Цы домдта Бичерахты инæлар Ирыстонæн?..

Махæй советон системæ бирæ цыдæртæ æмбæхста, бирæ цæуылдæрты нæ хъомыл кодта зыгъуымы рдæм. Суанг нын скъолайон ахуыргæнæн чингуытæй райдаугæйæ нæ историон гоймæгтæ дих кодтой дыууæ ныхмæлæууæг хайыл, кæнæ та, уæды сывæллæтты æвзагæй – «махуæттыл» æмæ «немыцæгтыл». Афтæ нын дзырдтой, фыстой æмæ амыдтой, Бичерахты дыууæ инæлар æфсымæры кæй уыдысты ирон адæмы, советон хицауады знæгтæ, кæд сæ иу, Георги, советон хицауады рæзтмæ чысыл хайбавæрд нæ бахаста, уæддæр. Уæлдай знагыл нымад цыд Лазæр, паддзахы æфсады инæлар. Фæлæ хатт историйы фыст сыфтæй адæмы мысæнуаты бæстондæр факттæ æмæ хабæрттæ баззайы…

Зынгæ ирон режиссер, театралон архайæг Хъайырты Владимир номдзыд революционер Рæмонты Хадзымæтмæ куыста цумайы лæппуйæ. Иу изæр Хадзымæтмæ уазæгуаты ссыд зынгæ революционер æмæ политикон архайæг Тæкоты Симон. Хъайыры фырт сын суадонæй цайданы дон куы рбахаста æмæ йæ куы бауæларт кодта, уæд ын Хадзымæт загъта, зæгъгæ ацу ныр æмæ баулæф. Чысыл лæппу фадатæй спайда кодта æмæ схызт, хæдзары фарсмæ цы сæрдыгон бал уыд, ууыл. Фысым æмæ уазæг бадтысты фæтæген цырагъы рухсмæ æмæ зæрдиаг ныхас кодтой ныллæг хъæлæсæй, фæлæ сæ ныхас гом рудзынгæй дзæбæх хъуыст цæхæрадонмæ. Симон Хадзымæтæн дзырдта, зæгъгæ, Бичерахты инæлар Лазæр фембæлд Ленинимæ. Ленин æй йæхæдæг фæхуыдта, уымæн æмæ зыдта, Лазæр æнæхъæн Кавказы кæй уыд дзырддзæугæ, нымад æдæймаг. Симон куыд загъта, афтæмæй Ленин Лазæры раз æрæвæрдта ахæм домæн, кæд советон цардарæзты фарс рахæца, уæд ын аккаг бынат кæй разындзæн уыцы ног цардарæзты. Фæлæ Лазæр Ленинæй æркуырдта æрмæстдæр иу хæрзиуæг, кæд Ирыстон цæдисон республикæ уыдзæн Мæздæгæй Душетмæ, уæд разы дæн, зæгъгæ. Фæлæ йын Ленин не сразы.

Астаздзыд лæппу уыцы изæр балтæ хæргæйæ цы фехъуыста, уыдæттæн сæ нысаниуæг бамбæрста, куы бахъомыл, уæд æмæ суанг Советон Цæдисы ныпырхы онг алы æмæ алы инстанциты домдта Лазæры ном среабилитаци кæнын.

Ирон фынгæвæрды дыууæ нысаниуæджы

Ирон адæмы зонды хурыскæсæн баст уыди хурыскастимæ, рухс æмæ Хуыцауы æндæр хорзæхтимæ. Гъе, уымæ гæсгæ-иу фынджы хистæр Хуыцау æмæ йæ дзуæрттæн табу кодта хурыскæсæны ’рдæм æргомздæхтæй. Иннæмæй та Хурыскæсæн уыди боны райдайæн, рухсы гуырæн. Ныгуылæн та нысан кодта хурныгуылд, бонрухсы кæрон.

