Æрвылаз дæр нæм, фæззæджы тæккæ æмбисы, стыр Къостайы гуырæнбон уæлион дуне æндæргъуызон райдайы кæсын: цыма нæ цард йæ ивгъуыдæй абоны онг фæрухсдæр, цыма хур дæр æндæргъуызон райдыдта кæсын Ирыстоны хæхтыл, цыма бæрндзинад дæр æндæргъуызон райдыдтам æнкъарын…

Уымæн æмæ нæ царды рухс Къостайæ цæуы, кæд æй уæддæр æмæ уæддæр нæма бамбæрстам, Къостайы амынд фæндагæй нын фæиппæрдгæнæн кæй нæй, уæддæр. Дзуццаты Хадзы-Мураты загъдау: Къостайæ хуыздæр никæй радта Ирыстон æмæ Ирыстонæн Къостайæ хуыздæр ничи ма радта…

Йæ удгоймагон рæзтмæ фыццаг къахдзæфтæ хæхбæсты, Нары хъæуы акодта, ам райгуырдис йæ индивидуалондзинад, ам рæзт йæ эстетикон цæстæнгас аивадмæ, дунемæ, фæлæ мадæлон æвзагмæ арф уарзондзинад Ирыстонæй дард уæвгæйæ тынгдæр банкъардта. 1871 азы Къостайы радтой Стъараполы нæлгоймæгты гимназы цæттæгæнæн къласмæ. 1881 азы фæззæджы та ахуырмæ бацыд Бетъырбухы аивæдты академимæ. Хъубаны облæсты хицауад хохаг адæмтæй алыхуызон иварты фæдыл цы æхцатæ æмбырд кодтой, уыдонæй йын фыстой стипенди. 1884 азы йын хицауад стипенди нал бафыстой, уымæ гæсгæ аивæдты академи фæуын Къостайæн йæ бон нал бацис. Дыууæ азы ма цыдис академимæ хуымæтæджы хъусæгæй, фæлæ йæ 1885 азы уæддæр бахъуыдис йæ фыды хæдзармæ æрыздæхын, йæ ахуыр æххæстæй нæ фæцис, афтæмæй.  

Къоста – нæ удварны рухс, нæ  намысы  тырыса

Æрдзон курдиаты хицау поэты сфæлдыстадон уд агуырдта рæзты фадæттæ æмæ цæрынмæ ацыд Дзæуджыхъæумæ. Бирæ азты дæргъы  райгуырæн бæстæйæ дард кæй фæцард, уымæ гæсгæ йæ йæ уд æлвæста фыдыбæстæмæ, мадæлон æвзаг æмæ национ культурæмæ. Дзæуджыхъæуы фæцард æхсæз азмæ æввахс, фæлæ йæ алывæрсыг сфæлдыстадон гæнæнтæ равдисын йæ къухы кæронмæ нæ бафтыд. Фыста æмдзæвгæтæ, поэмæтæ – фылдæр уырыссаг æвзагыл.   

Куыста куыд нывгæнæг, афтæ дæр. Ныв кодта декорацитæ театрæн, арæзта литературон-музыкалон изæртæ. Йæ уырыссаг æвзагыл фыст уацмыстæ мыхуыр кодта газет «Северный кавказ»-ы. Газетты фæрстыл Къостайы ныхас уæрæхæй-уæрæхдæр фæндаг гæрста адæмы зæрдæмæ, фæлæ Лермонтовы номарынæн цы æмдзæвгæ ныффыста, уый цензурæ рухсмæ нæ рауагъта. Æрмæстдæр æй дæс азы фæстæ ныммыхуыр кодта, уый дæр фæсномыгæй. Цензурæйы реакци æмбæрстгонд уыд: ирон поэтæн Лермонтов уыдис «бæлиццаг сæрибары фидиуæг», «уæздан, хъомысджын тых». Уый адæмы растын кодтаид «стыр, рæстаг хъуыддагыл тохмæ». Уымæ гæсгæ йæ нæ уагътой йе ‘мдзæвгæ кæсын, Пятигорскы Лермонтовы цыртдзæвæн куы гом кодта, уæд дæр. Терчы зылды хицауы фæндонæй Къоста хаст æрцыд фондз азы æмгъуыдмæ, ирон чызджыты скъолайы сæрыл кæй сдзырдта, уый тыххæй. Нал ын уыд йæ райгуырæн Ирыстоны, йæ иубæстон адæмимæ цæрыны бар. 1891 азы июны мæйы Къоста араст Дзæуджыхъæуæй Лабæмæ, йæ зæронд фыдмæ. Уæд райдыдта, æвæццæгæн, йæ царды иууыл тыхстдæр æмæ уæззаудæр рæстæг. Æхсæнадон хъуыддагæй бынтондæр фæиппæрд, хауæггаг ссис йæ цард. Йæ зонындзинæдтæ æмæ йæ курдиат кæм равдыстаид, ахæм куыст кæныны фадат ын нал уыд.

