ЗЫЛДЫ МӔСЫГ

Ирыстоны хуссар хайы цы рагон архитеткурон цыртдзӕвӕнтӕ ис, уыдоны зындгонддӕртӕй иу у «Зылды мæсыг». Уый ис Урс-Туалты. Ацы хъахъхъӕнӕн фидары-иу сӕхи бааууон кодтой ӕнӕхъӕн комбӕсты цӕрджытӕ, знаг-иу сӕм куы ныббырста, уӕд. Иуӕй-иуты хъуыдымӕ гӕсгӕ ацы мӕсыг афтӕ хуыйны йӕ арӕзт, йӕ формӕмӕ гӕсгӕ, ома, зылдгонд (зиллакгонд) кӕй у, уымӕн, фӕлӕ, ӕвӕццӕгӕн, растдӕр уыдзысты, йӕ ном ын ӕхсӕнадон-бынатон нысаниуӕгимӕ чи бӕтты, уыдон – ома ӕнӕхъӕн зылдӕн (округӕн) иумӕйаг мӕсыг. Цӕмӕй, йӕ диаметр 30 метры бӕрц кӕмӕн уыд, йӕ къулты дӕргъ та – 200 метры бӕрц, уыцы фидар ӕмбӕлон хъахъхъӕнынадӕй ифтонг ӕрцыдаид, уый тыххӕй хъуыд ӕппынкъаддӕр сӕдӕ хӕстоны, ӕмӕ уый бӕрц хӕстхъом лӕджы та нӕ дӕр йӕ алфӕмблай хъӕутӕй искӕцыйы, нӕ дӕр ӕнӕхъӕн комбӕсты равзӕрдаид.Уымӕ гӕсгӕ афтӕ зӕгъӕн ис, ацы фидар иумӕйаг кӕй уыдаид ӕрмӕст иу хъӕуӕн ӕмӕ комбӕстӕн нӕ, фӕлӕ ноджы фылдӕр хъӕутӕ ӕмӕ кӕмттӕн, ӕнӕхъӕн ӕхсӕнадӕн. Зылды мӕсыгӕн йӕ ахсджиагдӕр нысаниуӕг йӕ зынвадатдзинады кӕй ис, уый дӕр дзурӕг у ууыл, кӕй дзы пайда чындӕуыд ӕрмӕстдӕр экстренон уавӕрты, ӕддагон знӕгты уӕрӕхмасштабон хӕстон ныббырстыты рӕстӕджы.

 

ДЗЫВГЪИСЫ ДЗУАР

Иу заманы Куырттаты комы уыдис стыр донивылд. Дон комы нарӕджы фехгӕдта ӕмӕ дзы стыр цад рӕзын райдыдта. Хъӕутӕ доны бын фесты. Иу хӕдзарӕй дон раласта, сывӕллон баст кӕм уыд, ахӕм авдӕн. Фӕдисон адӕм ӕм кӕсынц, фӕлӕ йын сӕ бон ницы у. Иу ран авдӕн йӕ бынаты цъилау зилын райдыдта, зӕхх цӕрдхуынкъ фӕцис ӕмӕ дон зӕххы бынмӕ афардӕг, авдӕн та уӕлейӕ баззад. Уӕд адӕм бавдӕлдысты ӕмӕ уыцы бынаты кувӕндон сарӕзтой, хонгӕ та йӕ скодтой Дзывгъисы дзуар.

 

Рагон ирон цардуаджы сӕйраг хуызтӕ

Ирон адæмы царды стыр ахадындзинад уыд хæдзарон æмæ æрмгуысты дзаумæттæн. Арӕхдӕр уыдысты, бынæттон хомагæй арӕзт чи цыд, уыдон. Уыдонмæ хауынц: сгæллад кæнын, цыхт ахсын, царв цӕгъдын, хъæдын дзаумæттæ аразын.

Ирон адæмы рагондæр куыстытæй иу уыд къуымбилы куыст кæнын.

Абайты Васойы хъуыдымæ гæсгæ сгæллад æмæ къуымбилы куыст кæнæн дзаумæттæй бирæты нæмттæ сты рагон ирайнаг. Революцийы агъоммæйы автортæ куыд зæгъынц, афтæмæй ирон сгæллад хицæн кодта йæ хæрзхъæддзинадæй, хъуыстгонд уыд æнæхъæн Кавказы.

Бæлвырд хигъæдон миниуджытæй хайджын уыдысты ирон адæмы хæдзæрттæ æмæ цæрæнуæттæ, сæ хъахъхъæнæн арæзтæдтæ æмæ материалон культурæйы æндæр цыртдзæвæнтæ. Уыдоны фæд ма абон дæр фенæн ис Ирыстоны хæхты, уым ма сты сæ кæлæддзæгтæ.

Иууыл рагондæр арæзтæдтыл Ирыстоны хæхты нымайæн ис мæсыг, гæнах æмæ галуан. Астæуккаг æнусы историк Вахушти Ирыстон хоны мæсгуыты æмæ фидæртты бæстæ, сæ бæрц бирæ кæй у, уый тыххæй. Ирон мæсгуытæ сыхаг адæмты мæсгуытæй хицæн кæнынц сæ æддаг бакастæй, сæ амады хуызæй. Уыдон дих кодтой æртæ хуызыл: цæстдарæн-хъахъхъæнæн, хæстон æмæ цæрæн.

