастæй сылгоймагæн йæ къухмæ хæцæнгарз, фæрæт кæнæ цæвæг райсын.

*Æхсæвæры фæстæ (талынджы) бырæттæ кæнæ æхсæнтæ искæдæм акалын, айдæны кæсын, куыройы бынæй кæнæ йæ дæле дон исын.

*Ирон фынгыл æмæ арынгыл бадын, къахæй лæууын, æлгъаг кæнæ æндæр исты нæфæтчиæгтæ сыл æвæрын.

*Арынг афтидæй кæнæ æнæ ӕмбæрзæнæй уæлгоммæ ныууадзын.

*Кувæггаг хойраг æнцондæр лыг кæныны тыххæй йӕ бынаты зилын.

*Къутуйы, хордоны, къæбицы, гоны ’хситт кæнын, «нæй дзы», «афтид у» зæгъын.

*Тугхæстæг адæймагимæ æмкъайады цæдисы бацæуын – йемæ æмуатон ӕруын.

*Ныййарæджы маст æмæ тас бауадзын, зонгæ-зонын æй фæриссын кæнын, бахъуаджы сахат ын æххуыс ма бакæнын, йæ зæры бон æй æвæгæсæгæй ныууадзын.

*Саударæг уæвгæйæ, хъæлдзæгдзинæдты архайын, кафын, зарын, карз нуæзт нуазын, сылгоймагимæ (нæлгоймагимæ) æмуатон ӕруын.

 

 

Хъæлдзæг хабæрттæ

ЗИВӔГГӔНАГ ЧЫНДЗ

Иу хӕдзармӕ чындз ӕркодтой. Чындз ӕфсин ӕмӕ хицауы зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, цыдӕр сӕм зивӕггӕнаг ӕмӕ ӕнӕгъдау фӕкаст. Уӕд-иу райсом сфӕнд кодтой сӕ чындзы бафӕлварын. Кӕрты слӕууыдысты ӕмӕ кӕрӕдзиимӕ хъӕрӕй хыл кӕнынц. Сӕ хъӕлӕбамӕ чындз хӕдзарӕй рауад ӕмӕ сӕ фӕрсы, цӕуыл хыл кӕнынц, уымӕй.

– Ницӕуыл, дӕ рын бахӕрон, – фӕлмӕн хъӕлӕсӕй йӕм дзуры хицау. – Мӕнӕ де фсинимӕ быцӕу кӕнӕм: ӕз ын дзурын, ауадз мӕ ӕмӕ дон схӕссон, уый мын дзуры, нӕ, мӕхи мын ауадз ӕмӕ мӕхӕдӕг схӕссон, зӕгъгӕ.

– Æмӕ уый тыххӕй быцӕу кӕнын цӕмӕн хъӕуы? Нырма уӕ иу схӕссӕд дон, стӕй та – иннӕ, – загъта чындз ӕмӕ фӕстӕмӕ хӕдзармӕ бахызт

 

САУДЖЫНЫ НЫГӔД

Къуыдаргомы иу хъӕубӕстӕ сауджын сӕхимӕ ӕмгӕрон нӕ уагътой, сӕ мӕрдты ӕнӕ сауджыны аргъуыдӕй ныгӕдтой. Уӕд сӕм иу рӕстӕджы сауджынты хистӕр ӕрбалӕбурдта, хъӕубӕсты уайдзӕфты бын фӕкодта, стӕй сын карзӕй бафӕдзӕхста:

– Æз уын сауджын ӕрбарвитдзынӕн ӕмӕ дин куыд ӕххӕст кӕнат, абонӕй фӕстӕмӕ уӕ мӕрдты ӕнӕ сауджынӕй куыд нал ныгӕнат!

Æмӕ сӕм ӕрбарвыста сауджын. Уыцы рӕстӕджы хъӕуы иу зӕрон лӕг амард. Сауджын ыл саргъуыдта. Марды чырын ингӕны куы нывӕрдтой, уӕд ын йӕ фӕдыл сауджыны дӕр нывзылдтой.

– Цы ми кӕнут? – Хъӕр сӕм кӕны сауджын.

– Мах аххос нӕу, уӕ хистӕр нӕ бафӕдзӕхста, уӕ мӕрдты, дам, ӕнӕ сауджынӕй куыд нал ныгӕнат, – ныдзырдтой йӕм мард ныгӕнджытӕ.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.