Талханты абырæг

Куыртатты комы ис Талханты мæсыг. Уый æрмæст йæ къултыл конд  цымыдисон нывæфтыдтæй нæу зындгонд, фæлæ йæ фæстаг хицау номдзыд абырæг Талханты Дзагойы хъæбатырдзинадæй. Дзаго уыд мæгуыр адæмы сæрылхæцæг, иста сын сæ маст æмæ уый адыл йæ фæстæ зылдысты пъæлицæ, йæ сæрмæ лæвæрдтой стыр æхцатæ дæр, фæлæ нæ æмæ не фтыд сæ къухы. Иу рæстæджы, бирæ хæтæнты фæстæ иу æхсæвыгон фæзынд йæ уæзæгмæ. Йæ сыхæгтæй йæ чидæр федта æмæ сæумæцъæхæй тæргæбæхыл ныммидæг Дзæуджыхъæумæ. Фехъусын кодта пæлицæйæн, Талханты абырæг кæй ис йæ мæсыгы æмæ сæ бон кæй бауыдзæн йе ‘рцахсын.

Дæс пъæлицæйаджы сæ бæхтыл сæргътæ авæрдтой æмæ сæ командиримæ фæдисы цыд акодтой Цымытъимæ. Мæсыгы алыварс æрхъула кодтой æмæ йыл алырдыгæй нызгъæлстой. Командир дзуры Дзагомæ, зæгъгæ, мах афтæ нал ацæудзыстæм, хъуамæ нæ къухы бафтай кæнæ мардæй, кæнæ удæгасæй æмæ дæхи ратт æнæ уæлдай  фыдæбонæй. Арты чи нæ сыгъд, доны чи нæ дæлдон кодта, уыцы хъæбатыр абырæг афтæ æнцонæй кæм сразы уыдаид йæхи раттыныл – уый нæ, фæ-лæ ма сæ райдыдта хынджылæг кæнын дæр. Дзуры пъæлицæйæгты хистæрмæ: «Сымах мæн нæ уынут æмæ уæ бон мæн амарын нæ бауыдзæн, æз та уæ иууылдæр уынын æмæ уын фенын кæндзынæн, куыд æнцонæй у мæ бон уæ ныццæгъдын, уый». Фехста æмæ пъæлицæйæгты хистæры рахис къухы амонæн æнгуылдз рæбыныл атæхын кодта. Дзуры сæм ногæй: «Сымахæн уæ бон у æхсат мæ иу бон, дыууæ, æртæ боны дæр, фæлæ уæ нæмгуытæ не сфаг уыдзысты, се ‘мбис сын мæсыгы дуртыл бахардз кодтат».

Куы æрталынг, уæд пъæлицæйæгтæ сæ хистæры къух бабастой æмæ бадынц, æнхъæлмæ кæсынц æрбабонмæ. Фæлæ сæ бон нæ бацис боны æрбалæудмæ æнхъæлмæ кæсын – сæ фæллад сыл æртæфст æмæ æрфынæй сты, йæ цæфæй хъæрзгæ бафынæй сæ командир дæр.

Дзаго йæ мæсыгæй рагæпп ласта æмæ уысммæ бæхы саргъыл февзæрд. Йæ бон уыд, йæхи бафснайдтаид, фæлæ йæ йæ сæрмæ нæ бахаста. Лидзыны бæсты  йæхи бæхы саргъæй æривæзта, æмæ пъæлицæйæгты командиры хъусы тæккæ цур дамбацайæ ныггæрах кодта. Пъæлицæйæгтæ иууылдæр фехъал сты. Абырæг сæм уæлбæхæй дзуры: «Мæнæн мæ бон уыд, алыгъдаин, фæлæ мæ фæнды, цæмæй уын бауырнын кæнон: дæс нæ, фæлæ ссæдз пъæлицæйаджы дæр кæй ницы ракæндзысты хæххон абырæгæн, кæд æмæ уый зона, кæй ницы сæ бауромдзæн. Гъемæ уæм æз лæгдзинадæй сидын цæсгомджын тохмæ. Кæд истыгар барджытæ стут, уæд – табуафси, раййафут мæ. Куыддæр мæ баййафат, афтæ мæ фехсут, удæгасæй уын мæхи нæ ратдзынæн». Æмæ йæ бæх фæцагайдта комырдæм, пъæлицæйæгтæ дæр – йæ фæдыл. Иу афон æрбахæцыд бæхы рохтыл, бæх йæ цыд куы фæсабырдæр кодта, уæд пъæлицæйæгтæ сцин кодтой, бафæллад, зæгъгæ, æмæ йæ ныртæккæ баййафдзыстæм. Дзаго бæх цæхгæр фæзылдта ивылд доны иннæ фарсмæ. Къæхтæ агъдæнцæйттæй ссæрибар кодта æмæ архъан сæхста, доны иннæ фарс уæлбыл цы иунæг наз бæлас уыд, уымæ, бæхы ауагъта йæхи бар, йæхæдæг иннæ фарсмæ схылд архъаныл æмæ къахвæндагыл фæтары. Пъæлицæйæгтæ æвиппайды æрцæугæ хабарæй афтæ фæсæццæ сты æмæ, хоры нæмгуытау, ныгæр-гæр кодтой ивылд цæугæдоны.

