Бурсамдзели æмæ уæларвон стъалы

Ирыстонæн йæ хуссар хайы æрдзон фидыцты сæйрагдæрыл банымайæн ис Бурхохы, кæцы раздæр хуынд Хурбадæн хох, фæстаг фæлтæртæ та йæ фылдæр зонынц Бурсамдзелийæ. Фæлæ иустæмтæй дарддæр ничи зоны, Бурхох кæй у табуйаг хох, кæй æмбæхсы бирæ сусæгдзинæдтæ.

Ацы хохимæ баст таурæгътæ цалдæр æмæ алыгъуызæттæ сты, фæлæ уал дзы рæгъмæ хæссæм, æнудæсæм æнусы зындгонд ахуыргонд Кох кæй ныффыста, уыцы таурæгъ.

Цæвиттон, раджы кæддæр Бурсамдзелийы хохы алыварс уыд дардыл дидинæгджын быдыртæ æмæ диссаджы дыргъдæттæ. Хохы сæрыл бæрзонд аив галуаны цард Иры паддзах. Йæ галуаны цы хæзнадон уыд, уый йемыдзаг уыд алыгъуызон хъæздыгдзинадæй: сыгъзæрин зæгъай, налхъуыт-налмас… Фæлæ уыцы хæзнаты æхсæн иууыл зынаргъдæрыл нымад цыд Хуыцауы æвæжджиауы лæвар – уæларвон стъалы. Уыцы стъалы Хуыцау йæ уарзон ирон адæмæн радта ахæм фæдзæхстимæ: цалынмæ йæ хъахъхъæнат, уæдмæ амондджын, æвæлмас цард кæндзыстут. Æмæ йæ Иры паддзæхтæ дæр фæлтæрæй-фæлтæрмæ хъахъхъæдтой зæрдиагæй. Бафснайдтой йæ хæзнадоны æмæ йæ уым дуарæхгæдæй дардтой. Афтæмæй мин азы дæргъы уыцы бæстæйы уыд амондджын, сыгъзæрин дуг. Хур йæ фæлмæн тынтæй рæвдыдта адæмы, уазал цы у, уый нæ зыдтой.

Уæд иу заманы паддзахы кæдæмдæр балцы цæуын бахъуыд. Фæсидт, йæ лæггадгæнджытæй иууыл фылдæр кæуыл æууæндыд, уымæ æмæ йæ бафæдзæхста, цæмæй ма бавнала хæзнадоны дуары дæгъæлмæ, мацæй тыххæй йын бакæна йæ дуар. Фæлæ паддзах куыддæр галуанæй рахызт, афтæ лæггадгæнæг дæгъæл райста æмæ хæзнадоны дуар бакодта. Уайтагъд стъалы хæзнадонæй ратахт æмæ фестад æгæрон арвы кæрон. Уый уыд стъалы Бонвæрнон. Куыддæр уæларвæй ныррухс кодта, афтæ зæххмæ хауын райдыдтой уæззау миты тъыфылтæ. Мит уарыд æмæ уарыд, йæ быны фæкодта Бурхохы бæрзонд æмæ Иры паддзахы галуан.

Фæлæ уыцы таурæгъы куыд дзырдæуы, афтæмæй та, дам, кæддæр хъуамæ ногæй æрлæууа амондджын дуг æмæ та уæд æнусон цъититы бын раргом уыдзысты табуйаг Бурхохы æвæджиауы хæзнатæ.

Бургъустаны зарæг

Æрæджы нæ газеты фыстам 1920 азы ирон адæмы геноциды рæстæджы Хуссар Ирыстон арты куы сыгъдис, уæд ын йæ хæстон фæсивæды та Бургъустанмæ кæй арвыстой æмæ сæ уым мæнгардæй кæй ныццæгъдын кодтой, уый тыххæй. Уыцы сайдвæстаг фæсивæдыл ирон адæм скодтой зарæг. Кæцы аз, уый бæрæг нæу, фæлæ фыццаг хатт мыхуыр æрцыд 1938 азы журнал «Фидиуæг»-ы

Уой, Ирыстоны фæсивæд.

Ирыстоны хъæбатыр фæсивæд

Ызнагимæ хæсты быдыры

Хъæбатыр тох куы самадтой!

Æцæг хъæбатыр тох самадтой

Хуссар Ирыстоны фæсивæд.

Уой, Бургъустаны быдырты

Нæ фæсивæд куы базарынц:

«Уой, мах, дам, æфхæрд адæмæн

Сæрибар цард раттыны тыххæй,

Уой, æмæ нæ удтæ мæфлæтмæ,

Æцæг мæлæтмæ ратдзыстæм!»