Къоста – нæ удварны рухс, нæ намысы тырыса

1892 азы Къостайыл ноджы уæззаудæр цæфтæ сæмбæлд хъысмæтæй. Цæлыккаты Аннæ йын йæ минæвæртты раздæхта æнæ разыйы дзуаппимæ. Уыцы рæстæджы ма йыл сæмбæлд ноджы æвирхъаудæр хабар, йæ фыды мæлæт. «Мæ фыды мæлæт мын бынтон амардта мæ зæрдæ…æз мæхи банкъардтон бынтон иунæг ацы стыр дунейы…», – фыста Къоста Цæлыккаты Аннæмæ. 

1893-æм азы æрцыд Стъараполмæ æмæ кусын райдыдта газет «Северный Кавказ»-ы редакцийы. Фæкуыста дзы 1897-æм азмæ. Уыцы рæстæгæй  фылдæр никуы кодта сфæлдыстадон куыст æмæ æхсæнадон архайд. Уый фыста уырыссаг æвзагыл дæр æмæ ирон æвзагыл дæр, фæлæ йæ ирон уацмыстæн нæ уыд мыхуыры уадзыны фадат. Поэт бирæ куыста йæ ирон æмдзæвгæтыл æмæ йын фæстæдæр рацыдысты хицæн æмбырдгондæй, схуыдта йæ «Ирон фæндыр».

1897 азы фæрынчын, стджыты хæцгæ низ ыл фæзынд æмæ йын июлы мæйы Стъараполы операци скодтой. Операци хорз ацыд, фæлæ карз низыл нæ фæуæлахиз сты. Октябры мæйы ацыд Бетъырбухмæ æмæ уым ногæй дохтырты къухмæ бахауд. 25 ноябры йын скодтой тынг уæззау операци æмæ æхсæз мæйы дæргъы йæ хуыссæнæй нæ сыстад. Июны мæйы фæс-тæмæ æрыздæхт Ирыстонмæ æмæ дарддæр архайдта уæззау низы ныхмæ тох кæныныл. Къостайы цард æмæ сфæлдыстады тыххæй Абайты Васо афтæ дзырдта: «Къостайæн уыд йæхи Бенкендорф – инæлар Каханов». Уыцы провинциалон Бенкендорфы бардзырдæй Къоста фыццаг хатт хаст æрцыд Терчы зылдæй. 

1899 азы 26 майы Къоста уыд фæндагыл ног хасты бынатмæ. 1900 азы мартъийы мæйы æрыздæхт Кавказмæ æмæ ногæй райдыдта кусын Стъараполы, Пятигорскы æмæ Дзæуджыхъæуы периодикон мыхуыры. Йæ публицистикæ ноджы фæкарздæр. Раздæрæй фæактивондæр йе ‘хсæнадон архайд. Афтæ зынд, цыма райдыдта йе сфæлдыстады ног, ахъаззаг период, фæлæ йæ тыхтæ фаг нæ разындысты, йе ‘нæниздзинад бынтон кæй фæцудыдта, уый бæрæг уыд.