Ацы æмбарынадтæ ма абарæм ирон хæдзары фынгæвæрды æгъдæуттимæ. Фыдæлтæй куыд баззад, афтæмæй ирæттæ сæ хæдзæрттæ арæзтой хурыскæсæны ’рдæм æргомздæхтæй. Уыдæттæ хуымæтæджы нæ уыдысты. Нæ рагфыдæлтæ сæ хæдзæрттæ афтæ уымæн арæзтой, цæмæй хæдзары  хистæры бынат уыдаид къæсæры акомкоммæ, хæдзары рæбындæр ран. Афтæмæй кувæгæн йе ргом уыдаид хурыскæсæны рдæм æмæ йæм зындаид хæдзармæ æрбахизæн дæр.

Фæлæ æппæт адæттыл иумæйагæй куы ахъуыды кæнæм, æндæр æгъдæуттæ æмæ сæ æмбарынадтимæ куы абарæм, уæд ма ныгуылæнæй хурыскæсæнырдæм бадынæн ис ноджы иу нысан: иугæр ныгуылæн ирон адæммæ нысан кодта боны фæуд, царды кæрон, уæд мæлæт дæр хъуамæ уыдаид куыдхистæрæй, ома куыдхистæрæй хъуамæ рабадой ныгуылæнæй хурыскæсæнырдæм…

Сау барæг

Æвæццæгæн зæдтæ æмæ бардуæгтæй ацы бардуагæй æнæзындгонддæр æмæ рохдæр никæцы у ныры дуджы. Уый у тар, æгæндæг хъæдты бардуаг, йæ цæрæн бынат дæр ис тархъæды сау лæгæты. Уый у, чидæриддæр сау хъуыддæгтæ аразы, уыдоны бардуаг дæр. Сау барæджы ардыдæй сау хъуыддæгтæм æмхиц фыдзæрдæтæ сæ тых æвзарынц хъæддзаутæ æмæ цуанæттыл, архайынц, исты фыдбылызты сæ ныппарыныл. Кувгæ дæр уыдон кæнынц Сау барæгмæ, курынц дзы сæ къухы фылдæр фыдбылызтæ ракæныны амонд.

Ирон æгъдæуттимæ баст бæрæгбонтæ Кæфты мæйы (Октябры)

Дзылаты бон / Тæтæртуппы Уастырджимæ кувæн бон, хæдзарæй искæдæм цæуæг бæлцæтты фæндарастгæнæг – октябры мæйы фыццаг хуыцаубоны;

Ичъына, ирон адæмы ног бынæттæ æмæ бинонты бæрæгбон – октябры мæйы фыццаг æмбисы кæрон, хуыцаубонæй къуырисæры æхсæв;

Хоры сæрты куывд, ног хоры æрконды фæдыл бæрæгбон – октябры мæйы фæстаг хуыцаубоны

Пухаты Иликъойы зарæг

Дзæнæты бадай,

Дзæнæты бадай,

Пухаты Иликъъо,

Ой, уæрæйдæ, ой!

Дзæнæты бадай,

Пухаты Иликъо.

Адæмы тыххæй,

Мæгуырты тыххæй,

Æлдæртты цагътай, –

Ой, уæрæйдæ, ой!

Адæмы тыххæй

Æлдæртты цагътай.

Фынгтæ самадтай

Сыгъдæг мохъотæй,

Уæй, уæрæйдæ, ой!

Фынгтæ самадтай

Сыгъдæг мохъотæй.

Фынддæс рамардтай,

Фынддæс рамардтай

Сыгъдæг булкъонтæй,

Уæй, уæрæйдæ, ой!

Фынддæс рамардтай

Сыгъдæг булкъонтæй.

Хæхты сау сырдтæ,

Хæхты сау сырдтæ

Хситтæй куы лидзынц.

Уæй, уæрæйдæ, ой!

Хæхты сау сырдтæ

Хситтæй куы лидзынц, ой!

Хæдтулгæ уæрдон

Тæхгæ машинæ

Куы ййæфтай къахæй,

Уæй, уæрæйдæ, ой!

Дзæнæты бадай,

Пухаты Иликъо.

Comments are closed, but trackbacks and pingbacks are open.