Алы ирон лæгæн дæр йæ царды сæйрагдæр нысан æмæ æхсæнадон хæс у йæ райгуырæн Ирыстон, йæ иубæстон адæм æмæ йæ фыдæлты фарн бахъахъхъæнын, сæ кад, сæ намыс сын дæлæмæ ма уадзын, бахъуаджы сахат сын йæ цард ма бавгъау кæнын. Уый у, фыдæлтæй чи баззад, уыцы уаз фæтк æмæ, фыдæй фыртмæ чи цæуы, уыцы ныстуан. «Райгуырæн бæстæйæн йæ дуртæ дæр рæсугъд сты», «Дæ цард дæ цæсты куы сæгад уа, уæд-иу æндæр бæстæтыл æрзил» – загътой-иу нæ куырыхон фыдæлтæ. Райгуырæн бæстæйы кæрдзыны къæ-бæр хæлардæр æмæ хъазардæр у æцæгæлон бæстæйы гуыдынæй.  

Ирон уæвгæйæ, кæмдæриддæр у, цавæрфæнды адæмы æхсæн цæр, цыфæнды царды уавæртæ дын уæд, дæ алыварс уæвæг адæмæй хъуамæ бæрæг дарай Ирыстон æмæ дæ иубæстон адæмы æгæрон уарзтæй уарзынæй æмæ бахъуаджы сахат уыдон сæраппонд мæлæт-дзаг тохмæ цæттæ уæвынæй, ирон уæздандзинадæй, зонындзинæдтæй, фæллой кæнынæй, ныфс æмæ æхсарæй. Хъуамæ дæ алыварс уæвæг адæм дæуыл сæ зæрдæ дарой, хъуамæ æууæндой, бахъуаджы сахат сæ фарсмæ сæрхъуызойы бынат кæй бацахсдзынæ, ууыл. 

Кæй ранымадтам, уыцы æвæджиауы миниуджытæ алы иронæн дæр хъуамæ йæ туджы æмæ йе уæнджы бацæуой йæ мады æхсыримæ. Ацы миниуджытæ цы адæймаджы удыхъæды ныффидар вæййынц, æр-мæстдæр уымæн ис йæхи сæрыстырæй Ирон хоныны бар.  

Кæддæриддæр зæрдыл дарын хъæуы: йæ райгуырæн бæстæйы чи нæ уарзы, уый æцæгæлон бæстæ никуы бауарздзæн, йæхи адæмыхатт кадджын кæмæ нæу, уый æндæр адæмы бæрзонд никуы скæндзæн, йæ фыдæлты фарн æмæ æгъдæуттæ чи ницæмæ дары, уый йæ райгуырæн бæстæн æцæгæлон у.

Ирон уæвгæйæ тохы быдырæй ралидзæг, тæппуддзинад равдисæг, хи цард раттыны бæсты искæйы цард тæссаг уавæрмæ кæнæ мæ-лæтмæ раттæг, иубæстон адæмыл кæнæ рæстæй æндæр искæуыл цъыфкалæг, гадзрахатæй рацæуæг, ирон ардбахæрды сæрты ахизæг, ныййарæджы тæригъæды бацæуæг адæмы ‘хсæн цæрыны аккаг нæу. Ахæмты нæ куырыхон фыдæлтæ куыдзæппарæнæй æппæрстой æмæ сын сæ мæрдтæ иумæйаг уæл-мæрдты нæ ныгæдтой. Ахæм адæймаг канд йæхæдæг нæ хæссы худинаджы æмæ фыдгæнæджы гакк, фæлæ ма æгады бынатмæ тæры йæ бинонты,  йæ  мыггаджы æмæ йæ дзыллæйы.

Ирон адæммæ хъæбатыры ном никуы хаста æмæ нæ хæссы, адæмы цæстмæ чи архайы, мæнæ мæ феной æмæ мæ раппæлой, зæгъгæ, уый. Æцæг хъæбатыр уый вæййы, никуы йæ ничи базондзæн æмæ дзы никуы ничи раппæлдзæн, уый чи фæзоны, афтæмæй хъæбатырдзинад чи равдисы, мæлæтдзаг тохы бацæугæйæ.

Кæд дæ райгуырæн бæстæйы сæраппонд тохы бацыдтæ, уæд дæ зæрдыл дар, знаджы ды куы нæ амарай, уæд æй ничи амардзæн, фæлæ уый дæу амардзæн.

Цыфæнды фыдуавæры – цъысымы куы бахауай, уæддæр дæ уд аирвæзайы кæнæ дæхи æхцондзинады охыл дæ сæрмæ æнæфсармдзинад макуы æрхæсс, дæ цæсгом макуы ауæй кæн. 

Фыдыуæзæг,  райгуырæн бæстæ æмæ иубæстон адæмы хъахъ-хъæнын, йæ кад, йæ намыс ын бæрзонд хæссын алкæд хæсты быдыры æмæ хæцæнгарзæй нæ фæхъæуы, фæлæ фылдæр хатт адæймаджы æрвылбоны удвæллойæ, бæрзонд аивад æмæ культурæйæ, ома иубæстон адæмæн сæ цæсгом равдисынæй.

Алы адæмыхатт дæр дунейы ин-нæ адæмты ‘хсæн бæрæг дары æмæ йæ ном бæрзонд хæссы йæ национ культурæ æмæ аивады руаджы, йæ удварны хæзнатæй, йæ национ хорз æгъдæуттæй. Махæн – ирон адæмæн – нæ фыдæлтæ æнусты дæргъы кæй сфæлдыстой æмæ сæ уæззау царды фæлтæрæнты кæй бахсыстой, уыцы удварны хæзнатæ сты нæ нацийы абоны намыс æмæ сæрыстырдзинад. Фыдæлтæ уыдон бындурыл хъомыладон куыст ахæм бæрзонд æмвæзадмæ систой, æмæ абон дæр мах дисы ‘фтауынц сæ æвæджиауы дидактикон принциптæ æмæ мадзæлттæй, уæлдайдæр та уыцы хъомылады фæрнæйдзаг фæстиуджытæй. Уыцы удварны хæзнаты руаджы фæлтæрæй фæлтæрмæ Иры дзыллæйы ‘хсæн фидар кодтой уæздандзинад, æхсар, адæймагдзинад æмæ æндæр бирæ хорз миниуджытæ, дунейы дисы чи – æфтыдта, ахæмтæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.