1901 азы æрыздæхт Дзæуджыхъæумæ, йæ фæнд уыд ам бæстон æрцæрын. Активонæй архайдта бынæттон культурон-рухсадон мадзæлтты. Ныв кодта, фыста уацтæ, дарддæр куыста йæ поэмæ «Хетæг»-ыл. Йæ фæнд уыд курдиатджын сабитæн аивадон скъола байгом кæнын, газет «Казбек»-ы редактор суæвын… Фæлæ йæ фæндтæ йæ къухы нал бафтыдысты. 1903 азы æнæхъæн зымæг арвыста рынчынæй, иунæгæй, æнæарт фатеры, æвæгæсæгæй. Мæгуыр æмæ тыхст уавæры уыд уæд Къоста. Афтæ мæгуыр уыд, царды фæрæзтæй афтæ сцух, æмæ-иу хатт йе ‘мбæлттæй куырдта æнахуыйæн къæбæры æхца. Сæрды йæм æрцыд йæ хо Уæлгъа æмæ йæ аласта йæхимæ. Æртæ азы ма фæцардис уым поэт, фæлæ сфæлдыстадон æмæ æхсæнадон куыстмæ бавналын йæ бон нал баци. Æмæ 1906 азы 19 мартъийы (1 апрелы) йæ куыстæй æрлæууыд стыр поэты зæрдæ.

Къостайæн йæ удæгасæй йе сфæлдыстады æмæ æхсæнадон куысты ахадындзинад бирæтæ не ‘мбæрстой. Æрмæстдæр йæ амæлæты фæстæ бамбæрстой кæронмæ ирон адæм, диссаджы курдиаты хицау, куырыхон æмæ лæджыхъæдджын уд кæмæн уыд, ахæм адæймагæй кæй фæцух сты, уый. 

Къоста æмдзæвгæтæ фыссын райдыдта скъолайы ма куы ахуыр кодта, уæд. Фыста ирон æвзагыл дæр æмæ уырыссаг æвзагыл дæр, фæлæ фæстæдæр, æрыгон лæппуйæ, фылдæр фыста уырыссагау. 

1885 азы Бетъырбухæй куы ‘рыздæхт, уæды рæстæг ын уыд зын æмæ тыхст. Фыдыбæстæмæ æрыздæхт ын цины хъуыддаг уыдаид, адæмы æфхæрд куы нæ феттаид, уæд. Мæгуырдзинад, æбардзинад, адæмæн сæ уд ныцъцъист кодта паддзахы администраци. Æппæт уыцы уавæртæ æнцой нæ лæвæрдтой поэтæн. Поэмæ «Фатимæ», «Тæрхоны раз», «Кæуæг айнæг», этнографион очерк «Особа» – ацы уацмыстæ се ‘ппæт дæр сты ирон адæмы царды ныхмæвæрддзинæдтыл фыст, ивгъуыд цард æвдисæг. Иннæтæй раздæр фыст æрцыд æмæ мыхуыры рацыд поэмæ «Фатимæ» (1889 аз).

Ивгъуыдыл сагъæсгæнгæйæ, Къостайæн йæ хъуыдытæ кæддæриддæр уыдысты бæлвырд, кæрæдзийыл баст. Уый зыдта, адæмы ивгъуыд, абон æмæ фидæн кæрæдзийыл æмбаст кæй сты. Уый æмбæрста, адæмы ивгъуыды кæй нæ уыд сæрибардзинад, уый уыд йæ сагъæсы сæр, ууыл дзырдта уæлдæр ранымад уацмысты.

Поэт дзырдта, хохæгты сæрыл йæ бон цы уыд, уымæй: поэтикон ныхасæй, публицистикон уацтæй, фыста официалон инстанцитæм æмæ афтæ дарддæр. Фæлæ иууыл ирддæрæй уæды царды æцæгдзинад равдыста сатирикон поэзийы, фыццаджыдæр, поэмæ «Кому живется весело»-йы.