Уой, хъæбатыр куы стут, Хуссары фæсивæд!

Уой, уæд дын хæсты быдыры

Хъæбатыр, удуæлдай фæсивæды,

Уой, цавæрдæр мæнгард лæг,

Уой æмæ адæмы фыдызнæгтæн

Мæнгард уæй куы ракодта.

Уой æмæ сыл æнæнхъæлæджы

Фыдызнаджы фыд нæмгуытæ,

Ихуарæгау куы ныккодтой.

Ирон фынгæгъдауы фæткойтæй

— хæрд æмæ нозтæй бæрц зон, фынгмæ уæздан æвнæлд кæн, тагъд ма кæн, стыр комдзæгтæй, гуымрусæй ма хæр;

— фынгыл цы хæринаджы хæйттæ ис, уыдон равзар-бавзар ма кæн, дæхимæ хæстæгдæр цы хæйттæ сты, уыдонæй ис;

— ирон чъирийы хай йæ цъуппæй хæрын райдайын аив нæу, фыццаг уал ын йæ рахиз фарсæй иучысыл ратон (радих кæн);

— дæ дзыхы цалынмæ комдзаг ис, уæдмæ ныхас ма кæн;

— дæ уидыг, дæ саджилæг æмæ де ‘нгуылдзтæ ма сдæр;

— дæ уæлдæйттæ æмæ дæ хæрæнтæ дæхи раз уадз, дæ тæбæгъы сæ æвæр, зæхмæ сæ ма ‘ппар;

— æнæсæрфт къухтæй дзулмæ, агуывзæмæ кæнæ фынгæмбæрзæнмæ ма ‘внал;

— фынгыл цы хæрд, цы нозт нæй, уый æфсинтæй, лæггадгæнджытæй ма дом, уый æдзæсгомдзинад у;

— фынгыл дæ фарсмæбадæг адæмæй макæй мацæмæй тыхсын кæн;

— дæ дыстæй, дæ фæдджитæй дæ фарсмæ бадæджы ма бахъыгдар, цæхх, цывзы кæнæ æндæр исты ахæм дæм кæд фынгыл дæрддзæф у, уæд дæ сыхагæй ракур;

— дæ рæмбыныкъæдзтæй фынгыл ма ‘нцай, дæ иу къах иннæуыл ма ‘вæр, дæ бандоныл æмраст бад, дæ гуыр фæстæмæ æгæр ма уадз.

Дыууæ уазæджы

Аргъау

Стæгниз æмæ хæлуарæг иу хъæумæ бахаудысты æмæ кæрæдзийæн дзурынц:

– Цæй æмæ ам бахсæвиуат кæнæм.

Хæлуарæг бахсæвиуат кодта хъæздыг лæджы хæдзары, стæгниз та – мæгуыр лæджы. Райсомæй кæрæдзи фæрсынц, чи сæ куыд бахсæвиуат кодта, уымæй:

– Ехх, фыддæр ма цы хъуамæ уа! Æнæхъæн æхсæв уыцы рæсугъдвæлыст балкъоны тынтæ фæнывæстон, фæлæ райсом фысымты æххуырст балкъонмæ куы рахызт, уæд мын фехæлдта ме ‘хсæвы фыдæбон. Мæхæдæг дæр ахаудтæн æмæ мæ бæрзæй фæцæйсастон, – загъта хæлуарæг.

– Уæдæ мæныл дæр хуыздæр бон не ‘ркодта, – дзуры стæгниз. – Мæгуыр лæджы астæуыстæджы æрæхсæвиуат кодтон, уый стыр арт бандзæрста, йæ фæсонтæ уыцы артмæ сыздæхта æмæ мæ фæрстæ басыгъдысты… Цæй æмæ ахсæв нæ бынæттæ баивæм, – зæгъы стæгниз.

 Сразы йæ фæндоныл хæлуарæг. Стæгниз æхсæвы æрынцад хъæздыг лæджы бæрзæйы, уый йæ бæрзæйы бын бакодта фæлмæн зæлдаг базтæ. Стæгниз ноджы арфдæр абырыд, цæмæ бæллыд – уый!

Хæлуарæг æнæхъæн æхсæв мæгуыр лæджы хæдзары цар æмæ къултыл тынтæ фæнывæста, зыхъыртæ нал зындысты хæлуарæджы тынæй.

– Дæ хорзæхæй, фæбæзджындæр кæн дæ тын, цæмæй мæм уазал афтæ тынг ма цæуа,- дзуры йæм мæгуыр лæг.

Хъæздыг лæг бынтондæр ныкъæдз, ныгуыбыр, мæгуыр лæг йæхицæн хъарм хæдзары йæ зымæгон æхсæвтæ æрвыста.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.