Дзуар курджытæ

Искæцы хъæуæй кæнæ комбæстæй-иу æндæр ранмæ исты аххосагæн цæрынмæ чи алыгъд, ахæм мыггаг, хъæубæстæ-иу сæхицæн ног хъæу, ома, ног цæрæнбынат  куы равзæрстой æмæ-иу дзы куы ‘рцардысты, уæд-иу сфæнд кодтой, сæ раздæры цæрæн бынаты цы зæдмæ куывтой, уый номыл ног кувæндон саразын, цæмæй сыл ауда, йæ кувæн бон ын нысан кæной сæ ног цæрæн бынаты. Уый тыххæй-иу æртæ дзырддзæугæ лæджы нывонд кусæрттагимæ арвыстой сæ раздæры хъæумæ. Дзуары бын-иу акодтой кусарт, скуывтой-иу æм, стæй-иу дзуары бынæй æрхъуын (дур, æндæр исты дзаума) ахастой сæ ног цæрæн бынатмæ.

УАЛДЗЫГОН КУЫВД  ЗАРÆГИМÆ

Быдыры зæдтæ!

Уалдзæг нæ хидкалгæйæ цы нæмыг аппарæм, уыдон фæззæг чындзæхсæвты æмæ куывдтæн куыд бахардз уой, уыцы арфæ ракæнут!

Хоры Уацилла,!

Хор ратт.

Фосы Фæлвæра!

Фос ратт.

Гъе, афтæмæй нæ кæстæртæ фæндæгтыл цæуынц æмæ уæлдæр Хъæбæрхохыл бадæг, фæлмæнзæрдæ Уастырджи! Нæ кæстæртæ де уазæг!

Уациллайы зарæг

Хоры уацилла, дæ хорзæхæй, уæ-уæй!

Уацилла нын хор дæтдзæни, уæ-уæй!

Фæлвæра нын фос дæтдзæни, уæ-уæй!

Уæлæ бæрзæндты бадгæ куы кæны, уæй.

Уæй, рирæ, Хоры уацилла, уæй!

Ракæс нæм, рафæлгæс, Хоры Уацилла, уæй!

Дæ хорзæх нæ уæд, Хоры уацилла!

Хор æмæ уæ цардæй Хуыцау бафсада!

Удæвдз

Уый у æнахуыр диссаджы уадындз – йæхигъæ-дæй чи цæгъды æмæ зары, ахæм. Нарты Уæрхæ-джы фырттыл Уæларвы куырд Куырдалæгон нæмттæ куы сæвæрдта – Æхсар æмæ Æхсæртæг, уæд ын номæвæрæджы лæвары хуызы балæвар кодта, йæ куырдадзы фæтыгæй, сыгъдæг болат æндонæй арæзт уадындз.

Удæвдз-иу Нартæ сæвæрдтой сæ фынгыл æмæ-иу сын райдыдта цæгъдын æмæ зарын:

«Айс æй, аназ æй, Хуыцауы хæларæй,

Айс æй, аназ æй, ронгы нуазæн!»

Намыс æмæ лæгдзинад  рагон ирон æмбисæндты

*Кад æмæ лæджыхъæд алкæмæн дæр йæ разы сты: æргуыбыр сæм кæн æмæ сæ сис.

*Барын хорз у, фæлæ æгæр барын та худинаг æмæ мæлæт у.

*Æхсары бын «уæуу, æна» нæй.

*Чысыл фæрæт стыр бæлас калы.

*Лæгау амæлынæн дæр æхсар хъæуы.

*Дæ тыхæй дæ ныфс фылдæр хъуамæ уа.

*Адæмæн дзуапп чи дæтты, уымæй тыхджын-дæр нæй.

*Адæмæн хорз раздзог цæугæ мæсыг у.

*«Ма тæрс» мæгуыр лæгæн ныфсы мæсыг у.

*Арт ахуыссы, кад – нæ.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.