Йæ лирикон поэзийы дæр цъус нæй сатирикон мотивтæ. Æцæг йæ худыны сæр уыдысты чиновниктæ нæ, фæлæ тохгæнæг мещанты психологион гыццыл дуне æмæ удыхъæд. Поэт уыдоны идеалтæ æмæ царды уагы ныхмæ æвæрдта амонд. 

Адæмы темæ у Къостайы сфæлдыстады астæумагъз, уый уæрæхæй зыны йæ поэмæты. Уыцы темæйыл фыст сты цалдæр æмдзæвгæйы уырыссаг æвзагыл дæр. Фæлæ æппæты ирддæрæй адæмы цард, адæмы хъысмæт æвдыст цæуы «Ирон фæндыр»-ы. 

«Ирон фæндыр» у, Къоста ирон æвзагыл цы æмдзæвгæтæ ныффыста, уыдон æмбырдгонд. Фыста йæ цæргæ-цæрæнбонты. Ацы чиныгмæ бацыдысты, 1885 азы сæрдæй йе сфæлдыстадон фæндаджы кæронмæ цы уацмыстæ ныффыста, уыдон. Фыст цыдысты алы азты. Кæм сæ мыхуыр кодтаид, уый нæ уыд. Ирыстоны уæды дуджы нæ уыд периодикон мыхуыр. Æмдзæвгæтæй бирæтæ адæмон зарджыты хуызы хæццæ кодтой адæммæ. Азтæ цыдысты, поэтмæ уыд йе ‘мдзæвгæтæ хицæн чиныгæй рауадзыны фæнд. Фæлæ æрмæст 1898 азы 3 сентябры фæзынд фыццаг сыгъдæг къухфыст ахæм сæргондимæ: «Зæрдæйы сагъæстæ, зарджытæ, кадджытæ, æмбисæндтæ». 

1899 азы майы мæйы фæзынд «Ирон фæндыр». Уый уыд диссаджы цау, стыр уыдис йæ ахадындзинад ирон национ культурæйы историйы. Ирон профес-сионалон поэзийæн адæм стыр аргъ скодтой æмæ ссис нацийы монон царды зынгæдæр фæзынд. 

Къоста йæ уацмыстæ адих кодта æртæ тематикон къордыл: лирикæ, баснитæ æмæ æмдзæвгæтæй фыст аргъæуттæ, сывæллæттæн æмæ сывæллæттыл фыст æмдзæвгæтæ. Сывæллæттæн æмæ сы-вæллæттыл фыст æмдзæвгæтæ фыццаг рауадзынмæ хъавыд хицæн чиныгæй, «Мæ лæвар Иры сабитæн», зæгъгæ, ахæм номимæ. 

Кæй зæгъын æй хъæуы, ирон адæммæ Къостайы размæ дæр уыд хъæздыг адæмон поэзи. Уый размæ ирон æвзагыл фыст æрцыдысты Мамсыраты Темырболаты æмдзæвгæтæ, фæлæ Къоста уыдонимæ нæ базонгæ. Уымæ гæсгæ Къостайæн йæхи бахъуыд националон профессионалон поэзийæн бындур æвæрыны сæр. Уырыссаг литературæ йын уыд фæзминаг, ирон адæмон поэзи дæр уыд æнусон традицитæй æххæст, уымæ гæсгæ уый йæ аивады лæмбынæг йæ хъус дардта дыууæ традицимæ дæр. Къоста ирон адæмон поэзи систа дунейы хуыздæр литературæты æмвæзадмæ. Сæйраджы сæйраг – йæ раттæг адæмæн уæрæх фæндаг байгом кодта рухс фидæнмæ. Æмæ нын ныууагъта кæрæдзи уарзыны фæдзæхст…

 Уыцы æвæджиауы фæдзæхст искуы уæддæр куыд сæххæст кæнæм, ахæм арфæ нын бауарзæд, Къостайы хуызæн гуырд раттын нын кæй цæст бауарзта, уыцы Дунесфæлдисæджы цæст!

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.