 

 

Ирон музыкалон инструменттӕ

Этнографион æмæ археологон æрмæджытӕ иртасын нын фадат дæтты ирон аивад, хъобаны культурæ, скифты, сæрмæтты æмæ аланты культурæ кæрæдзийы кæй баивтой, уый зӕгъынæн. Ирон традицион музыкалон инструменттæ бирæ не сты æмæ сты сыхаг адæмты, уæлдайдæр та балхъайрæгты, адыгейæгты æмæ суанты музыкалон инструменттæм хæстæг. Уыдонæй алкæй равзæрд дæр цымыдисаг у. 17 æнусы 80-æм азтæм ирæттæм уыд уадындз, хъисын фæндыр æмæ дыууадæстæнон фæндыр. Уыдоныл цагътой æрмæстдæр нæлгоймæгтæ. Уыцы рæстæджы Ирыстонмæ Уæрæсейæ æрбафтыд дыууæрæнхъон фæндыр. Рæстæг куыд цыд, афтæ уый парахат кодта æмæ иннæ адæмон музыкалон инструменттæ йæ аууон аззадысты. Уыцы фæндырыл цагътой æрмæстдæр сылгоймæгтæ. Фæстæдæр нӕм Кæсæгæй æрбафтыдысты къæрцгæнæнтæ, Дагестанæй та – доули.

Зæгъæн ис, æмæ скифтæ-сæрмæттæ Кавказмæ цы фæндыр æрбахастой, уый парахат уыд алантæм дæр, уыдонæй та фæхæццæ ирæттæ æмæ балхъайрæгтæм. Ирон адæмы рагондӕр музыкалон инструменттæм ахæссæн ис уадындз. Нарты кадджыты уадындз у Ацæмæзы номимæ баст, уый-иу йæ уадындзы алæмæты зæлтæй райхъал кодта цæрæгойты æмæ зайæгойты дуне. Адæм уадындз нымадтой фыййæутты музыкалон инструментыл, арӕзтой йӕ   хъæзæй æмæ фæдæгъдæй . Йæ дæргъ уыд 50-70 см. Йæ уæллаг хайы-иу уыдис 3-5 хуынчъы.

 

Хистӕртӕй фехъусгӕ ныхӕстӕ:

*Лӕгӕн хъӕздыгдзинад ӕмӕ зонындзинад Хуыцау уый тыххӕй нӕ радта, цӕмӕй сӕ искӕй бахъыгдара.

*Саг йӕ родӕн афтӕ загъта: «Æз адӕмӕн сӕ уындмӕ бӕллын, уыдон та мӕ марынмӕ агурынц».

*Адӕм нӕ цы зӕгъдзысты, ууыл алы хатт дӕр ахъуыды кӕнӕм, фӕлӕ нӕ ӕфсарм цы зӕгъдзӕн, ууыл ахъуыды кӕнынмӕ нӕ никуы равдӕлы.

*Дзадджын фынгы уӕлхъус куы ӕрбадай, уӕд Хуыцауы ном ссарыны фӕстӕ мӕгуыр адӕмыл дӕр хъуамӕ ахъуыды кӕнай.

*Хуры аууон алчи дӕр бахаудзӕн, стӕй та йыл хур ракӕсдзӕн, фӕлӕ йӕ адӕмы аууон чи бахауа, ууыл хур никуыуал ракӕсдзӕн, цӕрӕнбонтӕм хъӕды халонау иунӕгӕй баззайдзӕн.

 

Хъæлдзæг хабæрттæ

УЫЙ ДӔР – СӔРХЪӔН

Иу куыстуаты хицауы йӕ бынатӕй систой. Гъемӕ йӕ кусӕн хатӕны йӕ дзаумӕттӕ хызынты куыд ӕфснайдта, афтӕ йӕ куы баййафид ӕфснайӕг, ацӕргӕ сылгоймаг.

– Мӕ бонылӕй, цы рцыд, цы хабар у, нӕ буц хицау?..

– Цы хабар хъуамӕ уа, мӕ куыстӕй мӕ систой ӕмӕ цӕуын, – бахъуыр-хъуыр кодта хицау.

– Уанцон нӕу, уанцон, се гӕр фӕкалой! – бахъынцъым кодта сылгоймаг. –  Æмӕ, дам, уӕд дӕ бынаты та чи кусдзӕн, дӕ бынаты?

– Чи кусдзӕн, – йӕ къухтӕ мӕсты тылд скодта хицау. – Иу сӕрхъӕны дзы баурӕдтой…

– Æллӕх, ӕллӕх, мӕ бон куыд бакалд, уый дӕр та – сӕрхъӕн!.. – ныккатай кодта ӕфснайӕг.

 

СӔХИРДӔМ

Иу лӕгӕн къӕрныхтӕ йӕ хӕдзар фӕхастой, йӕ къуымты йын ницыуал ныууагътой. Лӕг кӕрты астӕу сагъдау лӕууы, йӕ дзыхӕй сыбыртт нӕ хауы. Адӕм ӕм цӕуынц, йӕ къух ын исынц, ӕнкъардгъуыз ӕвдисынц.

Чи ӕрбацӕуы, уый та лӕгӕн йӕ къух райсгӕ афтӕ бакӕны:

– Омӕ дын ӕй чердӕм хастой, чердӕм?..

Иу ӕрбацӕуы, афтӕ, иннӕ ӕрбацӕуы – афтӕ, аннӕ ӕрбацӕуы, уый дӕр – афтӕ. Афтӕ суанг изӕрдалынгтӕм. Лӕгӕн йӕ бон уыцы-иу ныхас хъусын нал уыд ӕмӕ иу афон йӕ маст скалдта:

– Уӕ хорзӕхӕй, чердӕм ӕй хъуамӕ хастаиккой сӕхирдӕмы йедтӕмӕ?!.

 

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.